Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой Уæрæсейы бон

0
179

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Уæрæсейы боны кадæн конд мадзæлтты. Бæрæгбоны концерт сарæзта Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администраци, уыд Сæрибары фæзы. Сæ дæсныйад равдыстой симфонион оркестры музыканттæ, солисттæ, дирижер — РЦИ-Аланийы сгуыхт артист Гугкаты Зауырбег.

Цæгат Ирыстоны разамонæг кадджын хъуыддаг гом кæнгæйæ куыд загъта, афтæмæй йын æхсызгон у республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн арфæ ракæнын ацы æппæтадæмон бæрæгбоны тыххæй.
«Нæ бирæнацион республикæйы цæрджытæн, нæ уарзон Фыдыбæстæйæн мæ фæнды арфæ ракæнын. Нæ бæстæйы Президент Владимир Путин алцыдæр аразы, цæмæй уæрæсейæгтæм æххуыс фæхæццæ уа, бынтондæр — нырыккон уавæрты. Йæхæдæг бирæ хæттыты загъта: нæ тых нæ бирæнациондзинады æмæ иудзинады ис. Нæ Ирыстоны æмæ Уæрæсейы хъæбатыр истори куыд æвдисы, афтæмæй фыдзаманты кæрæдзи фарсмæ æрбалæууæм, нæ Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл тох конæм. Ныр нæм дыккаг аз цæуы акци «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс». Æппæт рекламон фæйнæджытæй нæм кæсынц нæ фыдæлтæ, бабатæ, уыдон бахъахъхъæдтой сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад. Ныртæккæ не ‘мбæстæгтæ — цæгатирыстойнæгтæ, 58-æм æфсады хæстонтæ, «Алани»-йы батальоны уæнгтæ нæ Фыдыбæстæйы иннæ хъахъхъæнджытимæ сæ æфсæддон хæс æххæст кæнынц. Аккаг хуызы йæ æххæст кæнынц! Нæ тых нæ иудзинады ис! Иумæ фæуæлахиз уыдзыстæм! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, зынаргъ æмбæлттæ!», — сценæйæ фæсидт Сергей Меняйло.
Уыцы бон ма Дзæуджыхъæуы Уæрæсейы боны кадæн скодтой национ-культурон центрты фестивал «Адæмты хæлардзинады — Уæрæсейы иудзинад». Хъæппæрис равдыста Национ ахастдзинæдты æмæ æддагон бастдзинæдты министрад. Фестивалы архайджытæ уыдысты национ-культурон иугæндты, æхсæнады æмæ хицауады оргæнты минæвæрттæ.
Уæрæсейы бон алы аз дæр бæрæг кæнæм 12 июны. Уыцы бон, 1990 азы, Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон республикæйы Адæмон депутатты фыццаг съезд сфидар кодта Уæрæсейы хæдбардзинады тыххæй деклараци.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here