Ахъаззаг чиныг

0
243

Курдиат Хуыцауы лӕвар хорзӕх у. Цард, уарзт ӕмӕ ӕхсӕнадмӕ цы зӕрдӕйы ахаст ӕвдисы ӕрыгон поэт, фыссӕг, уымӕн хӕрзгӕнӕг цы фӕлтӕрдджын дзырды дӕсны басгуыхы, уымӕн та йӕ кӕстӕры цинӕй йӕ удыл сфӕлдыстады фарны тых ӕртывӕрӕй бафты.

Ирыстоны дыууӕ хайы, Цӕгат ӕмӕ Хуссары цы сфӕлдыстадон фӕлтӕр ис, уыдоны ӕмдзӕвгӕтӕ, радзырдтӕ, этюдтӕ, драмон уацмыстӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ бакӕсӕн вӕййы журналтӕ «Мах дуджы», «Фидиуӕг», «Дарьял»-ы, газеттӕ «Рӕстдзинад» ӕмӕ «Хурзӕрин»-ы. Сфӕлдыстадон фӕлтӕрты хсӕн бастдзинады нысанӕн ӕмӕ ӕрыгон автортӕн сӕ курдиаты фадӕттӕ парахатдӕр кӕныны тыххӕй, дыууӕ республикӕйы Фысджыты цӕдисты сӕрдартӕ, РЦИ-Аланийы адӕмон фыссӕг Агънаты Гӕстӕн ӕмӕ филологон наукӕты кандидат, поэт, прозаик Хъазиты Мелитон, бауынаффӕ кодтой се сфӕлдыстад сын иумӕйаг ӕмбырдгонды рауадзын. Афтӕмӕй ӕртӕ азы размӕ рауагъдад «Литера»-йы рухс федта чиныг «Ӕрфӕны фӕд». Бакӕсӕн дзы ис, 18-37 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕм ӕрыгон курдиатджын авторты ӕмдзӕвгӕтӕ, радзырдтӕ, драмон уацмыстӕ.

Ӕрӕджы та, Дзӕуджыхъӕуы Гӕздӕнты Гайтойы номыл фӕсивӕдон библиотекӕйы, уыд чиныг «ӕрфӕны фӕд»-ы презентаци. Архайдтой дзы нӕ республикӕйы Фӕсивӕды хъуыддӕгты комитеты разамынд,Фысджыты цӕдисы уӕнгтӕ, ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ чиныгкӕсджытӕ.

Презентацийы райдайӕны раныхас кодта Агънаты Гӕстӕн. Куыд загъта, афтӕмӕй ацы ӕмбырдгонд цалдӕр азы размӕ рацыд, ӕмӕ йӕ презентаци дӕр хъуамӕ раздӕр уыдаид, фӕлӕ цавӕрдӕр бӕлвырд аххосӕгтӕм гӕсгӕ та-иу йӕ фӕстӕдӕрмӕ аргъӕвын бахъуыд. Уымӕй уӕлдай ма, Гӕстӕн бӕлвырд ӕрдзырдта, Фысджыты цӕдис ӕрыгон автортимӕ цы куыст кӕны, уый тыххӕй. Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ нӕ республикӕйы скъолаты ахуырдзаутимӕ сын иудадзыгдӕр вӕййы фембӕлдтытӕ. Ӕмӕ се ‘хсӕн разыны ӕмдзӕвгӕтӕ, радзырдтӕ фыссынмӕ чи арӕхсы, ахӕм фӕсивӕд. Ӕмӕ сын сӕ фыццаг сфӕлдыстадон фӕлварӕнты иудадзыгдӕр ӕххуыс кӕй кӕндзысты, ахӕм уыд Гӕстӕны раныхасы сӕйраг хъуыды. Уый ма зӕрдиагӕй бузныг загъта чиныг «Ӕрфӕны фӕд»-ы рауадзыныл зӕрдиагӕй чи бацархайдта, уыцы амалхъомтӕ Цӕрукъаты ӕхсарӕн, Гӕззаты Давидӕн, редактортӕ Хуыгаты Сергей ӕмӕ Баликъоты Эммӕйӕн.

Аив дзырд у, дзыллӕты ‘хсӕн иудзинад чи тауы ӕмӕ сын цӕрыны тых чи дӕтты, ахӕм хотых. Йӕ сӕйраг иугӕнӕг нысанӕн чиныг «Ӕрфӕны фӕд» омменгӕнӕг кӕй разынд, уый бафиппайӕн ис цы ссӕдз авторы уацмыстӕ дзы бакӕсӕн ис, уыдоны сыгъдӕг ӕмӕ рухс ӕнкъарӕнтӕй фӕлыст хъуыдытӕй. Алы авторӕн дӕр дзы йӕ уацмыстӕй уӕлдай, лӕвӕрд цӕуы,  йӕ къам ӕмӕ биографи.

— Фысджыты цӕдис райдайгӕ автортӕн се ‘сфӕлдыстадон рӕзтыл кӕй ауды, уый, ӕнӕмӕнг, раппӕлинаг у. Мӕхӕдӕг дӕр йӕ уӕнгтимӕ арӕх вӕййын, Дзӕуджыхъӕуы ӕмӕ районты скъолаты ӕмӕ культурӕйы хӕдзӕртты цы фембӕлдтытӕ, изӕртӕ саразынц, уыдоны, — презентацийы йӕ арфӕйы ныхасы загъта Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады администрацийы сӕйраг консультант Бигъуылаты Людмилӕ. — Нӕ республикӕйы раздӕры сӕргълӕууӕг Мамсыраты Таймуразы фӕндӕй ногӕй нысангонд ӕрцыд Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон преми. Ӕмӕ дыууӕ азы иу хатт лӕвӕрд цӕуы, ӕрыгон автортӕй хуыздӕр поэтикон, драмон, прозаикон уацмыс чи ныффысса, уыцы курдиатджын фӕсивӕдӕн. Чиныг «Ӕрфӕны фӕд»-ы цы авторты уацмыстӕ ис, уыдонӕй ныртӕккӕ бирӕтӕ сты хицӕн ӕмдзӕвгӕты ӕмӕ прозаикон ӕмбырдгӕндты автортӕ. Цалдӕры дзы райстой нӕ бӕстӕйы Фысджыты цӕдисмӕ. Разӕнгардӕй фӕархайынц нӕ республикӕйы ӕмӕ суанг Цӕгат Кавказы сфӕлдыстадон-литературон мадзӕлтты. Мӕ зӕрдӕ сын зӕгъы ноджы фылдӕр ӕнтыстытӕ, — загъта Людмилӕ.

Чиныг «Ӕрфӕны фӕд»-ы презентацийы архайджытӕм йӕ арфӕйы ныхас аудиофыстӕй ӕрбарвыста Хуссар Ирыстоны Фысджыты цӕдисы сӕрдар Хъазиты Мелитон. Куыд загъта, афтӕмӕй чиныг «Ӕрфӕны фӕд» у ныфсдӕттӕг ӕмӕ зӕрдӕрухсгӕнӕг фӕзынд. Дзурӕг у ууыл, ӕмӕ нӕ литературон фӕлтӕрӕн фидӕн кӕй ис.

Райдайгӕ авторты ӕмбырдгонд «Ӕрфӕны фӕд»-ы редактор Хуыгаты Сергей та йӕ раныхасы бафиппайдта, ӕрыгон авторты уацмыстӕй йӕм чиныгмӕ бахӕссыны тыххӕй бирӕ къухфыстытӕ кӕй уыд, уый. Февзӕрста сӕ тынг лӕмбынӕг ӕмӕ бӕстонӕй. Ӕрыгон автортӕн цӕстуарзон фиппаинаджы хуызы загъта, цӕмӕй, уацмысыл кусгӕйӕ, се ‘ргом фылдӕр здахой рифмӕ ӕмӕ фӕлгонц аразынмӕ.

Презентацийы ӕрыгон авторты куысты сӕйрагдӕр гӕнӕнтыл йӕ раныхасы ӕрдзырдта чиныг «Ӕрфӕны фӕд»-мӕ разныхасы автор, литературӕиртасӕг, газет «Рӕстдзинад»-ы сӕйраг редактор Хозиты Барис.

— Цыппор азы размӕ ма фӕстагдӕр хатт мыхуыры рацыд иумӕйаг сфӕлдыстадон ӕмбырдгонд «Судз, ме стъалы». Фӕлӕ йӕм цы авторты уацмыстӕ хаст уыд, уыдон се ‘ппӕт ӕрыгон нӕ уыдысты. Уымӕ гӕсгӕ, чиныг «Ӕрфӕны фӕд»-ы къухфыст бакастӕн иттӕг зӕрдиагӕй. Ӕхсызгонӕй дзы, иртасыны номыл, ӕрдзырдтон йӕ автортӕй алкӕй сфӕлдыстадон ӕрмдзӕфыл. Ӕрыгон авторӕн йе ‘мсис хистӕр хӕлар, цӕстуарзон, разӕнгардгӕнӕн ныхас, фиппаинӕгтӕ куы зӕгъа, уӕд ыл садзы ныфсы базыртӕ. Ис мӕм фӕндон, цӕмӕй, райдайгӕ автортӕй кӕй фӕнды, уыдон ӕрвыст цӕуой ахуырмӕ Мӕскуыйы Горькийы номыл литературон институтмӕ кӕнӕ ЦИПУ-йы ирон филологийы факультетмӕ. Уымӕй уӕлдай, саразын хъӕуы ӕвзонг фысджыты ӕмӕ поэтты республикон семинартӕ, — загъта Барис.

Ӕрыгон авторты уацмысты чиныг «Ӕрфӕны фӕд»-ы тыххӕй ма фембӕлды сӕ хъуыдытӕ загътой Фысджыты цӕдисы сӕрдары хӕдивӕг, прозаик Цомартаты Изӕтбег, журнал «Ирӕф»-ы сӕйраг редакторы хӕдивӕг, поэт Колыты Витали.

Ӕрыгон сфӕлдыстадон фӕсивӕды номӕй та презентаци саразджытӕн ӕмӕ уазджытӕн арфӕ ракодтой чиныг «Ӕрфӕны фӕд»-ы автортӕй иу, УФ-йы Фысджыты цӕдисы уӕнгтӕ, Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы лауреаттӕ Габолаты Зауыр ӕмӕ Баситы Зӕлинӕ. Ӕмбырдгондмӕ та цы уацмыстӕ хаст ӕрцыд, уыдоны хъомыладон-ахуырадон ахадындзинадыл бӕлвырд ӕрдзырдта Дзӕуджыхъӕуы 4-ӕм скъола-гимназы ахуыргӕнӕг Хӕллаты Азӕ.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here