Оркестры концерт Мæскуыйы

0
141

Мæскуыйы, Аивæдты кусджыты централон хæдзары, Цæгат Ирыстоны Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты национ оркестр стыр концерт равдыста.

Кадджын коллективы музыканттæ ацагътой адæмæн уарзон композицитæ, сæ репертуары цы хъæздыг æвæрæнтæ ис, уыцы музыкæ райхъуыст. Уæрæсейы Президенты цур Цæгат Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Игор Барсков адæмон инструментты оркестры сæйраг дирижер Куымæриттаты Тимур, музыкант Цырыхаты Мурат æмæ оркестры солисткæ Хуытыгаты Маринæйæн радта Кады гæххæттытæ. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ Гæздæнты Булаты номыл адæмон инструментты национ оркестр Мæскуыйы дыууæ мæйы иу хатт концерттæ кæна.
Зындгонд музыканттимæ концерты сæ дæсныйад равдыстой æрыгæттæ: Дулаты Дзамболат, Хъуысаты Сослан, Хæбæлаты Лали, Сæлбиты Лианæ, Цопанаты Алан æмæ Бекъойты Динæ.

РЦИ-Аланийы
Æххæстбарджын
минæварады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here