Зилахар

0
278

1999 азы фæззæджы нæртон-ариаг бæрæгбон уыдис Зилахары. Фæсивæд сæ хъару фæлвæрдтой хъæбысхæстæй, спорты æндæр хуызтæй. Уæдæ хихъæппæрисадон къордтæ та аив кафт æмæ зардæй хъæлдзæг кодтой. Иу ныхасæй, республикæйы цæрджытæм хорз фæкаст, рагон фыдæлтыккон æгъдау ногдæргонд кæй æрцыд, уый.

Хъыгагæн, ахсджиаг хъуыддаг уыцы-иу хаттыл бамынæг. Æвæццæгæн, нæм фæрæзтæ нæ разынд æрвылаз нæртон-ариаг бæрæгбон аразынæн. Фæлæ йыл дзæбæхдæр куы ахъуыды кæнæм, уæд ын чысыл ахадындзинад нæй. Бæрæгбонæн та нæм фæрæзтæ куыд нæй? Исты хъæздыг адæм чысыл ис нæ республикæйы. Ӕз афтæ æнхъæл дæн, æмæ дзы чидæртæ дыууæ нæ зæгъдзысты сæ бирæ фæллойæ иумæйаг хъуыддагæн фæхай кæныны тыххæй.

Раст куы зæгъæм, уæд ныронг Ирыстоны цæрджытæй бирæтæ нæма зонынц, Зилахар кæм ис, уый. Уæдæ сын йæ топонимикæ дæр зындгонд нæу. Æмæ мæ уыдæтты фæдыл бæлвырддæр радзурын фæнды, цæмæй хуыздæр базонæм, нарты гуыппырсарты хъазæн фæз.

Зилахары æрдуз ис горæт Алагиры ныгуылæнырдыгæй Црауы комы æмæ ахсы 10 гектары бæрц. Йæхи айтыгъта Уариты комы æмæ Змæстдоны астæу. Йæ алыварс раздæр æнæгъдау цагъд кæй ныккодтой, уыцы тар хъæд ныр ногæй сбадт, æмæ алæмæты æрдз адæймаджы уæнгтæ срог кæны.

Нæ фыдæлтæ тæтæр-манголты ныббырсты фæстæ хæхбæстæм куы балыгъдысты, уæд æдзæрæг æрдуз кæсгæттæн ссис цуан кæныны рæстæг æрулæфæн бынат. Фæстæдæр Уæрæсейы паддзах ирæттæн  зæххытæ куы радта, уæд æм хохæгтæ æфтын райдыдтой. Чысылгай цæугæдæттыл, æрдузтæ æмæ æндæр æрдзон бынæттыл нæмттæ æвæрдтой. Зæгъæм, дыууæ цæугæдоны (Змæстдон æмæ Бындон) кæм баиу вæййынц, уый хуыйны Къæдзилау. Ардыгæй куы схизай, уæд фендзынæ Зилахары фæз.

Мæн бæлвырддæр зæгъын фæнды Бындоны тыххæй. Æвæдза, цы диссаг у йæ равзæрд. Къæдзæхы скъуыдтæй кæсаджы цæсты хуызæн сыгъдæгæй кæлы суадонау, æмæ дзы адæймаг нуазынæй не ‘фсæды. Балер йеддæмæ дзы æндæр кæсаг нæ лæууы.

Æппæты фыццаг, Уæлладжыры комы Уæллаг Мызурæй Зилахармæ æрлыгъдысты ахæм мыггæгтæ: Сохитæ, Хъæрджынтæ, Гæлæутæ, Бутатæ æмæ Таматæ. Фæлæ йæ бацæуæнтæ зынвадат кæй уыдысты, уый тыххæй фæстæдæр быдырмæ ралыгъдысты æмæ æрбынæттон сты Црауы.

Ныртæккæ дæр Зилахармæ æнцон бафтæн нæу. Йæ фæндаг цæуы Црауы доны былтыл, кæм та бахизы цæугæдоныл. Æрмæст ма фæрæди Батъарайы коммæ, æндæр дзы фæрæдийæн нæй, æмæ уайтагъд бахæццæ уыдзынæ Зилахармæ.

Фæстагмæ дзы бæлвырддæр куы зæгъæм, уæд 50-æм азты кæронмæ цардысты Гуырдзыстонæй ралидзæг ирон мыггæгтæ: Къалатæ, Зассетæ æмæ æндæртæ — æдæппæтæй 34 хæдзары. Хъæды астæу фадат нæ уыд ахуыр кæнынæн. Фæлæ, Зилахары цæрджытæ фæллойуарзаг кæй уыдысты, уый руаджы ницы хъуаг æййæфтой. Ам хорз зайынц нартхор, картоф, хъæдур æмæ æндæр хъæууонхæдзарадон культуртæ. Къадакуырæйттæй уæлдай та хъæуы ницы уыдис. Горæт Алагирмæ, Цраумæ æмæ иннæ рæттæм абалц кæныны тыххæй къæвдайæ, хурæй фистæгæй цæуын хъуыд комы. Ног цæрджытæ сæ фадæттæй кæй тыхстысты, уый тыххæй сæ уырдыгæй лидзын бахъуыд æндæр хъæутæм.

Ныр Зилахар у уæгъд, цæрæг дзы нал баззад. Алырдыгæй дæр æм райдзастæй фæлгæсынц æрдзон бынæттæ: Сынт, Хуыдзæд, Хъæугæс, Бутайы бæхвæндаг, Скон, Хъосæг, Кæрчыты хæрæн æмæ Урс хох.

Ахæм у, Сохъуыр уæйыджы фырт Алæф йе ‘нæуаг миты тыххæй нарты Батрадз уæнгсастытæ кæм фæкодта, уыцы нарты хъазæн æмæ кафæн фæз Зилахар.

Тохсырты Къоста

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here