Ирон æхсæнады уæнгтæ — Бетъырбухæй

0
206

Цæгат Ирыстонмæ Бетъырбухæй ссыдысты уым цæрæг ирæттæ. Делегацийы уæнгтæ Наниты Петр, Г`залаты Барис, Кучиты Юрийы чызг Татьянæ Тихомирова æмæ æндæр кадджын адæймæгтимæ фембæлд республикæйы разамонæг Сергей Меняйло.

 

«Ирон æхсæнады æххуысæй Бетъырбухы музейтæм арвыстам историон экспонаттæ. Кучиты Юрийы юбилейы кадæн Арктикæ æмæ Антарктидæйы музеймæ радтам Цæгатаг полюсæй ласт нæ республикæйы тырыса. Уæдæ 2015 азы райдыдта проект «Бетъырбухы дохтыртæ — Ирыстонæн», хъæппæрис равдыстой Бетъырбухы цæрæг æмзæххонтæ. Уал азмæ дохтырты амынддзинæдтæ райстой 5 мин адæймаджы. Уырны мæ, нæ ахастдзинæдтæ дарддæр кæй рæздзысты, иумæйаг мадзæлттæ та хæлардзинад æмæ æмахастытæн кæй фæахъаз уыдзысты, уый», — загъта Сергей Меняйло.

Уазджытæ республикæйы разамонæгæн раарфæ кодтой, зæрдæбынæй сыл кæй сæмбæлдис, уый тыххæй. Балæвар ын кодтой Социалистон Фæллойы Хъæбатыр Кучиты Юрийы хуызист æмæ зæрдылдарæнтæ.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here