Нӕ республикӕйы райдыдтой номарӕн мадзӕлттӕ 2004 азы Беслӕны 1-ӕм скъолайы тугмондаг фыдгӕнджыты азарӕй йӕ цард ӕрдӕгыл, ӕнафоны кӕмӕн аскъуыд, уыцы сывӕллӕттӕ, ныййарджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджыты рухс нӕмттӕ мысынӕн. Зӕрдӕ нӕ комы, ӕвзаг нӕ тасы уыцы ӕвирхъау фыдбылызы диссӕгтӕ радзурынӕн. Фӕлӕ сын рохгӕнӕн дӕр нӕй, ӕнӕ ивгъуыдӕй нӕй рухс фидӕн дӕр саразӕн.
Дунескӕнӕг ӕмӕ Иры зӕдтӕй курӕм хорзӕхтӕ, фӕдзӕхсӕм дзуӕрттыл нӕхи. Куывды дӕр ӕмӕ хъыджы бон дӕр сын арӕм сӕ ном. Ӕмӕ, цӕуылнӕ баххуыс кодтой ӕнахъом сабитӕн, дон-донгӕнгӕ, цардмӕ бӕлгӕйӕ, мӕрдты бӕстӕмӕ дуар ӕвиппайды сӕ размӕ куы байгом, ӕмӕ сӕ мӕлӕт куы ныхъуырдта сӕдӕгӕйттӕй, уӕд? Цы рӕдыдтытӕ ӕруагътой уыцы сабитӕ, кӕй тӕригъӕдтӕ бафыстой сӕ рӕзинаг удтӕ, нырма царды ад бӕлвырд куы нӕма банкъардтой, дзырд террорист цы у, уый ӕмбаргӕ дӕр куы нӕ кодтой, уӕд? Цы уыд сӕ аххос? Кӕй бафӕрса лӕг, кӕмӕй ӕрдома, дунейы егъау тӕрхондон кӕй не сбӕлвырд кодта, уыцы дзуапп? ӕнӕбон, ӕдых сывӕллонмӕ, дам, хъӕддаг сырд дӕр не ‘вналы, цавӕр номӕй рахонӕн ис уыцы лӕгмарты та? Хуыцауы фыдӕх сыл сӕмбӕлӕд, фӕлӕ нӕ зӕрдӕты рыст уымӕй нӕ фӕкъаддӕр. Нӕ къаддӕр кӕны, ӕвддӕс азы дӕргъы фӕззӕджы фыццаг ӕртӕ боны ацы сыгъд скъоламӕ къахихсыд чи баци, уыцы адӕмы нымӕц.
Райсомӕй райдыдтой дидинджытимӕ, мыдадзын цырӕгътимӕ цӕуын нӕ республикӕйы алы рӕттӕй.
Дунейыл цы спортивон залы сӕфт айхъуыст, уырдӕм ӕрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйло, республикӕйы раздӕры Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев, ӕппӕт ведомствӕты разамонджытӕ, районты сӕргълӕуджытӕ, кӕддӕр чысыл сабитӕй террористты къухты ӕртӕ боны ахстӕй чи фӕцис, фӕлӕ уӕззау хъӕдгӕмттимӕ бомбӕты рӕмыгъдтыты фӕстӕ, арты цӕхӕрӕй чи раирвӕзт, уыцы скъоладзаутӕ — абоны ӕрыгон фӕсивӕд ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ. Ӕрмӕст ацы хатт спортивон залы ӕдзард сывӕллӕтты къамты цур нал уыд фенӕн раздӕры сылгоймӕгтӕй бирӕты. Уӕздан ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Цгъойты Светӕйы. Ӕрӕджы ахицӕн йӕ цардӕй. Ӕнкъард музыкӕйы зӕлтӕ ноджы фылдӕр тар ахорӕнтӕй хъуысыдысты скъолайы фӕзы.
9 сахаты ӕмӕ 15 минутыл азӕлыд дзӕнгӕрӕг. Нӕ сывӕллӕтты кълӕстӕм нӕ хуыдта, фӕлӕ ӕвддӕс азы размӕ, террористтӕ гӕрзифтонгӕй ацы рухс галуаны кӕртмӕ куы ӕрбалӕбурдтой, уӕды рӕстӕг ӕвдисӕг уыд. Ирон зиан нӕ рагфыдӕлты цардӕй абонмӕ цӕссыг ӕмӕ хъарӕгӕй арӕзт у. Скъолайӕ цы хъарджытӕ хъуысыдысты, уыдоны зӕлӕй ӕрцӕуӕг адӕмы зӕрдӕтӕ нӕ, фӕлӕ скъолайы сӕрмӕ тӕхӕг мӕргътӕ дӕр бӕлӕстыл ӕрбадтысты.
Беслӕны теракт дунейы цӕрӕг адӕмтӕн сӕ зӕрдӕтӕ сӕнкъуысын кодта, бирӕ цӕуылдӕрты ныхъхъуыды кодтой, цы нӕ иу кӕны ӕмӕ нӕ хицӕн чи кӕны, уыцы фарстатӕ бӕлвырд ӕвзарыныл ӕмдыхӕй архайын кӕй хъӕуы, уыцы иумӕйаг зондмӕ ӕрцыдысты иууылдӕр.
Константин Нечаев йӕ бинойнаг Натальяимӕ Беслӕны скъоламӕ ныр ӕртыккаг хатт ӕрцыдысты. Сӕхӕдӕг куыд загътой, афтӕмӕй, ацы фыдракӕндӕн нӕй рохгӕнӕн, ацы ранмӕ хъӕуы кӕстӕрты кӕнын, цӕмӕй сӕ зондахасты ӕвӕрд ӕрцӕуа, фыдвӕндаг равзарӕг царды ӕппӕты тӕссагдӕр знаг кӕй у, уый.
— Ирыстонмӕ ӕз мӕ бинонтимӕ ӕрцыдтӕн Калугӕйы облӕстӕй. Фыццаг хатт ӕфсӕнвӕндаджы вагзалы поездӕй куы ӕрхызтыстӕм, уӕд уынджы иу ацӕргӕ сылгоймаджы афарстон, 1-ӕм скъола цы ран ис, кӕуылты йӕм бацӕуӕм, зӕгъгӕ. Кӕд йӕ зӕрдӕ рыст уыд, уӕддӕр ныл бацин кодта ӕмӕ нӕ йӕ хӕдзармӕ бакодта. Цӕхх, къӕбӕр нын нӕ разы ӕрӕвӕрдта. Уый уыдис 2007 азы. Йемӕ бастдзинад дардтам, телефонӕй арӕх дзырдтам. Фӕлӕ, ацы аз, сылгоймаг телефон нал систа. Ӕрцыдыстӕм та ацы хатт дӕр, дидинджытимӕ бацыдыстӕм спортивон залмӕ, фӕлӕ, Светӕ ам дӕр нӕй. Базыдтам, кӕй ахицӕн ис йӕ цардӕй ӕмӕ йыл тынг фӕхъыг кодтам. Ирыстоны хуызӕн рӕсугъд ӕмӕ уазӕгуарзаг адӕмыл ӕз никуы никӕм сӕмбӕлдтӕн. Сӕ хъыджы бонты дӕр сӕм хъару разыны уазӕгмӕ мидбылты бахудын ӕмӕ йын ӕгасцуай зӕгъынӕн. Канд нӕ бӕстӕйы нӕ, фӕлӕ зӕххы къорийыл макуыуал ӕрцӕуӕд ахӕм фыдбылыз. Нӕ сабитӕ дзӕбӕхӕй рӕзӕнт. Ӕз мӕ хъӕбулы уый тыххӕй ӕркӕнын ардӕм ӕмӕ фена, зона, цы сты хорз ӕмӕ ӕвзӕр. Хӕлар ӕмӕ ӕфсымӕрдзинад тыхджын цӕгтӕ сты, сӕ фӕрцы ис аразӕн сабыр цард ӕмӕ фӕрнджын ӕхсӕнад, — загъта Константин Нечаев.
Номарӕн мадзӕлтты фыццаг бон Беслӕны Культурӕйы хӕдзары ацыд пресс-конференци дӕр. Нӕ республикӕ ӕмӕ нӕ бӕстӕйы журналистты фарстытӕн бӕлвырд дзуаппытӕ лӕвӕрдтой теракты хъыгдардбаййафджытӕ. «Спасатели и спасенные» акцийы та зӕрдылдарӕн майдантӕй схорзӕхджын кодтой, уӕззау цӕфты фӕстӕ абон дӕр йӕ хъӕдгӕмттӕ кӕмӕн нал байгас сты, уыцы рынчынты дохтыртӕ ӕмӕ социалон кусджыты. Изӕры аст сахатыл скъолайы кӕрты ссудздзысты 334 мыдадзын цырагъы — теракты чи фӕмард, уыцы адӕмы нымӕц. Номарӕн мадзал дарддӕр цӕуы.
Саутӕты Тамилӕ
Къамтӕ систа Хъайырты Дианӕ
















