РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгаткавказаг федералон зылды Юрий Чайкаимæ.
Кусæг фембæлд арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны Хицауады хæдзары.
Сергей Меняйло æмæ Юрий Чайка æрдзырдтой, ныртæккæ республикæйæн ахсджиаг чи у, ахæм социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон рæзты фарстатыл.
Уымæй уæлдай, Юрий Чайка фехъусын кодта ног куысты бынæтты уынаффæты фæдыл дæр.
Æххæстбарджын минæвар Цæгат Ирыстоны разамонæгæн бавдыста Сергей Гончаровы. Уый нысангонд æрцыд РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспекторы бынатмæ, стæй — РЦИ-Аланийы федералон инспекторы бынат бацахсæг Тимур Кочесоковы дæр.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ














