Культурæ — нæ иумæйаг хæзна

0
299

Мæздæджы Фысджыты аллей скæныны хъуыды æрцыд амалхъом-меценат æмæ æхсæнадон архайæг, æцæг патриот Гуцаты Харитоны фырт Фридонмæ. Адæмы ‘хсæн рагæй цыдис ныхас, уæлдайдæр Мæздæджы цæрджыты ‘хсæн, Уæлахизы парчы фысджытæн цыртдзæвæнтæ сæвæрыны тыххæй, уымæн æмæ нæм уырыссаг, ирон, советон литературæйы классиктæ арæх цыдысты. «Стыр Ныхас»-ы Мæздæджы районы хайады сæрдар Гуцаты Фридон йæхимæ райста Мæздæджы алы адæмыхæттыты минæвæртты Фысджыты аллей саразыны хæс, кæцытæ се сфæлдыстады æвдыстой кавказаг адæмты цард.

 

Мæздæджы тыххæй фыццаг фыста йæ фæндаггоны фыстæджыты дипломат æмæ фыссæг Александр Грибоедов. 1818 азы октябры Александр Грибоедов æрлæууыд Кавказы зæххыл. Йæ фæндаг цыд Мæздæгæй Дзæуджыхъæуыл Тифлисы онг æмæ дарддæр. Йæ балцы рæстæг æй зæрдæскъæф фæкодтой Кавказы æрдз æмæ йæ цæрджытæ. Уый хорз зæрдæ дардта Кавказы цæрæг хохаг адæммæ, хуыдта сæ «Сæрибар æмæ сæрыстыр» адæм. Уыцы уарзондзинад æй æркодта Сæнайы хохы рæбынмæ, Терк æмæ Курайы дæтты былгæрæттæм. Александр Грибоедов бæллыд уырыссаг æмæ Кавказы æппæт адæмты сабыр æмæ хæлар цардмæ, иу æфсымæрон бинонтæ уæвгæйæ.
Уырыссаг литературон æвзаджы бындурæвæрæг Александр Пушкины Кавказ афтæ бацымыдис кодта, æмæ райгуырд йæ зындгонд поэмæ «Кавказский пленник».
Стыр фыссæг æмæ гуманист Лев Толстой, Кавказы паддзахы афицеры хæстæ æххæстгæнгæйæ, ныффыста, йæхæдæг æвдисæн кæмæн уыд, уыцы цауты бындурыл йæ зындгонд уацмыстæ «Казаки», «Хаджи-Мурат», «Кавказский пленник».
Не ‘мзæххон, станицæ Ново-Осетинскæйæ рацæугæ хæстон æмæ поэт Гуырдзыбеты Блашка бындур сæвæрдта дыгурон литературон æвзагæн. Йæ ингæн ис станицæйы уæлмæрдты. Ныртæккæ цалцæггонд цæуы поэты хæдзар, сараздзысты дзы музей.
Поэт, нывгæнæг, публицист, ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы 80 азы юбилей бæрæг кодтой 1939 азы Æппæт бæстæйæ цыдысты уазджытæ, уыдонимæ уыд Дагестаны делегаци дæр Дагестаны адæмон поэт Гамзат Цадасаимæ. Уый Къостайыл ныффыста зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæ, уымæн æмæ дзы иста æфсымæры мондæгтæ. Уыцы уарзондзинад рацыд йæ фырт Расул Гамзатовмæ.
Расул Гамзатов дæр йæ фыды хуызæн уарзта Ирыстон. Хæларæй цард бирæ ирон фысджытимæ. Гамзатовы уацмыстæ ирон æвзагмæ тæлмац кодтой Мамсыраты Дæбе, Хъайтыхъты Геор, Плиты Грис, Цæгæраты Гиго, Цæрукъаты Алыксандр, Дзасохты Музафер, Хуыгаты Сергей, Кокайты Тотрадз, 2003 азы Расул Гамзатовæн лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми адæмты ‘хсæн хæлардзинады мыггæгтæ тауыны æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ литературон бавæрæны тыххæй.
Æмæ ахæм стыр фысджытæ æмæ адæмты ‘хсæн хæлардзинады мыггæгтæ тауджытæн куыд нæ хъуыд Намысы аллей саразын. Æмæ уыцы бæрæгбон уыд Мæздæджы 15 июлы — Фысджыты аллей байгом кæныны бæрæгбон. Уырдæм æрæмбырд сты бирæ уазджытæ алы рæттæй. Мæздæггæгтæ зæрдиагæй сæмбæлдысты РЦИ-Аланийы Хицауады минæвæрттыл, Дагестаны, Кæсæг-Балхъары, Мæхъæлы, Краснодары æмæ Стъараполы крайты зындгонд нывгæнджытыл, фысджытыл, журналисттыл, Мæскуыйы, Иркутскы, Волгограды, Воронежы ирон диаспорæты минæвæрттыл. Мæздæджы районы сæргълæууæг Гугиты Геннади æмæ Мæздæджы районы администрацийы сæргълæууæг Олег Яровой уазджыты бахæццæ кодтой сæйраг Аллеймæ. Ам хицæн адæймæгтæ, сфæлдыстадон къордтæ равдыстой сæ арæхстдзинад.
Гуцаты Фридонæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Æгъуызарты Мурат. «Стыр Ныхас»-ы Координацион советы сæрдар Еналдыты Хъазыбег, Битарты Вячеслав, Дагестаны Фысджыты правленийы сæрдар, авайраг поэт Магомед Ахмедов. РЦИ-Аланийы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Алан бакаст РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары Арфæйы ныхас.
Бæгъиаты Алан, Битарты Вячеслав, Гугиты Геннади æмæ кæстæртæ алыг кодтой ленты уаццаг. Ног Аллейы радгай гомгонд цыдысты Александр Пушкины, Хетæгкаты Къостайы, Лев Толстойы, Расул Гамзатовы, Александр Грибоедовы, Гуырдзыбеты Блашкайы бюсттæ. Бæрæгбонмæ æрбацæуджытæ сæвæрдтой дидинджытæ, сæ къамтæ истой алы цыртдзæвæны раз дæр.
Кæй зæгъын æй хъæуы, тыхстис скульптор Дзукъаты Никъала дæр, уымæн æмæ йын йæ куыстытæн канд йе ‘мкусджытæ нæ аргъ кодтой, фæлæ бæрæгбонмæ æрбацæуджытæ дæр.
Уæлдай цинæнкъарæнджын уыдысты дагестайнаг уазджытæ, уымæн æмæ сыхаг республикæйы Расул Гамзатовæн фыццаг хатт скодтой ахæм стыр кад.
Хистæркъласонтæ Александр Цыганков, Кокойты Эдуард, Аринæ Егорова аив бакастысты Александр Пушкины, Хетæгкаты Къостайы, Расул Гамзатовы æмдзæвгæтæ.

Бæзыты Ларисæ,
журналист

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here