Ахуыргæнджыты ерыстæ

0
99

Красноярскы цæуы, уæлæмхасæн ахуырады профессион дæсныйады Æппæтуæрæсеон конкурс «Мæ зæрдæ дæттын сабитæн»-ы кæронбæттæн.

Цæгат Ирыстонæй дзы архайынц Дзæуджыхъæуы сывæллæтты технопарк «Кванториум»-ы ахуыргæнджытæ дыууæйæ: Светланæ Макаренко æмæ Иван Ковалев. Уыдон систы, конкурсы федералон фæсаууон фæлтæры уæлахиздзаутæ: «Уæлæмхасæн ахуырады æмæ техникон къабазмæ здахыны педагог» æмæ «Уæлæмхасæн ахуырады профессион дебют»-ы номинациты.
Æппæтуæрæсеон конкурс «Мæ зæрдæ дæттын сабитæн»-ы федералон фæсаууон фæлтæры архайджытæ систы 90 ахуыргæнæджы 46 регионæй, Уæрæсейы Федераци æмæ Донецкы адæмон республикæйæ.
Кæронбæттæн архайд цæуы дыууæ турæй. Фыццаг туры архайджытæм кæсы гом мастер-кълас саразын, «Уæлæмхасæн ахуырады сывæллæтты хъомылады ног мадзæлттæй архайыны» темæйыл æмæ «Уæлæмхасæн ахуырады сывæллæтты курдиæттæ æмæ арæхстдзинады рæзтæн фылдæр гæнæнтæ аразыны» импровизацион конкурс бацæттæ кæнын.
Фыццаг туры хатдзæгтæм гæсгæ бæрæггонд цæудзысты конкурсы фараст лауреаты, алы номинацийы дæр уæлахиздзаутæ. Номинациты уæлахиздзаутæ дарддæр архайдзысты дыккаг туры кæронбæттæн мадзалы. Уым та ацæудзысты, «Педагогон бирæвæрсыгад» æмæ «Сабиты уæлæмхасæн ахуырады уæлдæр къорд», зæгъгæ, конкурсон фæлварæнтæ, профессион æмныхас Уæрæсейы Рухсады министрады минæваримæ.
Кæронбæттæны бындурыл профессион ерыстæй уæлдай ма ахуыргæнджытæн фадат уыдзæн нырыккон технологитæ, хъомылад æмæ ахуырады методикæты фæлтæрддзинад кæрæдзийæн амонынæн дæр.
Уæлæмхасæн ахуырады специалистты сæйраг конкурс саразæг та у Уæрæсейы Рухсады министрад.

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ
наукæйы министрады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here