Хъæбатыры Сыгъзæрин Стъалы — хиуæттæн

0
128

Украинæйы сæрмагонд операцийы архайæг, танчы командир, хистæр сержант Есенаты Таймуразы бинонтæ æмæ сидзæргæсæн Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыры Сыгъзæрин Стъалы радта УФ-йы Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Цæлыккаты Руслан. Хъуыддаджы архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Фембæлд конд æрцыд Хицауады хæдзары.

Цæлыккаты Руслан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Есенаты Таймуразы хъæбатырдзинад æрыгæттæн фæзминаг суыдзæн. «Нæ бæстæйы Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыры Сыгъзæрин Стъалы у æппæты бæрзонддæр хæрзиуæг. Хæстон хъуыддаг æххæстгæнæг Есенаты Таймуразы фæзмдзысты æппæт бæстæйы æрыгæттæ дæр. Уæ фырт, дæ сæры хицау, уе ‘фсымæр равдыста диссаджы лæгдзинад. Йæ бон, куыд æфсæддонæн, дзуапп раттын кæм нæ уыд, уым равдыста æгæрон уды хъомыс, знæгтæн уыцы тыхимæ сæ бон ницы бацис скæнын. Зæрдæбынæй уын бузныг зæгъæм, ахæм æхсарджын фырт кæй схъомыл кодтат, уый тыххæй», — загъта министры фыццаг хæдивæг.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй абон æппæт Ирыстон сæрыстыр у Есенаты Таймуразæй. «Сæрмагонд хæстон операцийы архайæг ссис Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыр. Нæ хæстонтæ Украинæйы хъахъхъæнынц сабырцæрæг адæмы, нацистты ныхмæ хæцынц. Сæ цард раттынц, мах хъуамæ балæууæм хæстонты бинонты цур. Адæмы зæрды та хъуамæ сæ хъæбатырдзинад баззайа», — бацамыдта Сæргълæууæг.
Цæлыккаты Руслан радзырдта Есенаты Таймуразы хъæбатырдзинады тыххæй. Батальоны хай уæвгæйæ, танк размæ цыд, ахсджиаг цæрæнбынатмæ бахæццæ уæвгæйæ, знæгтимæ тохы бацыд. Дыууæ бронемашинæйы æмæ 30 знаджы фесафгæйæ, хистæр сержант Есенаты Таймуразы танкыл сæмбæлд рæмудзæн æрмæг. Уый танчы экипажæн радта, машинæйæ рахизыны æмæ хæстæг къохы хи бамбæхсыны бардзырд. Талынджы та хъуамæ не ‘фсæдты ‘рдæм ацыдаиккой.
Бынатæн аргъ скæнгæйæ, не ‘фсæддонтæ ахæцыдысты уæрæсейаг хæстонты ‘рдæм, фæлæ бахаудысты знæгты къухы. Нæ къорд тохы бацыд, Есенаты лæппу фæцæф, йæхи нал æмбæрста. Знæгтæ сæ уацары райстой, Уæрæсейы æфсады тыххæй алцæмæй дæр фарстой хистæр сержанты, фæлæ сын дзуапп нæ радта. Йæ цардæн тас кæй у, уый æмбæрста Таймураз, фæлæ йæ хæстон хæсыл йæ зæрдæ нæ сивта.
Цæлыккаты Руслан куыд загъта, афтæмæй йæ знæгтæ куы фарстой, уæд Есенаты Таймураз ныхъхъæр кодта: «Нæхимæ куы ссæуон, уæд автомат райсдзынæн æмæ уæ амарынмæ æрцæудзынæн!”

УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады информацимæ гæсгæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here