Хуыцауæй арфæгонд лæг

0
285

“Рæстдзинад”-ы номдзыд редактор
Хъесаты Валодяйы райгуырдыл сæххæст 90 азы

Адæймаг Хуыцауæй арфæгонд куы разыны, йæ буар, йæ уд æмæ йæ зонды бар куы вæййы, уæд иннæ хъуыддæгтæ аразын йæхимæ фæкæсынц. Ома, алы зæрдæ æмæ зонды хицау дæр йæ амонд йæ армытъæпæны хæссы. Æмæ йын Хуыцауы номыл сыгъд цырагъы хуызæн куы хъахъхъæнай йæ царддæттæг рухс, уæд дæ рæствæндаг кæндзæн дзыллæйы зæрдæмæ. Зæххон адæймæгтæй, æвæццæгæн, ахæм цардæрфысты хицау суæвын кæй нæ фæнды, ахæмтæ нæй. Адæймаджы царды æрдзон фæстиуæг — куырыхон фæндагыл кæд исчи сыгъдæгзæрдæ æмæ раст зондахастимæ фæцыдис, уæд уыдонæй иу уыдис Хъесаты Валодя. Ирон культурæ æмæ аивады зындгонд архайæг бирæ бæрнон бынæтты куыста, бирæ фæлварæнтæ радта царды мидæг, фæлæ адæймаджы стыр бæрны сæрты никуы ахызт.

Царды нысан — фарны рухс

Хъесаты Алыксандры фырт Валодя райгуырдис 1932 азы хурхæтæны мæйы 15-æм бон Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы Ногирыхъæуы. 1940 азы бацыдис астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæцис 1952 азы. Чысыл фæстæдæр (1953) ссис Хетæгкаты Къостайы номыл пединституты историон-филологон факультеты студент. 1958 азы райста ирон æвзаг æмæ литературæйы, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы дæсныйад æмæ æртæ азы (1958-1960) бакуыста Нартыхъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй. Хъесайы-фырт фыццаг бонтæй фæстæмæ хъомылгæнæджы куыстмæ касти сфæлдыстадон цæстæнгасæй æмæ йын æнтысгæ дæр уымæн кодта. Æрыгон ахуыргæнæджы хъæппæрисджын куыстыл сæ цæст æрæвæрдтой Ирыстоны аивад æмæ рухсады разамонджытæ æмæ йæ снысан кодтой Культурæйы министрады методкабинеты сæргълæууæгæй (1961 -1962). Æмæ та ам дæр йæхи равдыста арæхстджынæй: цыбыр рæстæгмæ Валодя куыст бынтондæр рацарæзта йæ дуджы домæнты æмвæзадыл, æмæ йын уый æрхаста стыр æнтыстдзинæдтæ. Разамонæджы курдиат æмæ куысты бæрн — æнтыстдзинады ратæдзæнтæ кæй сты, уый руаджы Хъесайы-фырт бамбæрста йæ дарддæры царды нысан. Æмæ уым уыдис йæ амонд, йæ кад æмæ йе сфæлдыстадон рæзты райдайæн. Æрыгон разамонæджы размæ байгом ис уæрæх фæндаг царды рæстдзинад æмæ аивады хæзнадонмæ. Фæлæ æппынæдзух дæр йæ зæрдæ æхсайдта йæ райгуырæн хъæу æмæ йæ районмæ. Уыцы тырнынады фæстиуджытæ йын ахастой æнæхъæн дыууадæс азы (1962-1974) бæрц. Уыд Горæтгæрон районы партийы райкомы инструктор, уый фæстæ агитаци æмæ пропагандæйы хайады сæргълæууæджы хæдивæг, чысыл фæстæдæр та йæ разамонæг. Æвдайæм азты фыццаг æмбис — партийы райкомы дыккаг нымæрдар.

Нæй æнусон цард, фæлæ ис æнусон кад

1974 азы нысангонд æрцыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театры директорæй æмæ йын разамынд лæвæрдта 1979 азмæ. Дыууæ азы (1979-1981) бакуыста партийы обкомы мыхуыр æмæ телеуынынады секторы сæргълæууæгæй, агитаци æмæ пропагандæйы хайады сæргълæууæджы хæдивæгæй (1981-1982), партийы обкомы фыццаг секретары æххуысгæнæгæй (1982-1985). 1985 азы нысангонд æрцыдис Цæгат Ирыстоны культурæйы министрæй æмæ дзы бакуыста 1988 азмæ. Уый фæстæ та йæ снысан кодтой газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторæй. Хъесайы-фырт ирон культурæйы цы сгуыхтдзинæдтæ равдыста, уыдоны тыххæй хорзæхджын æрцыдис цалдæр майданæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæджы кадджын номæй. Куыстадон, æхсæнадон æмæ сфæлдыстадон æнтыстдзинæдтæй уæлдай ма Валодя йæхи равдыста бинонты хорз хистæрæй дæр. Йæ цардæмбал Гуыриаты Изетæимæ схъомыл кодтой хæрзæгъдау кæстæртæ: сæ чызг — Фатимæ у экономикон наукæты кандидат, доцент, ЦИПУ-йы юридикон факультеты декан, сæ фырт Игорь та уыд РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министр. Авд азæй фылдæры размæ Хъесаты Валодя ацы рухс дунейæ ацыд. Фæлæ йæ фарн уæлæуыл баззад. Цасфæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр рох нæ уыдзæнис, уымæн æмæ йæ ном бацыдис Ирыстоны историмæ. Азтæ цæудзысты кæрæдзи фæдыл, æрмæст Валодяйы фарны рухс кæддæриддæр цæрдзæн æмæ рæстдзинадæн уыдзæн фæндагамонæг.
Хъесаты Валодя газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редакторæй фæкуыста фынддæс азæй фылдæр. Йæ арæхстджын разамынды фæрцы нæ ирон газет уæрæх фæндаг ссардта газеткæсджыты зæрдæтæм. Цы бирæ мидисджын æрмæджытæ дзы мыхуыргонд цыд, уыдон адæм кастысты тынг зæрдиагæй. Газетæн арæхстджын разамынд дæттынæй уæлдай Валодя стыр æргом здæхта сфæлдыстадон куыстмæ дæр, ныффыста бирæ пьесæтæ, уацаутæ, радзырдтæ, очерктæ, уацтæ, интервьютæ, уацхъуыдтæ. Йæ аивадон уацмыстæ мыхуыргонд цыдысты, куыд хицæн чингуытæй, афтæ журналты («Мах дуг», «Фидиуæг») æмæ газетты («Рæстдзинад», «Хурзæрин») дæр. Йæ пьесæтæм гæсгæ спектаклтæ æвæрд цыдысты Ирон театры сценæйыл. Хъесайы-фырт уыд дæсны тæлмацгæнæг дæр. Фæстаг азты йæ базыдтам зонадон куыстыты авторæй дæр.

Йæ хъулон уарзт — Ирон театр

Хъесаты Валодяйы сфæлдыстадон дуне цы æрдзон арæнтæй арæзт у, уыдонæй иу баст у драмон аивадимæ. Ирон сценæ æмæ йæ алыварс цы архайд цæуы, уыдоныл драматург иузæрдион уыдис æвзонджы бонтæй фæстæмæ. Стæй куыд: чысылæй фæстæмæ йæ цæстыты раз уыдис йæ хъæуккæгтæ Плиты Грис æмæ Хуыгаты Георы бирæвæрсыг сфæлдыстад. Къостайы номыл пединституты студент уæвгæйæ, разæнгардæй архайдта драмон къорды æмæ кæфтыты ансамблы. Аив кæсынæй конкурсты арæх хорзæхджынгонд цыдис зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ æхцайы премитæй Нартыхъæуы астæуккаг скъолайы кусгæйæ, Валодя сарæзта драмон къорд. Уыимæ, Нигеры кадæг «Мулдар»-мæ гæсгæ цы спектакл (инсценировкæ йын ныффыста йæхæдæг) сæвæрдта, уый тынг фæцыд адæмы зæрдæмæ.
Валодя пьесæтæ фыссынмæ бындуронæй бавнæлдта, Ирон театры директор æмæ аивадон советы сæрдарæй æвзæрст куы æрцыдис, драмон аивады æмæ сценикон архайды сусæгдзинæдтæ хуыздæр куы базыдта, æрмæстдæр уæд. Тынг ын баххуыс кодта, ирон æвзагмæ зындгонд авторты пьесæтæ кæй тæлмац кодта, уый дæр. Бирæтæ дзы æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйыл. Афтæ æрдзон хуызы курдиатджын автор æрцыдис йæ хуыздæр пьесæтæй иу «Царды хос» (1978) ныффыссыны хъуыдымæ. Драматург дзы равдыста нырыккон дуджы хъæууон царды ныхмæвæрд цаутæ: Æхсар æмæ Зæринæйы уæздан, тыхджын æмæ сыгъдæг уарзондзинад, фæстæзад зондыл хæцджытимæ тох. Пьесæйы сæйраг мидис у ахæм: адæмæн сæ фидæн сæхицæй аразгæ у, сæ царды хос дæр ис сæхи къухты — йæ ном та хуыйны ног дуджы домæнтæм гæсгæ кусын. Адæмы хорздзинад кусæг лæджы удыхъæдæй кæны хъæздыгдæр, цæлхдуртæ йæ нæ уромынц. Уыцы æууæлтæ æмæ миниуджыты фæрцы фæуæлахиз вæййынц Æхсар æмæ Зæринæйы рæстдзинад æмæ уарзондзинад.
Йæ иннæ пьесæ «Хæххон зарæг» фыст æрцыд 1983 азы. Æвдыст дзы цæуы, арæхстджын æмæ кадджын разамонæджы йæ бинонтæ сæ цæстфæлдахæн, æнæуаг æмæ хæлд митæй куыд фæхудинаг кодтой, уыцы хабæрттæ. Уыйадыл дæсны æмæ хъæппæрисджын адæймаг баззад æгуыстæй, фæлæ уæддæр, йæ размæ цы стыр хæстæ æвæрд уыдис, уыдон сæххæст кæнын йæ къухы бафтыд. Дард хæхбæсты сарæзта нырыккон куыстуæттæ, аласта уырдæм йæ бинонты дæр, ныууадзын сын кодта се ‘нæсæрфат митæ æмæ сæ бафтыдта хъазуатон куыстыл. Кæддæры æдзæрæг хъæуы ног куыстуаты фæрцы райгуырди хъæубæстæ, æмæ стынг ис къонайы цæхæр. Хæдзарад стыр æфтиæгтæ дæтты адæмæн дæр æмæ паддзахадæн дæр. Хæххон хъæуы ногæй райгуырдис хæххон зарæг.
«Цины цæссыгтæ»-йы автор зæрдæмæдзæугæ сурæттæ фæхайджын кодта тыхджын æнкъарæнтæй, раргом кодта фæсивæды æбæрнон уарзондзинад саджы лæппынмæ, фыдызæхмæ. Иннæрдыгæй драматург хурмæ ракалдта æнæуынон æрдзхорты, магусаты æгæнон митæ. Уацмысы ныхæй-ныхмæ æрлæууыдысты дзыллæйы æвæрццæг æмæ æппæрццæг æууæлтæ. Чи дзы фæуæлахиз уыдзæн, уый стыр сусæгдзинад нæу. Афтæ зæгъæн ис пьесæ «Сау хохæй урс дур нæ тулы»-йæ (фыст æрцыдис 1987 азы) дæр. Хъесайы-фырт ам дæр дæсны пайда кæны аивадон ахорæнтæй, цæмæй хæлд ныййарджыты хæлд хъуыддæгтæ хурмæ ракала, уый тыххæй. Фыдгæнæг ныййарæг йæ фырты дæр бафтыдта хæлд æмæ æнæуаг митыл, йæхи къухæй йæ баппæрста фыдгæнджыты хъæбысмæ. Ацы пьесæ у «Цины цæссыгтæ»-йы дыккаг хайы хуызæн — ам ноджы тыхджындæрæй æвдыст цæуы канд æгæрон уарзондзинад æрдзмæ нæ, фæлæ, удуæлдай тохы мидæг фæсивæды минæвæрттæ фыдгæнджытыл кæй фæуæлахиз сты, уый.
Иуактон пьесæ «Æфсинты маст» фыст у абоны цардыл. Æвдыст дзы цæуы реалон хабæрттæ, — иу бинонты хуызæн хæлар æмæ уарзонæй цæрæг æфсинтæ æцæгæлон æгъдæутты фæрцы сæ адджын цард куыд æрбайхæлдтой, уый. Уыйадыл кæрæдзимæ знаджы цæстæй кæсын райдыдтой, хоты цард чи кодта, уыцы æфсинтæ. Æнамонд хабар фехъуыста сæ сыхы куырыхон хистæр æмæ сæ фервæзын кодта зындоны уацарæй. Дыккаг иуактон пьесæ «Хъæууон ныхас» дæр фыст у абоны цардыл. Ныхасы хистæртæ стыр мæты бацыдысты, сæ хъæуы кæстæртæй чидæртæ хъылма дымыны фæндагыл кæй ныллæууыдысты, давын æмæ марыныл кæй нал ауæрдынц, уый фæдыл. Рæдыд фæндагыл чи ныллæууыд, уыдонæй у Ныхасы лæгтæй иуы фырт. Хъæуы хистæртæ уый куы базыдтой, уæд æвæстиатæй уавæры бацыдысты æмæ сæ фервæзын кодтой ронбæгъд царды уацарæй.
Иумæйагæй пьесæтæн се ‘взаг у адæмон, æнцонæмбарæн, сурæтджын, аивадон мадзæлттæй — нуарджын æмæ хъæздыг. Хъесайы-фырты драмон уацмыстæм гæсгæ цы спектаклтæ æвæрд æрцыдис, уыдон дæр рауадысты сæ литературон оригиналтæм хæстæг. Афтæ зæгъæн ис, Валодя мадæлон æвзагмæ кæй раивта, уыцы пьесæтæй дæр. Драматурджы фæрцы ирон театрдзаутæ сæ зæрдæтæм хæстæг райстой Мирослав Крлежийы («Господа Глембаи»), Ахмедхан Абу-Бакары («Сказание о гончарном круге»), Бабахановы («Седьмой джин») æмæ æндæр авторты хъайтарты.
Фыссæджы сфæлдыстады иннæ базырджын къабаз та у аивадон прозæ. Валодя-прозаик, фыццаджыдæр, зындгонд у йæ радзырдтæ æмæ уацаутæй. Сфæлдыстадон адæймаг аивады иу къабазæй (драмæ) — иннæмæ (прозæ) куы раивы йæ дзырдаивады хъуыдыкæнынад, уæд тæссаг вæййы рохсты уацары бахауынæй. Фæлæ автор бæрнон къахдзæфы размæ йе ‘ппæт монон тыхтæ куы æрбамбырд кæны, уæд æй уыдон канд уæлтæмæнады уылæнты нæ баппарынц.

Фыссæджы аивадон дуне

Бирæ хъуырдухæнты фæстæ йæм, дзæнæты цъæх кæрдæгау, æрбазынынц фæлдзусады быдыртæ æмæ йæ зæрдæ байдзаг вæййы æхцонад, æнцонад æмæ уæлмонцадæй. Æмæ хъуыддаг æцæгæйдæр афтæ кæй у, уымæн уырнинаг æвдисæн у Хъесайы-фырты фыццаг уацау «Зæринджын» (мыхуыргонд æрцыд газет «Рæстдзинад»-ы фæрстыл).
Уымæн, æнæмæнг, банымайæн ис Валодяйы прозæйы стырдæр æнтыстытæй иуыл. Аивадон уацмыс ма нын иу хатт равдыста, йæ автор хæдбындур цæстæнгас æмæ хæдбындур æрмдзæфы хицау кæй у, уый. Уыцы мидис адæймаджы хъуыдымæ куыд æнæнхъæлæджы æрбагуылф кæны, афтæ æнæнхъæлæджы нæ фесæфы, фæлæ нæ уацмысы хъуыдымæ нылвасы æмæ нæ суанг йæ кæронмæ нал суадзы. Æмæ дзы адæймаг арф сагъæсты цæуыл ахъуыды кæна, ахæмтæ иу æмæ дыууæ сурæты нæй. Архайд цæуы Ирыстоны хæххон хъæутæй иуы.
Уацауы сæйраг хъайтар Миттыл йе ‘намондæн сæхимæ æрбахуыдта амырыкаг сæудæджергæнæг Джорджы. Уазæг фысымы йæхиуыл æнцонæй баууæндын кодта, хъазгæ-хъазын та йын, фыдæй-фыртмæ цы бынтæ баззад, уыдон асайдта. Фæлæ «æнæхуынд» уазæгмæ уый фаг нæ фæкаст: йæ усæн ын цыдæр хъылматæ бадардта, æмæ йæхи куы нал æмбæрста, уæд ын тыхми бакодта. Дарддæр — фылдæр, бæгънæг сылгоймагæн видеомæ йæ хуызтæ фæиста, цæмæй йæ уый фæстæ фæхудинаг кæнынæй тæрсын кæна, уый тыххæй. Ус йæ худинаг бамбæхста, æмæ уæд амырыкагæн бынтондæр йæ рохтæ феуæгъд сты. Миттыл æмæ йæ бинойнаг Хуызæйæ сарæзта æххуырстытæ. Фæлæ Зæринджыны цæрджыты фылдæр, фыццаджыдæр, хъæуы хистæртæ Ахболат æмæ Гицо, уыцы зæрдæлхæнæнтыл нæ баууæндыдысты. Бæргæ хызтой æнæсæрфат къахдзæфтæй Миттылы дæр, фæлæ сæм нæ байхъуыста, йæхи фæнд атардта æмæ тынг фæрæдыд. Йæ фæллæйттæй уæлдай ма йын йæ усы уд дæр байстæуыд.
Джорджы къухы ма бафтыд хъæуыхицау Хъайтар дæр. Балæвар ын кодта сыгъзæрин сахат æмæ доллæрты тыхтæттæ (алы гæххæтты ныхмæ дæр). Мæсыг хи дурæй хæлы, æмæ æнæхуынд уазæг фыдбылыз кæныныл нал ауæрста. Фæстагмæ йæ тугмондаг фæндтæ æмбæхсгæ дæр нал кодта: Зæринджыны скæндзæн сыгъзæринкъахæн шахтæтæ, хъæуы бынаты та уыдзæн æрзæткъахджыты поселок. Хъæуы хистæртæ æнахуыр уазæгæн бамбарын кодтой, цæмæй хъæубæстæйæ дзæбæхæй йæхи айса, фæлæ сын сæ ныхас ницæмæ æрдардта. Дарддæр дæр йæ кæнонтæ кодта. Миттыл æмæ Хуызæйæн уыдис дыууæ сабийы: чызг — Афинæт — ахуыр кодта университеты, лæппу та фыста йæ паддзахадон хæс æфсады рæнхъыты. Ныййарджыты, мæгуыр, сæхи мæт нал ис, фæлæ тыхсынц сæ сабитыл. Сæхимæ куы сыздæхой æмæ, сæ хæдзар кæйдæр у, уый куы базоной, уæд цы зæгъдзысты?!.
Иуцасдæр рæстæджы фæстæ улæфыны рæстæг Зæринджынмæ фæзынд Афинæт. Зæды хуызæн рæсугъд æмæ уæздан чызгмæ уыдис бирæ рухс фæндтæ. Арæх хъуыды кодта, йæ сусæг уарзон Сæгуытимæ сæ цард куыд баиу кæндзысты, ууыл. Фæлæ йæ рухс фæндтæ йæ хъуыры фæбадтысты. Джорджæн та уымæ дæр бахъазыд йæ зæрдæ… Чызджы ныййарджытæм ногæй йæхи æрфæлмæн кодта, Афинæтимæ та ныхас кодта англисагау, йæхицæй æппæлыд, алы фæлывд митæй йын æлхæдта йæ зæрдæ. Лæгъз ныхасæй йын дзы куы ницы рауад, уæд та уымæн дæр Хуызæйы ми бакодта. Чызг йæхи марынмæ æрцыд. Ныууагъта фæстаг фыстæг, ацы цардæй кæй тыххæй цæуы, уый фæдыл. Куыдзæппарæн былæй йæхи аппæрста, æмæ дæ балгъитæг афтæ фæуæд… Хъæубæстæ фæфæдис сты, ссардтой чызджы мард æмæ йæ чындздзон дарæсы бавæрдтой. Хуызæ бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ Афинæты фæстаг фыстæг радта йæ моймæ. Уымæн та йæ тæрхон æмæ йæ карз хъуыды уыдис цыбыр: Джорджы тæнты йæ хъама сагъдæй ныууагъта æмæ куыдзæппарæн былæй йæхи асхуыста. Хъæубæстæ йыл тынг фæхъыг кодтой æмæ йæ йæ чызджы фæстæ бавæрдтой.
Хъесаты Валодяйы дунембарынад, æцæгдзинады комулæфт хъомысджынæй бæрæг дарынц йæ радзырдты мидæг дæр. Фыссæг дæсгай азты размæ цы таурæгъондзинады хаххыл ныллæууыд, уый йæ, бæркадджын хуымы ауæдзау, цадæггай хоны, дунейы фарн адæймаджы зæрдæйы нывгæнæджы æууæлтæ кæм райхъал кæны, уыцы зæрдæйы уавæр æмæ сфæлдыстадон æрмдзæфмæ. Уыцы æрдхæрæн миниуджытæ уæлдай тынгдæр хъæуынц нывгæнæджы радзырды жанры мидæг, уымæн æмæ уыдон таурæгъондзинады уидæгтæ канд сатæгæй не ‘фсадынц, фæлæ ма хæрзаудæн кæнынц йæ къабæзтæ дæр. Уымæй уæлдай ма дзурæг вæййынц авторы адæймагон æнкъарæнтæ æмæ йæ курдиаты æрдзон фæзындыл дæр. Уæдæ ма ноджыдæр цæмæй хицæн кæнынц Валодяйы радзырдтæ? Фыццаджыдæр, жанры иумæйаг традицийы йæ таурæгъондзинады къахвæндаг кæй нæ фæдзæгъæл, уымæй. Радзырд, цыбыр радзырд, радзырд-æцæг хабар — ахæм жанры хуызтыл æмбæлæм Хъесайы-фырты прозаикон сфæлдыстады. Уыдоны фыссæг арæхстджын къухæй нывæфтыд кæны æцæгдзинады аивадон цæсгом.
Æцæг радзырды мидæг сфæлдыстадон ратæдзæн «хи айдæны феныны хуызæн нæу». Нывгæнæджы хæс у йæ рæстæджы тыххæй æцæгдзинад зæгъын, цыфæнды зын куы уа царды æргом хабæрттыл фыссын, уæддæр. Ахæм мидæнкъарæнты бындурыл фыст сты йæ радзырдтæ-æцæг хабæрттæ «Джеоры хæдзар», «Дыууæ курдиаты» æмæ «Номхортæ». Æртæ уацмысы дæр дзурæг сты царды судзаг фарстатыл (лымæндзинад, æгъдаухæлд æмæ быцæудзинады ныхмæ). Радзырдтæ адæймаджы зæрдæ æлхæнынц, сæ мидисы къуыбылой æдзухдæр адæймаджы хъысмæты алыварс кæй зилы, уымæй…
Æппынфæстаг, зæгъын æмбæлы, Хъесаты Валодяйы сфæлдыстады мидæг радзырды жанрæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй. Фыссæджы «чысыл прозæйы», хицæн аивадон дуне кæй у, уый фæрцы дзы æвдыст æмæ æвзæрст цæуынц абоны царды бирæвæрсыг хабæрттæ, æхсæнады ахастдзинæдтæ, адæймаджы æнкъарæнтæ æмæ æрдзы фæзындтæ. Фæлæ дзы сæйрагдæр, махмæ гæсгæ, сты дыууæ хъуыддаджы: иуæрдыгæй, уацмысты цыбыр таурæгъондзинадмæ ис стыр хъомыс царды цаутæ æййафынмæ, иннæрдыгæй та — уыдон авторæн фадат дæттынц зæххон хъысмæты фæзилæнтæ арфдæр иртасынмæ. Уыцы дыууæ мадзалы кæм баиу вæййынц, уым та райгуыры Хъесайы-фырты прозæйы мидæг фæлдзусадон ахастдзинæдтæ автор æмæ йæ чиныгкæсджыты ‘хсæн.
Ам ма мæ зæгъын фæнды, Валодя аивадон прозæ тæлмац кæнынмæ дæр дæсны кæй у. Пьесæтæй уæлдай ма йæ мадæлон æвзагмæ ратæлмац кодта вьетнаймаг таурæгътæ дæр. Уыдон дæр, йæхи чингуытау, дзурæг сты æхсар, намыс, уарзт æмæ фыдыбæсты раз хæс фидыныл.

Зонадон-иртасæн куыст

Хицæнæй зæгъыны аккаг сты, Валодя цы чингуытæ рауагъта, уыдон дæр. Хъесайы-фырт дæргъвæтин рæстæг фæкуыста бæрнон бынæтты æмæ йæ размæ ахæм хæс куы æвæрдтаид, уæд иу æмæ дыууæ чиныджы нæ рауагътаид (цы рауадза, уый йæм кæддæриддæр уыдис). Фæлæ джиппы уадзыны вазыгджын хъуыддагмæ курдиатджын автор касти вазыгджын цæстæнгасæй. Суанг лыстæг хъуыддæгтæ дæр æвзæрста бæстонæй æмæ сын æрмæстдæр уый фæстæ уынын кодта рухс. Валодяйы чингуытæ фыст сты алыхуызон темæтыл, æрмæст культурæйы арæнтæй никуы ахызтысты. Æхсайæм азты фæллойгæнæг адæмы сæ куысты бынæтты чи бæрæг кодта, ахæм аивадон-агитацион бригадæтæ бирæ уыдис Ирыстоны. Фæлæ, сæ размæ цы хæстæ æвæрд уыдис, уыдон æххæст кæнынмæ сын нæ фаг кодта хъæугæ æрмæджытæ. Æмæ уæд Валодя бавдæлд æмæ Алагиры районы Культурæйы галуанæн сæрмагондæй ныффыста (Ирыстоны фыццаг хатт — Х.Б.) концертты тематикон программæты сценаритæ. Уымæй уæлдай ма сын ныффыста сæрмагонд разныхас æмæ сæ хицæн чиныгæй рауагъта 1962 азы.
Хъесайы-фыртæн йæ фыццаг дыууæ чиныджы ‘хсæн ис иуæндæс азы. Фæлæ уыцы дæргъвæтин рæстæг æнцад-æнцойæ нæ бадтис. Æндæр авторимæ ныффыстой стыр методикон куыст, хихъæппæрисадон куклаты театртæ куыд аразын хъæуы, уый тыххæй («Хихъæппæрисадон куклаты театрты арæзт»). Адæмы зæрдæмæ кæй фæцыд, уый тыххæй йын йæ тираж æнæхъæнæй балхæдта Культурæйы министрад, Республикæйы адæмон сфæлдыстады методикон центр та йæ байуæрста Ирыстоны культурæйы уагдæттæн. О, фæлæ æрмæст ууыл нæ банцадис йæ иртасæн куыстыты райдайæн. Чысыл фæстæдæр ныффыста æмæ мыхуыры рауагъта вазыгджын наукон-методикон куыст «Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Æфсати»-йы æмбарынгæнæн касты тыххæй». Автор уацмысы фæдыл хъуыдытæм бахаста бирæ ивддзинæдтæ хуызæвдисæн æууæлтæ æмæ фæрæзты тыххæй. Валодяйы иртасæн куыстæн стыр аргъ скодта йæ ахуыргæнæг, профессор Æлборты Барысби. Цытджын ирон ахуыргонд ын йæ методикон куыстæн бæрзонд аргъ хуымæтæджы не скодта. Хъесайы-фырты зонадон фæллой абон дæр стыр æххуыс кæны æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн, Къостайы сфæлдыстад ахуыр кæнгæйæ.
Уыцы куыстыты фæстæ Валодя Хацырты Анзор æмæ Верæ Орловаимæ рауагъта йæ дыккаг чиныг: «Ног æгъдæуттæ æмæ сæ хъыгдарджытæ адæмы сæрызонды». Æмбырдгонды сæйраг хъуыдытæ абон дæр сæ ахадындзинад нæма фесæфтой. Уыдонмæ хауынц адæмы хуыздæр æгъдæуттыл аудын, рæзгæ фæлтæры раст фæндагыл аразын, цытджын адæймæгты номыл хидтæ æмæ фæндæгтæ аразын, суадæттæм бацæуæнтæ бæстон кæнын, æххуысхъуаг адæмæн хъуыддагæй ныфс æвæрын, хистæртæн æмæ сылгоймæгтæн аргъ кæнын, уазæгуарзондзинады æууæлтæ бæрзонд кæнын, Фыдыбæстæйæн удуæлдайæ лæггад кæнын. Уыцы-иу рæстæг чиныджы автортæ амонынц, адæмы цардæн, æхсæнады рæзтæн зиан чи хæссы, уыцы “æгъдæуттæ” дæр.
Валодяйæн йæ зонадон æмæ иртасæн авналæнтæ ирддæр æмæ æххæстдæрæй райхæлдысты йæ ног куысты: «Ирон цуанæтты æгъдæуттæ æмæ æвзаг». Уым ныхас цæуы ирон æхсæнады ивгъуыд царды вазыгджын хæйттæй иу — цуанæтты æгъдæуттæ æмæ æвзаджы тыххæй. Автор дзы бæстон æрлæууыд цуанæтты адæмон сфæлдыстад æмæ ирон адæмы монон культурæйыл. Ирон цуанæтты æвзаг æмæ æгъдæуттæ нæ дзыллæйы зарджытæ, кæфтытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ базырджын ныхæстимæ иумæ ивгъуыдæй фидæнмæ хæссынц æмæ хъахъхъæнынц тынг бирæ вазыгджын этнографион, таурæгъон æмæ адæмон сфæлдыстады æрмæг. Уæды адæмы цардыуаг, æхсæнадон уагæвæрд æмæ нын монон культурæйы тыххæй æнæрлæугæ цы æууæлтæ, миниуджытæ, фæстиуджытæ дæттынц, уый дæр арфæйаг куыд нæ у Хъесайы-фырты зонадон куысты.
Валодяйы чиныджы цы хабæрттæ æмæ хатдзæгтимæ æмбæлæм, уыдонæн сæ фылдæр хай æмбырдгонд æрцыдис хæхбæсты мидæг. Уыцы хъæздыг æрмæджыты нын автор йæ развæлгъау ныхасы æргом кæны цуанæтты цард æмæ монон дуне незамантæй абоны дугмæ. Йæ бирæ азты фæллойæн ис стыр зонадон ахадындзинад, уымæн æмæ уый у фыццаг иртасæн куыст цуанæтты æгъдæуттæ æмæ æвзаджы тыххæй, ирон адæмон сфæлдыстады вазыгджын къабазы тыххæй. Монографийы автор бæрзонд профессионалон æмæ зонадон æмвæзадыл æргом кæны, иртасинаг æрмæджы мидæг, æвнæлд кæмæ нæма уыд, ахæм фарстатæ. Уыдонмæ ахæссæн ис цуанæтты сæрмагонд æвзаг, дзырдуаты фонд æмæ адæмон сфæлдыстады хицæн хъуыддæгтæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы темæйы тыххæй зонæм æрмæстдæр дыууæ куысты: Цæголты Георгийы газетон уац æмæ профессор Æлборты Барысбийы зонадон куысты къухфыст. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм уавæры раст фæндаг ссарын æнцон хъуыддаг нæ уыдис. Æмæ уый хорз æмбæрста Хъесайы-фырт, æндæр æнæхъæн дыууиссæдз азы нæ ныддаргъ уыдаид йæ иртасæн куысты рæстæг.
Автор йæ чиныджы æрмæг мыхуыр кæныныл кæй нæ батагъд кодта, уый йын æрхаста канд зонадон æнтыстдзинад нæ, фæлæ удгоймаджы æхцонад æмæ æнцонад дæр. Валодя, йæ иртасæн куыстыл сагъæс кæнгæйæ, æрцыд вазыгджын хатдзæгтæм, куыд комкоммæ йæ темæйы мидæг, афтæ цуан кæныны историйы фарстаты дæр (автор йæ ныхас райдыдта Нарты кадджытæй æмæ фæци ирон фысджыты сфæлдыстад, цуанæтты зарджытæ, сæ монон дунейы уагæвæрд æмæ æгъдæуттæй). Этнографион куысты уæрæх пайдагонд цы цæстуынгæ æрмæгæй æрцыд (Тугъанты Махарбег, Дзанайты Азанбег, Дзантиаты Юри, Дзбойты Михал, Гæздæнты Цопан, Сæбанты Хаджумары нывтæ), уый тынг æххуыс кæны авторы хъуыдытæ арфдæр бамбарынæн.
Стыр иртасæн куыст бакодта æмæ вазыгджын хатдзæгтæм æрцыд Валодя фыццаг ирон профессор Æлборты Барысбийы цард æмæ сфæлдыстад иртасгæйæ дæр. Фыццаг уыд, æмæ иртасæг бабæрæг кодта, Цæгат Ирыстоны паддзахадон æдасдзинады комитеты архивты 1937-1938 азты цы æрмæджытæ уыдис, уыдон. Уыцы зонадон-иртасæн куыст ын фадат радта хъуыддаг бæстон равзарын æмæ ахуыргонды уды рæстдзинад раргом кæнын уæрæх чиныгкæсæгæн. Хъесайы-фырт биноныг хатдзæгты бындурыл ныффыста Барысбийы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй стыр очерк (мыхуыргонд æрцыд «Рæстдзинад»-ы цалдæр номыры). Автор дзы канд Ирыстоны цытджын хъæбулы цæсгом не ссыгъдæг кодта дам-думтæ æмæ хахуыртæй, фæлæ ма нын нæ тæрхонмæ рахаста тынг бирæ æрмæг йе ‘хсæнадон æмæ зонадон сфæлдыстады тыххæй. Валодяйы куыст стыр цымыдис райгуырын кодта ирон зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы зæрдæты.
Афтæ зæгъæн ис, зындгонд фыссæг, историк, этнограф, тæлмацгæнæг æмæ ирон адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг Темырханты Сосланы тыххæй цы зонадон-иртасæн куыст бакодта, уымæй дæр. Автор дзы спайда кодта æдасдзинады комитеты гæххæттытæй, архивон æрмæджытæ æмæ хиуæтты æвдисæнтæй. Уæдæ бузныджы аккаг куыд нæ у, Валодя сæ мыггаджы истори кæй ныффыста, уый дæр. Ам дæр та автор хъæздыг æрмæджы (архивон гæххæттытæ, зонадон литературæ, таурæгътæ, кадджытæ) бындурыл сахуыр кодта Хъесаты мыггаджы равзæрд ивгъуыдæй абонмæ. Иртасæг æй мыхуыр кæныны размæ бакаст сæ мыггаджы куывды, æмæ дзы цы 900 адæймаджы уыдис, уыдон ын скодтой стыр аргъ. Сæ иумæйаг тæрхон та уыдис ахæм: рауадзын æй хъæуы хицæн чиныгæй.
Хъесаты Валодя йæ царды хуыздæр азтæ снывонд кодта ирон культурæ æмæ аивадæн, фæлæ хъулон уарзт кодта Ирон театр. Лæгæй-лæгмæ зыдта, дæсгай азты дæргъы национ сценæйы сæрыстырдзинад чи уыдис, уыдон се ‘ппæты дæр. Алкæмæн дæр дзы аргъ кæнын зыдта, æрмæст, адæймаг цы бынат ахста, уымæ никуы каст. Хæрзæгъдауджынæй сæхи æвдыстой аивады дæснытæ æмæ иртасджытæ дæр. Уыцы фæлдзусадон ахастдзинæдты фæстиуджыты бындурыл цы сагъæстæ равзæрд, уыдоны сбæлвырд Ирон театры равзæрды фарстатæм ног бацæуæн. Раздæр национ сценæйы райгуырдыл нымад цыдис 1935 аз, ома, фыццаг ирон студи Мæскуыйы театралон институт (ГИТИС) каст куы фæцис, уыцы аз. Хъесайы-фырты нымадмæ гæсгæ та — раздæр. Ахæм барæнтæй Бердзенты æмæ Ромы театрты равзæрды историмæ куы ‘ркæсæм, уæд сбæрæг уыдзæн, сæ театралон аивады равзæрдыл цалдæр мин азы нæ цæуы, фæлæ æрмæстдæр 300-400 азы кæй æххæст кæны, уый. Хъесайы-фырты фидар хъуыды у ахæм: нæ рагфыдæлтæ Зилахар æмæ æндæр рæтты цы дзыллон хъæзтытæ, кæфтытæ æмæ зарджытæ кодтой, уыдонæн сæ бындуры æвæрд уыдис театралон культурæйы комулæфт. Уыцы стыр бæрæгбæттæм куыд цæттæгонд цыдис, уымæ та сæ хъус лæмбынæг дардтой куырыхон хистæртæ æмæ разагъды лæгтæ. «Сценаритæ» та сын мингай азты дæргъы фыстой адæм сæхæдæг.
Сæрмагонд ныхасы аккаг у Хъесаты Валодяйы аивадон публицистикæ. Ирон адæмы æхсæнадон-политикон, аивадон-сфæлдыстадон царды тыххæй цы уацтæ, очерктæ, рецензитæ æмæ уацхъуыдтæ ныффыста, уыдонæн цалдæр ныхасæй аргъ кæнын куы сфæнд кæнæм, уæд нæ хатдзæг цыбырæй уаид ахæм: хъæугæ бынаты хъæугæ хъуыддæгтыл — хъæугæ ныхас.
Авд азæй фылдæр рацыд, Хъесаты Валодя ацы зæххон дунейы куы нал ис, уæдæй. Фæлæ йæ рухс сурæт ирон дзыллæйы зæрдæйы нæ мынæг кæны. Уымæн æмæ йæ кæддæриддæр зыдтой уæздан, фæлмæн æмæ хæдзонд адæймагæй, курдиатджын фыссæг æмæ журналистæй, арæхстджын редактор æмæ разамонæгæй, фыдызæххыл аудæг æмæ уарзон хъæбулæй. Мадæлон æвзаг та уыдис йæ удыл хæцæг, йæ ныфс, йæ зондамонæг.
Валодя ирон чиныгкæсæгæн балæвар кодта йæ аивадон уацмысты æххæст æмбырдгонд фондз томæй (уырдæм хаст æрцыдысты, прозæ, драмæ æмæ публицистикæйы жанры кæй ныффыста, уыдон). Нырыккон ирон фысджытæй ахæм сфæлдыстадон æнтыст Нафийæ фæстæмæ никæй къухы бафтыд. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ загътой: «Нæй æнусон цард, фæлæ ис æнусон кад». Æнусон кады фарн кæмæ фæхæццæ, уыдонмæ ахæссæн ис Хъесаты Валодяйы дæр. Æмæ нæ уымæ гæсгæ фидарæй уырны, цырагъдарæй кæмæн лæууыд, йæ фарн æвдадзы хос кæмæн уыд, уыцы ирон дзыллæ йæ кæй никуы ферох кæндзысты, уый.

Хозиты Барис

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here