Арфæтæ —зындгонд историк Владимир Кузнецовæн

0
298

Ацы бонты зындгонд ахуыргонд-археолог æмæ историк Владимир Кузнецов сбæрæг кодта йæ райгуырды 95 азы бæрæгбон. Юбиляримæ фембæлд æмæ йын йæ райгуырæн боны фæдыл зæрдиаг арфæтæ ракодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МенЯйло.

Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты цы фембæлд уыд, уырдæм æрбацыдысты нæ республикæйы наукон æхсæнады минæвæрттæ дæр.
Юбилярæн зæрдиаг æгасцуай зæгъгæйæ, Сергей Меняйло йæ арфæйы фæбæрæг кодта: «Фыццаджы-фыццагдæр дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ царды æппæт хорздзинæдтæ. Мах алкæддæр дæуæй бузныг уыдзыстæм, ахуыргæндты ног фæлтæртæм цы бирæ зонындзинæдтæ хæццæ кæныс, уый тыххæй».
Владимир Кузнецов йæ дзуаппон раныхасы республикæйы разамонæгæн бузныг загъта, иудадзыг дæр ыл кæй баузæлы, уый тыххæй. Ахуыргонд йæ хъуыдытæ загъта Цæгат Ирыстоны наукæйы дарддæры райрæзты фæдыл, стæй фæбæрæг кодта, ног историон проекттыл бакусынмæ цæттæ кæй у, уый дæр.
Владимир Кузнецов йæ наукон архайдæй рагæй зындгонд у. Аланты историиртасæг бирæ наукон экспедицитæ сарæзта, куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ æппæт Цæгат Кавказы дæр. Йæ наукон раиртæстыты бындурыл рауагъта бирæ уацтæ æмæ монографитæ. Зæгъæм, фарон Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ахуыргонды наукон-публицистикон фæллой «Чи стæм? Кавказы ирæттæ-алантæ»-йы презентаци.
2022 азы апрелы Владимир Кузнецовæн саккаг кодтой «Цæгат Ирыстоны кадджын цæрæджы» ном (ирон адæмы историон-культурон удварны хæзнатæ хъахъхъæнын æмæ иртасыны куыстмæ стыр бавæрæны тыххæй).


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here