Æхсæнадон организаци «Иры Стыр Ныхас»-ы районон хайады сæрдар, амалиуæггæнæг, меценат Гуцаты Фридоны æххуысæй Мæздæджы Уæлахизы парчы кадджын уавæры байгом кодтой Фысджыты фыццаг аллей Цæгат Кавказы.
Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг, скульптор Дзукъаты Никъала проектыл бакуыста. Аллейы кæй бюсттæ сæвæрдтой, кадджын æмбырды архайджытæ — Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнгтæ, стæй Хуссар Ирыстоны, Кæсæг-Балхъары, Дагестаны. Мæхъæл æмæ Краснодары крайы минæвæрттæ — уыцы поэтты æмдзæвгæтæ бакастысты.
Проект афæдзы æрдæгмæ баххæст кæнын бантыст. Гуцайы-фырт цыртдзæвæнтæ Мæздæгæн балæвар кодта.
— Фидæны фæлтæртæ ацы цыртдзæвæнтæн аргъ кæй скæндзысты æмæ сын сæ нымæц кæй фæфылдæр кæндзысты, уыдæттыл зæрдæ дарæн ис.
Проект цыбыр æмгъуыдмæ баххæст кодтам. Скульптор Дзукъаты Никъалайæн — бузныг. Уæвæн ис, æмæ туристтæ, стæй фысджытæ аллей зæрдылдарæн бынатыл банымайдзысты, — загъта Гуцаты Фридон.
Кавказы цæрæг адæм хорзæрдыгæй кæй сфæлдыстады фæрцы æвдыст æрцыдысты, аллейы сæвæрдтой уыцы фысджытæ æмæ поэттæ Александр Грибоедовы, Александр Пушкины, Лев Толстойы, Гуырдзыбеты Бласкайы, Хетæгкаты Къоста æмæ Расул Гамзатовы бюсттæ.
Нæ уацхæссæг














