Дæ цæрæнуат хуыснæджытæй бахиз

0
268

Адæмы исбон давæг къæрныхтæ фатертæм фæныхилыны фæдыл зонындзинæдтæ иудадзыг фылдæр кæнынц. Нырыккон техникæйæ пайда кæнгæйæ, хуыснæджытæ цæрæнуæтты дуæрттæ гом кæнынæн сæрмагондæй арæзт ифтонггæрзтæ самал кæнынц кæнæ сæ саразынц. Цæрæнуатмæ фæныхилынæн закъонхалджытæ пайда кæнынц алыхуызон мадзæлттæй: дуæрттæ басæттынц, рудзгуытæ кæнæ балкъонтыл бахизынц гуыдыртæм дæгъæлтæ равзарынц æмæ афтæ дарддæр.

Фатер фæкъахтæй бахизæн куыд ис? Пъæлицæйы кусджытæ адæмæн фæдзæхсынц сæ фæрныгад парахатæй ма æвдисын, се ‘фтиæгты тыххæй хабæрттæ хорз зонгæтæн дæр ма дзурын (уæвæн ис, æмæ ацы зонгæтæ къæрныхæн æнæнхъæлæджы амидингæнджытæ суыдзысты).
Зæрдæ дарæн кæуыл ис, ахæм дуæрттæ, гуыдыртæ æмæ сигналгæнæн системæтæ сæвæргæйæ, æдасдзинадæн фадæттæ сараз. Фатерæй æддæмæ цыбыр рæстæгмæ дæр цæугæйæ, дуар дæгъæлæй сæхгæн.
Адавд рахатгæйæ:
— фатермæ ма бацу;
— æвæстиатæй пъæлицæмæ фæдзур;
— пъæлицæйы кусджытæ цалынмæ æрбацæуой, уæдмæ фатермæ цæст дар.
Гуырысхойаг адæймæгты кæд ауыдтай æмæ сæ æдасæй бауромыны фадат кæд нæй, уæд сын сæ бæрæггæнæнтæ, уæлæдарæс, сæ хæдтулгæйы номыр æмæ цыды фæндаг бахъуыды кæныныл бацархай, стæй æппæт уыцы хабæрттæ æрбацæуæг пъæлицæйы кусджытæн фехъусын кæн.
Фыдгæнджыты дæ фатеры кæд баййæфтай, уæд:
— фатермæ ма бацу, цæрæнуаты дуар дæгъæлæй рæвдз сæхгæныныл бацархай, дæгъæл гуыдырæй нæ рафтаугæйæ;
— сыхæгтæм æххуысы фæдыл бахат æмæ пъæлицæмæ фæдзур;
— дæхи æмæ сыхæгты тæссаг уавæры не ‘вæргæйæ, фатерæй рацæуæнтæ æрæхгæн, уавæрмæ гæсгæ архай.
Кæд дæ хæдзары мидæг дæ, æмæ дын дæ фатеры дуар дæгъæлæй гом кæнынц кæнæ сæттынц, уый кæд фехъуыстай, уæд:
— Хъæдæрмæгæй арæзт хæдзарон дзаумæттæй, кæнæ къухы бафтæг æндæр фæрæзтæй дуар сæхгæнын бафæлвар;
— пъæлицæмæ фæдзур;
— хъæлæба æмæ уынæрæй сыхæгтæ æмæ ‘ввахс дæм уæвæг адæмы дæхимæ æркæсын кæн;
— закъон дын кæй дæтты, балæбурды заман хи æмбæлгæ уагæй хъахъхъæнынады ахæм барæй спайда кæн.
Фатер давдæй бахизыны мадзæлттæ:
Æппæт авджын конструкцитыл (рудзгуытæ, балкъонтæ, лоджæтæ) гæнæн æмæ амалæй згъæр хызтæ сæвæр.
Хæдзары мидæг дæ æви æддейы, уый нæ нымайгæйæ, дуар иудадзыг дæр хъуамæ уа гуыдырæй æхгæд. Дуары фæстæ чи ис, уый нæ базонгæйæ, дуар макуы байгом кæн.
Фидар дуæрттæ сæвæр. Згъæр цъаримæ дуар хъуамæ гом кæна æддæмæ. Дуары фæлгæтыл æмæ дуарæн йæхиуыл хъуамæ фидаргонд уой рафтыды ныхмæ сæрмагонд ифтонггæрзтæ (штыртæ). Дуарыл хъуамæ уа æппынкъаддæр дыууæ гуыдыры (сæ системæтæ æмхуызон куыд нæ уой, афтæ). Дуар цыбыр рæхыс, цæстдарæн æмæ щеколдайæ сифтонг кæн. Брелокæй кæй гом кæнынц, дуар ахæм гуыдырæй дæр сифтонг кæнын æмбæлы.
Уæладзыгон фæзыл иумæйаг згъæр кæнæ хызæгон дуар сæвæрут.
Бацæуæн хъуамæ æххæстæй рухсгонд уа — давды заман къæрныхтæ цырагъ аххуыссын кæнгæйæ, фанартæй пайда кæнынц.
Посты лагъзæй гæххæттытæ сис, кæнæ, дæргъвæтин рæстæг фатеры кæд ничи уа, уæд та сæ хиуæттæн, науæд сыхæгтæн сисын бафæдзæхсут.
Хорз ахастдзинæдтæ кæимæ дарут, уыцы сыхæгтæн бафæдзæхсын æмбæлы фатеры дуары æнæхъæндзинадмæ æргом здахын, стæй, бахъуаджы рæстæг фæдзурæн кæдæм ис, ахæм телефоны номыр сын радт.
Дæргъвæтин рæстæг фатеры кæд нæ уай, уæд, цырагъ рæстæгæй-рæстæгмæ чи ссудзын кæны, ахæм автомат дзы сæвæр, науæд зонгæтæн бафæдзæхс фатеры мидæг рухс рæстæгæй-рæстæгмæ ссудзын кæнын.
Дæ фатеры чи ис, æппæтæй зынаргъдæр уыцы дзаумæттæ гæнæн æмæ амалæй гравировкæйæ, кæнæ æндæр уагæй фæбæрæг кæн.
Фатеры хицæуттæ цæрæнуаты мидæг сты æви нæ, дуар æрбахойгæйæ æмæ фарстытæ дæтгæйæ, фыдгæнджытæ арæхдæр уый кæй рабæрæг кæнынц, уый уæ рох ма уæд.
Бæллæх кæд æрцыд æмæ фыдракæнды амæттаг кæд бадæ, уæд фыдбылызы тыххæй хабар æвæстиатæй пъæлицæйæн фехъусын кæн.

РЦИ-Аланийы
Мидхъуыддæгты
министрады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here