Цин æмæ рухсхæссæг зæрдæ

0
183

Нæ гыццыл Ирыстоны бирæ курдиатджын адæймæгтæ ис. Уыдон сæ арæхстдзинад æмæ рæсугъд зондахастæй сæхицæн скодтой кад æгас дзыллæйы ‘хсæн. Сæ номхыгъды фидарæй бафыссæн ис хæларзæрдæ æмæ курдиатджын музыкант, композитор, РЦИ-Аланийы адæмон артист Евгений Воложанины.
Абон газет «Рæстдзинад»-ы уазæг у нæ уарзон аккордеонист Евгений Воложанин…

— Кавказы æрдз бирæ бæлццæтты цымыдис кодта, уæлдайдæр та уырыссаг поэтты æмæ се сфæлдыстады æрцахста стыр бынат, уыдонимæ А.С. Пушкин, М. Ю. Лермонтов æмæ ма бирæ æндæр уырыссаг фысджыты æмæ зындгонд ахуыргæндты уацмысты. Зæгъ-ма нын, цæмæй сцымыдис кодта дæу та Кавказ?!
— Хæхтæй! — уайтагъд, йæ мидбылты худгæйæ, фидарæй дзуапп радта уазæг. — Диссаджы уæйыг-хæхтæ, адæмау сты! Куы — цæхæркалгæ, куы та — æнкъард… Æвæджиауы алæмæты хуыз æмæ бæрзонддзинадæй адæймаджы зæрдæ сæхимæ удцырын кæнынц æмæ æлвасынц, цыма сын стыр цæстытæ ис, æмæ алцыдæр уынынц, æнкъарынц, афтæ мæм фæкæсы.
Æмæ диссаг у цард. Лæг иу ран райгуыры, стæй йæ хъысмæты фæндаг, дымгæйау, ахæссы уарзондæр ранмæ æмæ уыцы бынаты цæргæйæ баззайы. Воложанинты бинонтæ цардысты тыгъдбыдыр ран Казахстаны, шахтерты горæт Каратауы. Уым уыд музыкалон скъола. Женя йæ фыдау уарзта музыкæ æмæ йæ йæ фыды хæстон æмбал Эмиль Майер сахуыр кодта аккордеоныл. Сæ сыхæгтæ уыдысты алы адæмыхæттытæй: цæцæйнæгтæ, хъæрæсейæгтæ, ирæттæ. Сæ чындзæхсæвты, куывдты скъоладзауæй хъуыста кавказаг музыкæ, цымыдисæй-иу кастис сæ диссаджы цырд æмæ къахфындзтыл кæфтытæм. Тынг æй фæндыд Кавказ фенын, уымæн æмæ сæ сыхæгтæ Гуыдиатæ æмæ Дзахсоратæй арæх фехъусæн уыд сæ райгуырæн Ирыстоны рæсугъд æгъдæуттæ æмæ алæмæты æрдзы кой.
Дæс къласы фæстæ, музыкæйы ахуыргæнæг Гуыдиаты Тамарæйы фæдзæхстмæ гæсгæ, Женя ссыд Ирыстонмæ æмæ бацыдис Дзæуджыхъæуы аивæдты училищæмæ, ахуыр кодта Борис Иваны фырт Шаталовы къласы аккордеоныл. Ахуыры рæстæг цард Дзахсоратæм.
Арæх-иу сæумæрайсом ирон радиойы уылæнтыл хъуыста ирон фæндыры цагъд, адæмон оркестры ирон композиторты алыхуызон мелодитæ. Йæ зæрдæйы ныххауд фæсхохæй сæуæхсиды, стæй та хуры скаст, Ирыстоны æрдз, нæ ирон музыкæйы зæлаивад, уæлахизæнгæс цитиджын хæхтæ.
Фæстæдæр, фæлварæны, йæ ахуыргæнæг, композитор Леон Давыдовы амындмæ гæсгæ, фидæны композиторæн бар лæвæрд уыд, цæмæй йæ уацмысæн, фæлварæны рæстæг, йæхæдæг уыдаид оркестрæн дирижер. Уæд Женя йæ фæлварæнæй райста иттæг хорз бæрæггæнæн.
Студенты бонтæ фесты, æмæ æрвыст æрцыд паддзахадон кæфтыты ансамбл «Алан»-мæ. Ацы ран Женяйæн, йæхи ныхæстæм гæсгæ, уыд æппæты бæрзонддæр ахуырады скъола. 1972 азы æввахсдæр балымæн ирон адæм æмæ ирон фæндыримæ. Бауарзта фæндыр, цагъта фæндырæй ансамблты концертты. Йæ дæсныйадыл æфтыд æмæ æфтыд, уыимæ, ансамблы коллективимæ æрзылд æмæ федта дунейы бирæ бæстæтæ. Уыцы балцыты руаджы йе сфæлдыстад дæр бирæ фæхъæздыгдæр ис.
Йæ инструменталон уацмыс «Хæхты мелоди»-мæ гæсгæ кафыд «Чызджыты лирикон кафт» зындгонд, адæмæн уарзон артисткæ Байаты Альбинæ. Доны хъазау-иу, цадæг, æнæнкъуысгæ кафтæй, цæсгомыл ивылгæ мидбылхудтæй æлхæдта концертдзауты зæрдæтæ.
Абон Воложанины сфæлдыстадон чиныджы хыгъды ис сæдæ уацмысæй фылдæр, уыдонимæ: ирæттæ, уырыссæгтæ, цæцæйнæгтæ, тæтæйрæгтæ, хъазахъхъæгтæ, дагестайнæгтæ, кæсгæттæ, украинаг, молдоваг, грекъаг, италиаг, венгриаг мелодитæ.
— Евгений, стыр уырыссаг композитор Петр Чайковский иу ран йæ мысинæгты афтæ фыста: «О, ацы музыкæ, музыкæ! Фынæй кæнын мæ нæ уадзы, мæ сæрæй нæ хизы, мæ зондæй нæ хицæн кæны æппындæр…» Ды та цы зæгъдзынæ?
— Æрмæст хъустыл нæ уайы, фæлæ фыны дæр: куы музыкæ фыссын, куы, цыма, инструментыл цæгъдгæ фæкæнын… Стæй мын уæд мæ фын æнцойад нал фæдæтты æмæ — та райгуыры уацмыс.
1991 азы Воложанинæн лæвæрд æрцыд «Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæджы ном». Женя сарæзта бирæ концертон программæтæ, куыста зындгонд зарæггæнджытимæ: Баллаты Валодя, Хъуылаты Елхъан, Цæллагты Эмилия, Билаонты Долорес, Суанты Ким, Бæцæзаты Юри. Ныртæккæ дæр кусы Медойты Светланæ, Хуыгаты Анатоли, Хадыхъаты Аллæ, Гæбуты Жаннæ, Персаты Тамарæ æмæ Томайты Миланæимæ.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ зарæггæнæг Хадыхъаты Аллæ у, йæ зарджытæ адæмы размæ фыццаг чи рахаста, уыцы зарæггæнæг. Уыдонæй иу — «Дыууæ уды», Кокайты Тотрадзы ныхæстыл фыст — адæмы зæрдæты ахъардта, ссис сæ уарзондæр зарджытæй иу. Йе ‘мгуыстад Женяйæн цыд æмæ цæуы æнтыстджынæй бирæ поэттимæ, уыдонимæ: Цæгæраты Гиго, Чеджемты Æхсар, Гуырдзыбегты Ирæ, Бæдтиаты Юри, Гаглойты Анатоли, Хабæты Риммæ, Альбинæ Зайцева, Таисия Григорьева æмæ ма æндæртимæ дæр.
2008 азы Евгений Воложанин ссис республикон фестивал «Азы зарæг»-ы лауреат. Йе ‘нæхин, активон æмæ зæрдиаг фыдæбоны тыххæй йын 2013 азы радтой майдан «Ирыстоны намысæн».
Дæсгай азты дæргъы (1993 азæй) абоны онг кусы Суанты Кимы номыл паддзахадон национ эстрадон оркестримæ, йæ разамонæг — Къæбойты Никъала. Хъæппæрисджын, фæллойуарзаг композитор æнæкæрон бирæ уарзы музыкалон аивад, йæ дæсныйадæй цæры æмæ улæфы риуымбæрц. Женяйæн ирон фæндыр, ирон цагъд æрцардысты арф йæ зæрдæйы, адæмы фарнæн ирон музыкалон къæбицмæ бахаста стыр æвæрæн, æмæ ма йæм бирæ азты рæсугъд хуынтæ хæссæд.
30 майы Евгений Воложанинæн уыдзæн йæ 70 азы кадæн юбилейон концерт Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры. Йæ концертон программæ лæвар кæны, йе сфæлдыстад æввахс æмæ зынаргъ кæмæн у, аргъ ын чи кæны, уыцы уарзон Ирыстоны цæрæг дзыллæйæн.
Нæ уарзон композиторæн арфæты хуыздæр йæ хай, кувæм æмæ йын курæм Стыр Кадджын Хуыцауæй æнæниздзинад æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæ!

Бызыккаты Земфирæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here