Æрымысыдысты фыдбæллæхы бахауæг адæмы

0
98

Цæгат Ирыстоны 20 сентябры æрымысыдысты æппæты карздæр фыдæбæллæхы бахауæг адæмы. Уæрæсейы Хъолхъайы зæй раивылд 20 азы размæ, цас адæм дзы фесæфт, уый æндæр фыдбæллæхтимæ абарæн нæй.

Уæллаг Хъæрмæдоны поселочы чидæриддæр уыд, уыдон Хъолхъайы зæй йæ разæй ахаста, йæ быны сæ фæкодта. Комы чи уыд, уыдон дæр ын йæ æвирхъау тых сæхиуыл банкъардтой.
Знон РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, Джызæлы хъæугæрон æрдзон фыдбæллæхы бахауæг адæмы ном ссарыны тыххæй дидинджытæ сæвæрдта сæ цыртдзæвæныл. Йемæ уыдысты министрадты, ведомствæты, районты, æхсæнады минæвæрттæ, фыдбылызы бахауæг адæмы хиуæттæ.
2002 азы Хъолхъайы цъити йæ бынатæй фезмæлыд, раивылд, йæ быны фесты, æбæрæгæй фесæфтысты 120 адæймагæй фылдæр. Уыдонимæ — Парламенты, Конституцион тæрхондоны, Æвзарæн къамисы кусджытæ, театр «Нарт»-ы артисттæ, киноисæг къорд, йæ сæргъы — режиссер æмæ актер Сергей Бодров-кæстæр.
Хъолхъа цалдæр минутмæ æрхæццæ цæрæн хæдзæрттæм, санаторимæ, фæлладуадзæн базæмæ, ихын-дурын зæйы тагъдад уыд 200 километры иу сахатмæ. Уайтагъд сæ цъыф æмæ ихæй амбæрзта. Аз æмæ æрдæг æбæрæгæй фесæфæг адæмы агуырдтой. Ихын зæй Джызæлы кæронмæ æрхæццæ, уыцы ран сын сæвæрдтой цыртдзæвæн.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here