Аргъуанмæ къахвæндаг…

0
276

Иннæ аз кæй сцалцæг кæндзысты, XI-XII æнусты Алагиры районы хохаг Зруджы æрбынæттон уæвæг уыцы аргъуанмæ цæуæг туристты æмæ дингæнджыты къахвæндаг банывыл кæнынмæ хъавынц.

 

Аланыстоныл донаргъуыды 1100 азы бæрæгбонмæ цæттæкæнынады фæткмæ гæсгæ кæй æххæст кæнынц, фарон аразджытæ æмæ гидротехниктæ Зруджы аргъуаны уыцы рацарæзтмæ бавнæлдтой. Федералон æмæ республикон бюджеттæ амынд куыстытæн радих кодтой 75 милуан сомы.

— Иуæндæсæм-дыууадæсæм æнусты арæзт культурон бынты объектыл нымад ацы аргъуанæн ис канд регионалон нæ, фæлæ æппæтуæрæсеон ахадындзинад дæр. Зруджы аргъуан у ныридæгæн Уæрæсейы фæзуатыл лæууæг рагондæр кувæндæттæй иу. Аргъуан кæм æрбынæттон, уыцы хохаг хъæумæ нæ фæнды къахвæндаг саразын. Ныртæккæ бæлццæттæн аргъуанмæ æнцонæй бахæццæ уæвыны фадат нæй, — загъта нæ республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин.

Комы чи цæуы, уыцы Зругдоны былтæ фæфидар кæнгæйæ, фарон аразджытæ рагон кувæндоны ныккалды тæссагдзинад аиуварс кодтой. Амæй размæ хохы фахсыл сæрсæфæны сæрмæ чи уыд, цæугæдон уыцы аргъуаны бындур къахыр кодта. Кувæндон ногæй саразынæн блоктæ арæзт цæуынц.

Зруджы аргъуан æрбынæттон 2122 метры бæрзæндыл Фæскавказмæ цæуæг фæндагмæ ‘ввахс ран. Йæ къултыл XII æнусы конд нывты гæбæзтæ баззадысты. Экспертты ныхасмæ гæсгæ, ссæдз азы размæ дæр ма кувæндоны къултыл фенæн уыд Библийæ сюжетты нывтæ. Абоны онг баззайæг нывты æндæргтæ дæр нымад сты хæзнатыл.

Æндæраз Цæгат Ирыстоны Хицауады фæ- дзæхстмæ гæсгæ кæуыл бакуыстæуыд, паддзахадон историон-культурон экспертизæ Зруджы кувæндон бахъахъхъæныны фæдыл, уыцы наукон-проектон гæххæттытæн скодта æвæрццæг хатдзæг.

Фыццаг алантæ чырыстон дин райстой II æнусы, фæлæ ирон адæмыл дзыллон донаргъуыд æххæстгонд æрцыд 1100 азы размæ. Уæрæсейы Президент Владимир Путин радта иннæ аз Аланыстоныл донаргъуыды 1100 азы юбилей паддзахадон уагæй сбæрæг кæныны тыххæй бардзырд. Юбилеймæ кæй бацæттæ кодта, уыцы дзыллон мадзæлттæм хауы республикæйы фæзуатыл культурон бынты къорд объекты рацарæзт дæр.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here