Уӕлладжыры зӕрдылдарӕн бынӕттӕ

0
416

Ацы ӕрмӕджы мӕ фӕнды ӕрдзурын, Урсхохы ӕмӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, хӕхбӕсты цы рӕсугъд, зӕрдылдарӕн бынӕттӕ ис, семӕ баст таурӕгътӕ ӕмӕ хабӕрттыл. Рӕгъмӕ сӕ уый тыххӕй хӕссын, цӕмӕй сӕ кӕстӕртӕ зоной. Мӕнмӕ гӕсгӕ сӕ спайда кӕнӕн уыдзӕн, фидӕны Ирыстонмӕ цы туристон къордтӕ цӕудзӕн, уыдонимӕ кусгӕйӕ. Ӕрлӕудзӕн, ӕнӕмӕнг, уыцы рӕстӕг, ӕмӕ та Ирыстонмӕ туристтӕ гуылф кӕндзысты, фӕстаг рӕстӕг республикӕйы разамынд туризмы райрӕзты фарстамӕ аздӕхта стыр ӕргом.

Ӕрмӕг ӕмбырд кӕнгӕйӕ мын цӕстуарзон ӕххуыс бакодтой Уӕлладжыры куырыхон хистӕртӕ Боситы Алихан, Хохты Амырхан, Хацъӕты Будзи, Едзиты Андрей  ӕмӕ Сохиты Сослан.

Хъионы ӕфцӕгӕй…

Урсхохӕн йӕ райдайӕн у Хъионы ӕфцӕг, уымӕй дарддӕр у Саухох. ӔУрсхох ӕфцӕгӕй гыццыл дарддӕр фӕци дыууӕ дихы. Йӕ иу хай цӕуы Уӕлладжыры комы галиу фӕрсты, хӕццӕ кӕны Тӕмисчъы фӕндагмӕ. Йӕ рацыд Уастырджийы кувӕндоны размӕ у хурныгуылӕнӕй хурыскӕсӕнӕрдӕм. Иннӕ хай аздӕхт галиуӕрдӕм — хурыскӕсӕнӕй хурныгуылӕнӕрдӕм, хӕццӕ кӕны Стыр Дыгурмӕ, йӕ галиу фарс ис хорз ӕрдзон ӕмӕ цӕрӕн бынат — Уӕллагкомы хъӕутӕ: Гӕлиат, Дымтӕ, Къӕмынтӕ. Дыгургоммӕ азилӕн хайӕн йӕ фӕндагыл ис Газийы къахыр. Зджыды сӕрмӕ къахырыл ахизӕн ис быдырмӕ, Хуыры ком ӕмӕ Суары коммӕ. Дарддӕр хохы ис Догъы ӕфцӕг, «Сӕгъгӕсты фӕндаг» дӕр ӕй хонынц, ауылты ныххизӕн ис Ханаздонмӕ, Тырмонмӕ. Уӕллагкомӕй быдырмӕ цы мыггӕгтӕ афтыдис, уыдонӕй мын ис хорз арфӕйаг зонгӕтӕ: Байсонгъуырты Мысаби — бирӕ рӕстӕг бакуыста ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕрдзхъахъхъӕнынады къабазы, Хъалаты Сергей — Аграрон университеты, Хъӕрджынты Майрӕм та — Алагиры бӕлццӕттӕласӕн куыстуаты.

Хурыскӕсӕны ‘рдӕм Урсхохӕн цы хай азылдис, уый цӕуы Зджыды сӕрты. Хохыл дарддӕр ис Ходы ӕфцӕг. Уый уыдис вазыгджын ӕрбахизӕн ӕмӕ иудадзыг хъахъхъӕд цыдис тыхгӕнӕгӕй, давӕгӕй ӕмӕ ӕвзӕргӕнӕгӕй. Ӕфцӕгмӕ схизӕны, хохрӕбын, ис Ходы Уастырджийы кувӕндон, хохӕн йӕ астӕу та — Сылгоймӕгты дзуар. Лӕгты дзуары кувӕндон Зилахары хъӕуы куы фӕзынд, уӕд фӕндаг уыдис ауылты ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр сӕхи фӕдзӕхстой Лӕгты дзуарыл. Хохы сӕрмӕ ӕфцӕджы ис Уастырджийы кувӕндон. Ходы ӕфцӕгӕй уырдыгмӕ ацыдис Уариты ком, хӕццӕ кӕны Зилахары сӕрмӕ мард ӕрдузмӕ. Комӕн йӕ рахиз фарс у Мызуры саухъӕд, галиу фарс та — Ходы саухъӕд. Ӕфцӕгӕн хохы фӕстӕты куы базилай, уӕд бахиздзынӕ къулдарӕнмӕ. Уый у диссаджы фосдарӕн бынат. Дарддӕр бахиздзынӕ Ихты коммӕ, уырдыгӕй — Хуыры коммӕ, Зилгӕйы хуссӕртты бынмӕ. Зилгӕйы хуссӕртты астӕу ис Тъӕпӕн, йӕ сӕрмӕ та Елиайы бӕрзонд рагъ, афтӕ йӕ хуыдтой зӕронд цуанӕттӕ.

Уыцы бӕрзонды астӕуты фӕцӕйцӕугӕйӕ, фенӕн ис, лыстӕг къӕдзӕх скъуыд кӕй у, уый. Йӕ разы ис ӕртӕтигъон дур, цыргъагӕй къахтӕй  фыстытимӕ, фӕлӕ уыцы фыст зын равзарӕн  у, йӕ фарсмӕ згӕ хъама сагъд. Зӕронд цуанӕттӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй ам сӕмбӕлдысты хохы ӕмӕ быдыры цуанӕттӕ: Садон ӕмӕ Куырӕйттӕй — Бесолты Солтанбег, Ходӕй — Дзугкойты Сафонка ӕмӕ Хъайырты Тӕтӕрхъан, стӕй быдыры хъӕутӕ Фалдон ӕмӕ Хъарманы цуанӕттӕ. Фӕлӕ бӕлвырд ничи зоны, ам цы ӕрцыдис, уый.

Цуанӕттимӕ хъуыды кодтам ӕмӕ ӕрцыдыстӕм ахӕм хатдзӕгмӕ: уыцы рагъы сӕрмӕ арӕх бадтис мигъ, ӕмӕ-иу фосдарджытӕ ӕмӕ цуанӕттӕ куывтой Елиамӕ, хӕхтӕ нын сыгъдӕгӕй фенын кӕн, зӕгъгӕ. Дарддӕр куы цӕуай, уӕд фендзынӕ ӕхсынцъыйаджы ком. Ацы комы суары дӕттӕ баиу вӕййынц ӕмӕ дзы рауайы Урсдон.

Сынты бӕрзондӕй ацырдӕм уыдис цуаны ӕмӕ фосдарыны бынӕттӕ. Дыууӕфондзыссӕдз азы размӕ сырд, уӕлдайдӕр та сагтӕ ӕмӕ бирӕгътӕ уыдис бирӕ. Фӕлӕ сихсыдысты, уымӕн ӕмӕ цуангӕнджытӕ сбирӕ сты. Ам цуан кодтой Мызурварс хъӕутӕ, суанг Зджыдӕй Ксурты онг. Хистӕртӕ-иу кодтой ахӕм хабар: цуанӕттӕ ацыдысты ӕхсӕвӕддӕ, ӕрбынат кодтой къӕдзӕхрӕбын, лӕгӕты. Иу афон райхъал сты уынӕрмӕ — гыццыл дарддӕр бирӕгътӕ саджы раластой былӕй. Цуанӕттӕ йӕ байстой, бакой йӕ кодтой ӕмӕ цал уыдысты, уыйбӕрц хӕйттӕ йӕ скодтой, бирӕгътӕн дӕр иу хай ныууагътой. Абон дӕр уыцы бынат баззад сагӕппарӕнӕй. Уыцы рӕстӕг зынаргъ уыдис фосдзарм, сырддзарм, къуымбил. Уӕлӕдарӕс, къахыдарӕс уыдонӕй кодтой. Зӕгъӕм, сагдзармӕй кодтой къахыдарӕс, быдтой ехсытӕ, гӕрзытӕ, стӕй хуыйӕндӕгтӕ. Кӕрцытӕ та хуыдтой фыры цармӕй, уымӕн ӕмӕ уыдис бӕзджын.

Уариты комӕй — Мызуры саухъӕдмӕ

Ныр та рахизӕм Уариты комы рахизфарсмӕ, Мызуры саухъӕдмӕ. Хохыл Хъӕздоны бӕхвӕндаг уыдис сӕйрагдӕр ахизӕн. Ауылты скъӕрдтой фос сӕрдыгон хизӕнтӕм. Мызуры уыдис колхоз, дардтой дзы бирӕ фос. Ам уыдис фосдарӕн бынат, хъуынаджын, ссис лӕгӕт, сиры дзыхъхъ, адӕмон, Гасдон, дагоймаг къахыр. Ацы бынат хуыдтой «Хъосӕг», фос дзы хызтысты суанг уазӕлттӕм, ӕвӕрдтой дзы хорз фыд. Ӕрмӕст рӕгъаугӕстӕ тыхстысты, мигъ дзы арӕх кӕй бадт, уымӕй.

Хохрӕбынты куы цӕуай, уӕд фенӕн ис рындз, ӕрчъигӕнӕн. Ауылты ӕрмӕстдӕр фистӕг лӕгӕн ис ахизӕн сӕрдыгон хизӕнтӕм. Ӕрчъигӕнӕны дӕле ис рындз — уӕрӕх ком, хохы астӕу — дагъ, йӕ дӕргъ у ссӕдз метры бӕрц. Дагъы райдайӕны-иу райстой уӕргътӕ ӕдсаргъ ӕмӕ-иу сӕ бахастой йӕ кӕронмӕ. Хӕссӕны-иу баурӕдтой ӕмӕ та-иу уӕргътӕ ногӕй сӕвӕрдтой, уымӕн ӕмӕ йӕ бахизӕн уыдис нарӕг. Ацы фӕндагыл хохӕгтӕ цыдысты хизӕнуӕттӕм, стӕй дарӕнтӕм.

Стыр Мызуры, дам, ӕрцыдис ахӕм хабар. Зындгонд цуанон Сохиты Лох Саулаты мӕсыджы сӕрыл цӕргӕс фехста. Уыцы рӕстӕг мӕсыджы мидӕг хъазыдысты сывӕллӕттӕ. Нӕмыг дурӕй фесхъис ӕмӕ сывӕллоны сӕрыл суад. Ӕрцыд ӕнамонд хабар — саби мӕлӕтдзаг цӕф фӕцис. Лох фӕтуджджын ӕмӕ йӕхи айста хохы фӕстӕмӕ, Сау хъӕдмӕ. Хистӕрты ныхӕстӕм гӕсгӕ, раст уыцы рӕстӕг Зилахар уыдис кӕсгон ӕлдары дӕлбар. Цуангӕнгӕйӕ, ӕлдары адӕм сӕмбӕлдысты Лохыл. Цуанӕттӕ уыцы хабар фехъусын кодтой ӕлдарӕн. «Ацӕут, ӕмӕ йӕ ардӕм ӕрбакӕнут», — загъта ӕлдар йӕ адӕмӕн. Лох сын бамбарын кодта, кӕд ӕй хъӕуын, уӕд мӕм йӕхӕдӕг ӕрбацӕуӕд, зӕгъгӕ.

Ӕлдары дисы бафтыдта ахӕм дзуапп ӕмӕ сфӕнд кодта уыцы ныфсджын адӕймаджы фенын. Лох радзырдта ӕппӕт дӕр. Раст уыцы рӕстӕг кӕсгӕттӕ давтой сывӕллӕтты, ӕмӕ чи фӕмард, уыцы сывӕллоны хистӕр ӕфсымӕры дӕр адавтой. Лох бахатыд ӕлдармӕ, уыцы сывӕллоны ссарынӕн мын баххуыс кӕн, зӕгъгӕ. Сывӕллоны ссардтой ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой. Лох, ӕлдар ӕмӕ йӕ цуанӕттӕ, сывӕллон семӕ, афтӕмӕй ныххызтысты Стыр Мызурмӕ. Сохиты хистӕртӕ ацыдысты Саулатӕм, хатыр ракуырдтой ӕмӕ загътой: «Уӕ сывӕллон фӕмард мах къухӕй, ӕмӕ уын мӕнӕ уӕ иннӕ лӕппуйы ссардтам ӕмӕ йӕ ӕрбахуыдтам». Дыууӕ мыггаджы бафидыдтой. Лох йӕхи сраст кодта Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз. Стыр арфӕтӕ фӕкодта кӕсгон ӕлдарӕн. Фӕцард зӕронды бонмӕ стыр кадимӕ, фӕлӕ иудадзыг йӕ зӕрдӕмӕ хаста уыцы сывӕллоны ӕнамонд хабар. Куы ӕррынчын, уӕд ӕй бафарстой, цы хорздзинад ма дӕ фӕндид фенын, зӕгъгӕ. Лох загъта, Стыр кӕсӕнӕй йӕ Сау хъӕдмӕ  акӕсын кӕй фӕндид, уый. Уыцы бынат та ис, Бутаты бӕхвӕндаг кӕм фӕвӕййы, уый раз, йӕ алфамбылай иууылдӕр зыны. Уымӕн баззад Стыр кӕсӕнӕй дӕр.

Хохрӕбыны дарддӕр ис рындз, Хъаздоны бӕхвӕндаг, ауылты дӕр ахизӕн ис сӕрдыгон хизӕнтӕм ӕмӕ зымӕгон дарӕнтӕм. Фӕндӕгтӕм ацы ран хорз зылдысты, ис дзы сисамад ахизӕнтӕ, йе ссӕуӕн у ӕмхӕрд, ӕмӕ фӕндаг цӕуы зилдухарӕзтӕй, йӕ ахизӕн у Адалмонмӕ, Сиры дзыхъмӕ хӕстӕг. Ам хохы сӕрмӕ хӕстӕг дардтой лыстӕг фос. Не ‘рвадӕлтӕй иу зӕронд лӕг радзырдта ахӕм хабар. Иуахӕмы фос изӕрӕй ӕрбынат кодтой ӕхсӕвлӕууӕны. Мигъ ӕнгом йӕхи ӕруагъта. Бирӕгъ та уыдис тынг арӕх, фӕлӕбурдта ӕмӕ-иу фыстӕ адавта. Иуахӕмы йӕ фыййауы рӕйаг асырдта, фӕлӕ фӕстӕмӕ нӕ зыны. Дзырдтой, нӕ куыдзы нын бирӕгъ амардта, зӕгъгӕ. Райсомӕй мигъ йӕхи куы систа, уӕд уынынц, рӕйаг ӕмӕ фыс иу ран кӕй хуыссыдысты, уый. Фос ауагътой уыцы ‘рдӕм, ӕмӕ сӕм хӕстӕг куы бацыдысты, уӕд сӕм фыс ӕрбалыгъдис. Ахӕм диссаджы куыйтӕ дардтой уыцы рӕстӕг. Ныр сӕ мыггаг сихсыд, искуы иутӕм ма ис ахӕм фыййау куыйтӕ. Удӕнцой уыдис ахӕм рӕйаг фыййауӕн. Диссаг та куыд нӕ уыдис, ӕхсӕв-бонмӕ фысы бирӕгъӕн нӕ радта.

Фӕндаг нӕ Бызмӕ ӕрхуыдта…

Ӕрхӕццӕ стӕм Бызмӕ. Ам цардысты Бутатӕ, рацыдысты Уӕллаг Мызурӕй, ӕрбынат кодтой ӕфцӕгӕй тъунелы сӕрмӕ, рагъыл. Цӕрӕнбынат кодтой фидӕртты. Фыдӕлты ныхӕстӕм гӕсгӕ-иу, адӕм ног бынаты куы ӕрцардысты, уӕд сын хъуамӕ уыдаид кувӕндон (дзуар), стӕй уӕлмӕрдтӕ. Хистӕртӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй иу изӕр бадтысты ныхасы. Талынггӕрӕтты хохы сӕрмӕ хӕстӕг Сау лӕгӕтӕй ратахт барӕг цӕхӕр калгӕ. Райсомӕй кусарт акодтой, скуывтой ӕмӕ хохрӕбын скодтой Саубарӕджы кувӕндон Уастырджийӕн. Табу йын уӕд. Хохы сӕрты ахизӕн уыдис Быздзӕгатыл, стӕй рындз фӕндагыл — къохтӕм. Бафиппайын хъӕуы, уыцы рӕстӕг давӕг ӕмӕ ӕвзӕргӕнӕг арӕх кӕй уыдысты, ӕмӕ ацы ран ӕрцӕрынмӕ хъуыдис стыр ныфс. Бирӕ рӕстӕг Бутаты мыггаг уыдысты фыццаг фӕдисонтӕ комӕн.

Дарддӕр, хохы сӕрмӕ ис рындз Хъуырми, ауылты ахизӕн ис Уӕлдуронмӕ. Ам ӕрбынат кодта Тӕмисчъы кадджын кувӕндон, Рындзы Уастырджи. Табу йын уӕд. Лӕгӕты ис хӕрзад дон, фӕлӕ йӕ бахизӕнтӕ уыдысты ӕвадат къӕдзӕхтӕй: уӕлӕрдыгӕй бӕрзонд дагътӕ, дӕлӕрдыгӕй — арф. Иуахӕмы арв ныццавта къӕдзӕх, ӕмӕ бацӕуӕн фегом. Скодтой дзы кувӕндон, абон дӕр ма йӕм зӕрдиагӕй кувынц хъӕубӕстӕ. Ныхасы кувӕндонӕй ӕртӕ километры уӕлдӕр ис Сагъины рындз, ам дӕр ис хорз фосдарӕн бынат, фӕлӕ йӕ фӕзуат гыццыл у. Сагъинӕй дӕлдӕр ис Тӕрхъусты рындз. Чысыл  дӕлдӕр та ис Топпыхосы лӕгӕт. Зымӕгон дарӕнты-иу куы ӕрбынат кодтой ӕмӕ-иу зӕронд артуаты куы бандзӕрстой, уӕд-иу дзы цыдӕр нытътъӕпп ласта. Цы у, зӕгъгӕ, адӕм-иу дисы бафтыдысты. Фосдарӕны-иу хъуынайы хуызӕн цыдӕр сырӕзт. Иронау цы хуыйны, уый нӕ зонын, фӕлӕ у селитрӕ.

Фӕцис сын ӕххуысгӕнджытӕ, хабӕрттӕ чи зыдта, ахӕмтӕ, ӕмӕ дзы топпыхос арӕзтой. Хъуына-иу ныллыстӕг кодтой ӕмӕ йыл ӕфтыдтой сырх бӕрзы ӕвзалы, стӕй сондоны хъуына. Хъуына-иу схус кодтой ӕмӕ топпыхос кодтой хъыримагӕн. Ӕгӕр хъӕбӕр-иу куы уыдис, уӕд-иу ӕй стуры кӕнӕ-иу фыры сыкъа слӕгъз кодтой ӕмӕ-иу дзы цыргъ кардӕй уагътой лыстӕг зиллаччытӕ, ӕмӕ-иу ыл ӕфтыдтой, цӕмӕй йӕ хъӕбӕрдзинад фӕкъаддӕр уа. Ацы хабӕрттӕ сты фыдӕлты ныхӕстӕм гӕсгӕ. Абон дӕр баззадысты Топпыхосы лӕгӕт, Топпыхосы уыгӕрдӕнтӕ, зӕгъгӕ…

Урсхохы кӕронмӕ

Ӕрхӕццӕ стӕм Урсхохӕн йӕ кӕронмӕ, Фӕндаджы Уастырджийы кувӕндоны размӕ. Табу йын уӕд. Ацы кувӕндонмӕ кӕдӕй кувынц, уый бӕлвырд ничи зӕгъдзӕн. Ирон адӕм хохӕй быдырмӕ ӕфтын куы райдыдтой, уӕд-иу хистӕрты ныхӕстӕм гӕсгӕ, скодтой цӕдис ӕртӕйӕ-цыппарӕй. Уымӕн ӕмӕ ӕвзӕргӕнджытӕй тӕссаг уыд. Кӕрӕдзийӕн уыдысты ныфс. Комы нарӕгмӕ-иу куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд-иу скуывтой, мысайнаг-иу сӕвӕрдтой ӕмӕ-иу сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой. Фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ дӕр-иу, сӕхи бафӕдзӕхстой Уастырджийыл.

Раст, ӕнӕхӕрам адӕм сӕхӕдӕг равзарынц кувӕндоны бынат, рӕстӕг ӕмӕ бынатмӕ гӕсгӕ. Ӕндӕр Уастырджи никуы загъта, ам мын бынат скӕнут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ адӕмы кувинӕгтӕ, мысайнӕгтӕ, кувӕджы куывд цыдӕр фарн равзары, ӕмӕ уырдӕм галиу хуызы цӕуӕн нал вӕййы.

Бирӕ ӕцӕг хабӕрттӕ уыдис ацы кӕмтты. Кувынӕй лӕг мӕгуыр нӕ кӕны, кусын ӕмӕ кувын абон дӕр рохгӕнгӕ не сты. Адӕймагмӕ алкӕддӕр уа хъуамӕ хорз хъуыды ӕмӕ рӕстдзинад, адӕмты ‘хсӕн хорз ӕгъдау хӕссын хъӕуы.

Уыдис ахӕм ӕцӕг хабар дӕр. Хохы цӕрӕг лӕппуйӕн йӕ фыдӕлтӕ бирӕ фос дардтой, уыдысты бонджын ӕмӕ фыдӕбонгӕнӕг, алцыдӕр — фаг. Фӕлӕ алы афонӕн дӕр йӕхи рӕстӕг ис. Се ‘цӕг дунемӕ ацыдысты, ныууагътой бирӕ мулк. Лӕппу та уыдис кафаг ӕмӕ зараг. Иуахӕмы йын сыхаг зӕронд лӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕ хур, кӕрдзын-иу ӕнӕ мыдӕй ма хӕр». Уый мыд ӕлхӕны ӕмӕ мыдӕфсӕстӕй чындзӕхсӕвтыл, номӕвӕрдтытыл зилы. Уӕдмӕ бынтӕ дӕр хӕрд фесты. Мыд цӕмӕй балхӕна, уый нал ис. Бацыд зӕронд лӕгмӕ ӕмӕ йын афтӕ зӕгъы: «Мыд цӕмӕй балхӕнон, уый нал ис». «Мӕ хур, хорз нӕ бамбӕрстай, хорз-иу бакуыстаис, ӕмӕ дын кӕрдзын мыды ад кодтаид». Кувын хъӕуы кӕдфӕндыдӕр. Адӕймаг исты куы фӕкусы, уӕд йӕ куыст ӕмӕ йӕхи дӕр Хуыцауыл бафӕдзӕхсы, рӕстмӕ куыд уӕм, ахӕм арфӕ ракӕн, зӕгъгӕ. Ӕппӕт ацы бынӕтты ӕмӕ фӕндӕгтыл-иу бирӕгътыл цуан кӕнгӕйӕ, мӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты Сохиты Дзахотт ӕмӕ Сослан, Пагӕты Фидар, Борӕты Аркади, Ботъоты Батрадз, Алберт, Сослан, Цӕллагты Валодя…

Хъионы ӕфцӕгӕй Тӕмисчъы фӕндаджы Уастырджийы онг цы кувӕндӕттӕ ӕмӕ дзуӕрттӕ ис, уыдоны хорзӕх ӕмӕ арфӕ сӕмбӕлӕд раст ӕмӕ уарзон адӕмыл. Бацархайӕм, ӕмӕ нӕ фыдӕлты кусӕн, фыдӕбонгӕнӕн бынӕттӕ рохуаты ма ныууадзӕм. Уыдон искӕд бон фӕлтӕрты хъӕугӕ кӕндзысты. Рӕстӕг дӕр кӕддӕр аивдзӕн, ӕмӕ та кусынмӕ дӕр разилын бахъӕудзӕн.

Нӕ фыдӕлты хорз ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фидар зонд адӕмы рӕгъмӕ чи хӕссы, уыдоны цӕрӕнбон бирӕ уӕд, иннӕтӕм дӕр хорз хъуыдытӕ ӕмӕ зонд ӕрцӕуӕд.

Ботъоты Ӕхсар,

цуанон, Тӕмискъ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here