Дыууæ хæрды фæстæ — уæлахиз

0
148

Уæрæсейы Фыццаг къорды («Олимп-ФНЛ») футболон чемпионаты ивгъуыд сабат æмæ хуыцаубоны командæтæ акодтой 33-æм туры хъæзтытæ.

Уыцы бон Дзæуджыхъæуы «Аланыстон»-æн йæ радон фембæлд уыд сыбираг командæ «Томь»-имæ. Фысым уæвгæйæ, «Аланыстон», раз- дæрау, йæ уазджытæн «æгасцуай» загъта Грознайы Султан Билимхановы номыл стадионы.
«Аланыстон» айразмæ хъæзтыты кæй фæхæрд, уый йæ зынгæ фæкъуылымпы кодта æмæ ныр тырныдта йе ‘ппæт хъарутæй дæр йæ турнирон уавæр фæхуыздæр кæнынмæ. Уыцы фæнд сæххæст кæныны зондæй нæ командæйы рæнхъыты уыдысты: Ростислав Солдатенко, Бутаты Аллон, Саулохты Давид, Багаты Алан, Зассеты Азæмæт (76′ — Дзæхаты Давид), Хæбæлаты Алан (71′ — Кобесты Дмитри), Гуырцъыты Батрадз, Хуыгаты Алан, Кобесты Давид (56′ — Цæраты Алан), Ислам Машуков (56′ — Хуыбылты Владимир), Николай Гиоргобиани (56’ — Хæдарцаты Батрадз).
Хъазты фыццаг æмбисы алайнæгтæ иу иннæйы фæстæ цы ныббырстытæ сарæзтой, уыдоны æппынкъаддæр 4-5 хатты тынг хæстæг уыдысты хыгъд байгом кæнынмæ, фæлæ-иу сын хæрзчысыл аххосаг февзæрд, æмæ хъазты фыццаг æмбис ахицæн 0:0 хыгъдæй.
Улæфты фæстæ ирыстойнæгтæ ноджы зæрдиагдæрæй тындзыдтой уазджыты фидæрттæ басæттынмæ, æмæ сын уый бантыст 56-æм минутыл. Алайнæгты ныббырсты Николай Гиоргобиани пурти дæсны лæвæрд бакодта «Томь»-ы дуармæ бацæуæнмæ хæстæг. Уым Ислам Машуков хорз фæцарæхст æмæ пурти йæ зæвæтæй уазджыты дуаргæс Дмитрий Араповы фæрсты хызы фæмидæг кодта.
«Аланыстон» размæ рацыд 1:0 хыгъдæй, фæлæ нæ хъазджытæ ууыл нылæууынимæ разы нæ уыдысты æмæ та размæ абырстой. Уазджытæн зынæй-зындæр кодта фысымты ныббырстыты ныхмæ лæууын. Бæрæг уыд, хыгъд афтæмæй кæй нæ баззайдзæн, уый, æмæ, æцæгæйдæр, 66-æм минутыл алайнæгты ныббырстæн хорз кæронбæттæн скодтой нæ дыууæ Батрадзы. Гуырцъыты Батрадз фæсайдта уазджыты хъахъхъæнæджы æмæ пурти æрбалæвæрдта Хæдарцаты Батрадзмæ. Уый цырд æмæ æнæрæдигæ хъазт акодта, иварон фæзмæ бабырсгæйæ æмæ пурти «Томь»-ы дуары фæмидæг кодта. Хыгъд ссис 2:0, фæлæ уый дæр æртæ минуты фæстæ ивд æрцыд 3:0-мæ.
Æртыккаг гол уазджыты дуары бакъуырдта Гуырцъыты Батрадз. Уымæн та иттæг хорз уавæр ацарæзта Хуыбылты Владимир.
Хъазты кæронмæ ма, цы 20 минуты баззад, уыдоны дæр дзæуджыхъæуккæгтæ сæ размæцыд нæ фæкъаддæр кодтой æмæ ма сарæзтой цалдæр цыргъ уавæры уазджыты дуармæ хæстæг, фæлæ хыгъд баззад 3:0-æй.
«Аланыстон»-йæн ацы хъазт уыдис, 20 апрелы Уæрæсейы чемпион, Бетъырбухы «Зенит»-имæ йын цы ахсджиаг фембæлд уыдзæн, уымæ хи хуыздæр бацæттæ кæныны фæрæз.
«Зенит»-имæ «Аланыстон» фембæлдзæн Уæрæсейы Кубок рамбулыныл ерысы 1/8 хайы. Æнæмæнг, ацы хъазт уыдзæн цымыдисаг. Нæ футболисттæн ахæм ныхмæлæууæгимæ фембæлд уыдзæн пайдайы хос. Уæдæ нæ командæйы фарсхæцджытæ дæр къаддæр цымыдисæй не ‘нхъæлмæ кæсынц, сæ уарзон командæ йæхи куыд равдисдзæн, уымæ. Уырны нæ, нæ лæппутæ Уæрæсейы тыхджындæр командæимæ ерысы сæ хуыздæр миниуджытæ кæй равдисдзысты æмæ сæ иузæрдион фарсхæцджытæ сæ архайдæй разыйæ кæй баззайдзысты, уый.
33-æм туры хъæзтытæ ахицæн сты ахæм хыгъдтимæ: «Олимп-Долгопрудный» — «Балтикæ» — 0:2, «СКА-Хабаровск» — «Металлург» (Липецк) — 1:0, «Енисей» — «Нефтехимик» — 2:0, «Текстильщик» (Иваново) — «Факел» (Воронеж) — 0:5, «Торпедо» (Мæскуы) — «Ротор» (Волгоград) — 1:0, «Велес» (Мæскуы) — «Волгарь» (Астрахан) — 0:2, «Краснодар-2» — «КамАЗ» — 4:1, «Алани» — Томь» — 3:0, «ПФК Хъубан» — «Акрон» — 2:0, «Спартак-2» (Мæскуы) — «Оренбург» — 2:3.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here