Экономикон æгъдауæй сæ архайд у ахсджиаг

0
158

Республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис разамынд цы æмбырдæн лæвæрдта, уым сфидар кодтой Цæгат Ирыстоны экономикæйы нывылад æмæ ахадгæ рæзтимæ баст ивддзинæдтæ. Архайдтой дзы министрты кабинеты уæнгтæ.

Экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр рæгъмæ рахаста «Экономикон æгъдауæй сæ архайд ахсджиагдæр кæмæн у, адæмæн куыст ссарыны фадæттæ дæттæг, республикæйы нывыладыл чи фæзындзæн, уыцы куыстуæтты номхыгъд»-ы тыххæй Хицауады уынаффæ. Куыд бацамыдта, афтæмæй гæххæтт фæзынд Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустины амынддзинадмæ гæсгæ.
Куыд рабæрæг, афтæмæй номхыгъдмæ бахастой 44 куыстуаты, уыдон хæдзарадон архайд кæнынц алы къабæзты. Хъæууон, хъæды хæдзарæдты, цуан кæныны, кæсаг дарыны æмæ ахсыны хъуыддæгтимæ дзы баст сты 9, хомагкуыстгæнæн архайд кæнынц 25, донуадзыны куыст — 1, арæзтадон къабазы сты 5-æй, транспортыл ласыны æмæ æфснайыны — 1, фысымуæтты æмæ æхсæнадон хæлцады — 3.
Вазыгджын экономикон уавæрты куыстуæттæн сæ архайд уыдзæн нывыл. Уый фæбæрæг кодта Дзанайты Барис. «Ацы куыстуæттæн мах хъуамæ кæнæм паддзахадон æххуыс. Уый ныртæккæ тынг ахсджиаг у, Уæрæсейы ныхмæ бирæ бæстæтæ экономикон гæрæнтæ куы сæвæрдтой, уæд. Федералон æмвæзады куыстуæттæн алывæрсыг æххуыс кæныны тыххæй мадзæлттæ фæбæрæг кодтой. Мах та ам хъуамæ скæнæм гæнæнтæ, хæдзарадон архайдимæ куыстуæттæ нæ æххуыс куыд райсой, афтæ», — фæбæрæг кодта Дзанайы-фырт.

Цæгатирыстойнаг куыстуат «Аланийы фундук»-æн федералон бюджетæй радих кодтой 5 милуан æмæ 400 мин сомы. Уыдоны фæрцы сæ национ проект царды рауадздзысты. Кучийы-фырт куыд бацамыдта, афтæмæй æххуыс цæуы Цæгат Кавказы социалон-экономикон рæзты цалдæр программæйы фæлгæты.
Транспорты æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэл куыд радзырдта, афтæмæй хъуамæ паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгты тыххæй иунæг куыстуат сфидар кæной. Йæ ныхасмæ гæсгæ, гæххæтты фæрцы-иу фæндагон куыстытæ сæххæст кæнынæн бафысдзысты паддзахадон бадзырд. Уый æнцайы республикæйы Хицауады 2022 азы 18 мартъийы ист уынаффæйыл. Паддзахадон бадзырдтæ бафыссын хъæудзæн «Дзуарыхъæу-Фыййагдон-Хилак»-ы хид рацаразынæн, «Дзæуджыхъæу-Æрыдон-Цыкола-Лескен-2»-йы фæндаг саразынæн.
Бадзырдтæ бафысгæйæ комитеты къухы бафтдзæн се ‘мгъуыдтæ сын фæцырддæр кæнын, хъæугæ фæрæзтæ рагацау балхæнынæн дæр æхца фæзындзæн. Уыдæттæ радзырдта комитеты сæрдар Солийы-фырт. Республикæйæн хъæугæ æлхæнинæгтæ иунæг куыстуатæй исын, Хицауады Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, фæрæвдздæр кæндзæн паддзахадон программæтæм бавналыны æмгъуыдтæ. Хъуыддæгтæ конд цæуынц закъонæвæрынады бындурыл, Прокуратурæйы ‘рдыгæй фиппаинæгтæ нæй. Дзанайы-фырт бафæдзæхста комитетæн, цæмæй фæндæгты арæзтадмæ къæрцхъус уой.
Æмбырды ма раныхас кодта арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Моргуаты Константин. Куыд бацамыдта, афтæмæй «РЦИ-Аланийы цæрджытæн 2016-2024 азты фадатджын æмæ аслам цæрæнуæттæ дæттыны» тыххæй программæйы фæлгæты ацы аз 139 æрыгон бинонтæ райсдзысты фатертæ. Федералон, регионалон æмæ бынæттон бюджеттæй уымæн радих кодтой 142 милуан сомы.
Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы программæ у тынг ахсджиаг, республикæ йæ дарддæры рæзтæн фадæттæ кæндзæн.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here