Кæддæр Цæгат Ирыстоны æрдз хъæздыг уыд алыхуызон сырдтæй. Фæлæ адæймаг куыд ифтонгдæр кодта нырыккон цуангæнæн хæцæнгæрзтæй, афтæ хъæддаг цæрæгойты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæнын райдыдта кæмдæриддæр. Уавæр куыдфæстагмæ уымæ æрцыд, æмæ иуæй-иу сырдты хуызтæ бынтондæр сихсыдысты Цæгат Ирыстоны æрдзон бынæтты. Уымæ гæсгæ, ивгъуыд æнусы 50-æм азты кæрон республикæйы паддзахадон оргæнтæ фарста афтæ æрæвæрдтой, цæмæй стæм цæрæгойтæ ногæй æрцæрын кæнæм не ‘рдзон бынæтты, дарддæр та куыст цæуа сæ бахъахъхъæныныл æмæ сæ нымæц уæгъдибарæй рæгъауæй фылдæр кæныныл не ‘рдзон бынæтты.
Мамонты æмдугон
Фыццаджыдæр, хъæддаг галы (зубры) кавказаг дæлхуыз нымад æрцыд, нæ уавæрты сбирæ кæнын кæй хъæуы, ахæм цæрæгойыл, XVIII æнусæй фæстæмæ махмæ кæй нал æмбæлдис, уый тыххæй. Ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй уый цард æртæ милуан азы размæ дæр, къæдзæхыйас мамонтты рæгъæуттæ ма хъæдбынты куы хызтысты, уæд. Рагон хъæддаг адæм кæд ацы цæрæгойы æнауæрдонæй цагътой æнусты дæргъы, фæстæдæр æй карз æрдзон æууæлтæ дæр бахъыгдардтой æмæ фесæфт, уæд хъæддаг галыл та ничи æмæ ницы фæтых. Абон дæр цæры æмæ фылдæр кæны Зæххы къорийы хицæн бæстæты.
Зоологтæ æмæ цæрæгойты дуне иртасæг æндæр ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй хъæддаг гал у мамонты хæрзæрвад, европæйаг галты дæлбинонты иунæг ахæм дæлхуыз. Йæ бæрзæнд у дыууæ метры, дæргъ — æртæ метры, йæ уæз та стырæй вæййы тоннæйы бæрц, Рагон замантæй фæстæмæ фылдæр адæмтæн канд цуангæнæн объект нæ уыдис, фæлæ ма рæсугъд сырд дæр. Æдзухдæр-иу æгæрон хъару кæй æвдыста, уый тыххæй йæ барстой уæларвон тыхтимæ, æмæ йын алы хатт куывтой æмæ табу дæр кодтой.
Æвæццæгæн, ивгъуыд миназы æрдз нырæй хъæздыгдæр æмæ уæгъдибардæр уыдис. Æппæтдæр фаг кодтаид цæрынæн, уыимæ хъæддаг галтæн дæр. Фæлæ адæймаг у æнæфсис. Чысыл ма бахъæуа ацы хъæддаг сырд дæр мамонты хал ма ахæра. Уавæр афтæ уыд, æмæ фæстаг хъæддаг галты хуызтæ (беловежаг æмæ ныгуылæнкавказаг) цагъд æрцыдысты XX æнусы райдайæны, Цæгат Ирыстоны та, куыд загътам, афтæмæй — XVIII æнусы.
Æцæгдæр, хъæддаг галтæ нæ республикæйы æрдзон бынæтты цæрæг дæр кæй уыдысты, уый абон дызæрдыггаг нæу. XVIII æнусы кæронмæ æввахс, Уæрæсейы Императорон академийы академик Гюльденштедт куыд хъусын кодта, афтæмæй цæугæдон Æрæфмæ æввахс лæгæт-кувæндон Олисай-хæдзары цы алыхуызон цæрæгойты сæры къуыдыртæ ссардта Дыгургомы, уыдонæй 14 кæй разындысты хъæддаг галты. Æмæ уый иунæг ахæм æвдисæн нæу. XX æнусы райдайæны Цæгат Ирыстоны æрдзиртасæг ахуыргонд Н. Динникæн Задæлескы цæрджытæ дзырдтой, сæ фыдæлтæ хъæддаг галтыл кæй цуан кодтой, уый тыххæй. Фæстаг ахæм сырд та ивгъуыд æнусы ссæдзæм азты амардæуыд Ныгуылæн Кавказы.
Хъахъхъæд æрцыд
Фæлæ хъæддаг галы кавказаг дæлхуызы истори ууыл нæ ахицæн. Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ 1908 азы Кавказы ахст чи ‘рцыд, ахæм хъæддаг род бахауд Германы цæрæг Карл Гагенбекы хисæрмагонд зоопаркмæ. Куы схъомыл, уæд дзы беловежаг дæлхуызы дыгæрдгуытæ цалдæр роды ныззадысты. Æддаг бакастæй уыдон уыдысты беловежæгты æнгæс, сæ хъуын сау æмæ къæбæлдзыг кæй уыдис, уый та сæм фæхæццæ кавказаг дæлхуызæй. Уымæй уæлдай, сæ мадæлтæй хицæн кодтой, къаддæр кæй уыдысты, уымæй æмæ æндæр миниуджытæй дæр. Зæгъæм, чи сæ федта, уыдон æнæбафиппайгæ нæ фесты, хъæддаг галтæ беловежæгтæй цæрдæгдæр кæй сты, æдæрсгæ сæ бон къæдзæхты тæссар фæхстыл цæуын кæй у, уыдæттæ æмæ æндæр хицæндзинæдтæ. Кæд 1927 азы дунеон рæгъауы æдæппæт уыдис 48 хъæддаг галы, уæд ныр та сты 3450 сæрæй уæлæмæ æмæ сæ нымæц дарддæр рæзы.
Рагон цæрæн бынæтты
«Ахуыргæндты фæндæй хъæддаг галты рæгъау Цæгат Кавказы фылдæр кæныны куыст райдыдта XX æнусы æхсайæм азты. Уæд ацы сырды сыгъдæгтугджын рæгъау арæзт æрцыд бæстæйы центрон хъомылгæнæны. Дарддæр та фарста афтæ æвæрд æрцыд, цæмæй уæгъдибар рæгъау арæзт æрцыдаид Цæгат Кавказы æмæ æрдзиртасджытæ равзæрстой Цæгат Ирыстоны паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынат, бæлвырддæр та заказгæнæн «Цъæййаджы» фæзуат. Уымæ гæсгæ Суададжы комы рæбын рæстæгмæ дарæнтæ арæзт æрцыдысты хъæды стырдæр æрдузтæй иуы», — радзырдта ацы æрдзхъахъхъæнæг кусæндоны хъæддаг галтæм иудадзыг цæстдарæг наукон кусæг, биологон наукæты кандидат Павел Вейнберг.
Дарддæр ахуыргонд— æрдзиртасæг куыд бафиппайдта, афтæмæй 1968 азы Беловежская Пущайæ ласт хъæддаг галтæ: 30 богъайы æмæ 17 хъуджы ам уагъд æрцыдысты. Уыдон сæхи хорз банкъардтой бынæттон уавæрты, фæстæдæр схъæддаг сты æмæ æнтыстджынæй фылдæр кæнын райдыдтой. Суададжы цæрджытæ та цыбыр рæстæгмæ базыдтой хъæддаг галты миниуджытæ. Диссаг куыннæ у, ахæм стыр цæрæгойтæ адæймагæй сæхæдæг кæй тæрсынц, уый. РЦИ-Аланийы сгуыхт эколог Сабеты Аламбег мын куыд радзырдта, афтæмæй хъæддаг галтæ, адæймаджы бафиппайгæйæ, раздæр сæхи ракæнонхуыз скæнынц, стæй ныффуттытæ кæнынц æмæ, дам, лидзынмæ фæвæййынц.
Фæдзæхст бынаты наукон кусджытæ ацы цæрæгоймæ раиртæстой æндæр миниуджытæ дæр. Хъусæй æмæ фындзæй рæвдз сты, цæстæй та иннæ цæрæгойтæй къаддæр уынынц. Цалынмæ сæм се знаг æввахс бацæуы, уæдмæ йæ нæ базонынц. Къорды хъахъхъæнæг иннæтæй фæлæууы 20-25 метры æддæдæр. Адæймаджы кæнæ тугдзых сырды æрмæстдæр тæфæй базоны, лидзгæ та кæнынц цыппæрвадыгæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ фæлæууынц, байхъусынц уынæрмæ æмæ та сыл ногæй къæхтæ базайы.
Хъæддаг галтæ уарзынц къордгæйттæй хизын. Алы къорды дæр вæййы 10-15 сæры. Сæрдыгон сæхи тынгдæр фæхъахъхъæнынц, чысыл сыбыртмæ дæр къæрцхъус вæййынц. Бирæгътæ сæм куы балæбурынц, уæд та æдзухдæр зиллаккæй слæууынц, астæуæй бакæнынц родты æмæ æмхуызонæй тох кæнын райдайынц тугдзыхтимæ. Хатгай та афтæ вæййы, æмæ се знæгтæй лидзгæ акæнынц, иу ныхасæй, сæ къæхты руаджы аирвæзынц.
«Хъæддаг галты царды уаг æмæ сæ миниуджытæ ахуыр кæнынæй уæлдай, фæдзæхст бынаты специалистты сæйраг хæс у уыдоны нымæц азæй-азмæ фылдæр кæнын, æмæ уый тыххæй махæн ис æппæт фадæттæ дæр. Фыццаджыдæр, хъæддаг галтæ сæрдæй-зымæгæй кæм хизынц, уый у фæдзæхст бынат «Цъæййаджы” фæзуат — æдæппæт 15 мин гектары: Фыййагдонæй — Æрыдоны доны рахиз былмæ, Уыналæй Хæрисджынмæ цы уæлхох фæндаг цæуы, уый онг. Алы ран дæр æрдзон бынæттæ хъæздыг сты алыхуызон сойджын кæрдæджытæй. Хъæддаг галтæ сæрдыгон фæхизынц уæлхох уыгæрдæнты. Зымæгон та сæхи æрисынц сыфтæрджын бæлæсты тæлмытæм, æмæ ахæм уавæрты сæ нымæц фылдæр кодта. 1990 азмæ хъæддаг галтæ уыдысты 270 сæры. Суанг ма-иу сæ иуæй-иутæ Алагирæй Дзæуджыхъæумæ фæндаджы фæйнæварс былтæм дæр хизгæ æрхæццæ сты», — йæ ныхас дарддæр кæны Павел Вейнберг.
Ай-гъай, ацы бæрæггæнæнтæ чысыл æнтыст нæ уыдысты æрдзхъахъхъæнынадон кусæндоны æппæт коллективæн. Фæстæдæр, бæлвырддæр та 1990-1993 азты сæ куыст къуыхцы кæнын райдыдта. Нæ ныхас куы фæбæлвырддæр кæнæм, уæд ма хъæддаг галты рæгъауæй баззад æрмæстдæр 50-60 сæры бæрц. Фæлæ уыдоны нымæц дæр къаддæрæй-къаддæр кодта. Тæссаг уыд, хъæддаг гал бынтондæр заказгæнæн «Цъæййаджы» куы фесæфтаид, уымæй.
Фæдзæхст бынаты уæды разамынд цæрæгойты сæфты сæйраг аххосаг хуыдта, 1990-1993 азты митджын зымæгтæ кæй скодта, хъæддаг галтæн холлаг амал кæнын сæ бон кæй нæ уыдис, уыдæттæ. Рох кæнын та нæ хъæуы, ивгъуыд æнусы нæуæдзæм азты сæ Суададжы, Хæтæлдоны, Бирæгъзæнджы, республикæйы æндæр хъæуты æмæ горæтты æнæзакъон цуанæттæ дæр кæй бахъыгдардтой, уый. Закъоны раз та дзы йæ фыдракæндыл дзуапп радта æрмæстдæр иу адæймаг.
«Фæстаг ссæдз азы бæрц ахæм цау нал уыд фæдзæхст бынаты. Хъæддаг галы экологон системæтæ фылдæр кæнынмæ стыр æргом здахынц паддзахадон инспектортæ Агънаты Чермен, Фæрниаты Витали, Гæбуты Тамерлан, хистæр паддзахадон инспектор Брытъиаты Олег. Цырддзастæй хъахъхъæнынц сæ бæрныгонд фæзуæттæ, цæмæй хъæддаг галтыл мацы фыдбылызтæ цæуа», — бафиппайдта Павел Вейнберг.
Дарддæр та мæ зæгъын фæнды: хъæддаг галы хъысмæты фæдыл æрмæг куы æмбырд кодтон, уæд мæн хъуыд РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады специалистты архайд дæр базонын ацы сырды нымæц фæфылдæр кæныны куысты, æмæ уый тыххæй бахатыдтæн амынд министрады Доны фæрæзтæ æмæ Сырх чиныгмæ хаст цæрæгойтæм (хъæддаг гал дæр уырдæм хауы) цæстдарды хайады хицау Цæллагты Светланæмæ, уый та, цæмæдæр гæсгæ, нæ бафæндыд газеты уацхæссæджы фарстытæн дзуапп радтын. Куыд бæрнон кусæг, УФ-йы Дзыллон хабархæссæг фæрæзты закъоны бындурыл йæ хæс уыдис мæ куырдиат сæххæст кæнын. Фæлæ, Цæллагты Светланæ закъоны домæнтæ кæй ницæмæ æрдардта, уымæй уæлдай, мæнмæ диссаг фæкаст, ахæм æнæуд адæймæгтæ бæрнон бынæттæ куыд бацахсынц, уый. Æнхъæл стæм, æмæ кæм кусы, уыцы министрады разамонджытæ равзардзысты хайады хицауы хивæнд митæ, цæмæй йын Сырх чиныгмæ хаст цæрæгойты хъысмæт æцæгæлон ма уа.
Фонды æххуысæй
Ай-гъай, адæм æмхуызон не сты. Хъæддаг галтыл фыссын, уый куы базыдтой федералон паддзахадон бюджетон кусæндон «Беркут»-ы кусджытæ, уæд мыл æхсызгонæй сæмбæлдысты. Йæ разамонæг Дзгойты Сергей куыд радзырдта, афтæмæй сæ бæрны сты Змейкæйы-Николаевскы, паддзахадон заказгæнæн Æрæфы районы, Заманхъулы паддзахадон заказгæнæн — Рахизфарсы районы, уæлдай зынаргъдæр та сын у Тырмоны паддзахадон заказгæнæн — Дыгуры районы. Йæ фæзуат у 12 мины æмæ 600 гектары æмæ ныртæккæ ам уæгъдибарæй хизы, 13 сæры кæм ис, ахæм хъæддаг галты рæгъау. Афæдзы кæцыфæнды афон дæр сæм сæ цæст дарынц паддзахадон инспектортæ Хъæрджынты Джамболат, Татраты Витали, Дзестелты Славик, Хъайтыхъты Георги æмæ Годзойты Алан.
Хъæддаг галты хъахъхъæнынæй уæлдай уыдон сæхицæн хæсыл нымайынц ацы стæм цæрæгойты экологон системæтæ фылдæр кæнын дæр. Æрмæст афæдзмæ сæ рæгъауыл бафтыд 3 роды æмæ уый чысыл æнтыст нæу. Уымæн æмæ хъæддаг хъуццытæ ныззайынц дыууæ азмæ æрмæстдæр иу хатт.
«Ныртæккæ мах цæттæ кæнæм Уæрæсейы «Хъæддаг æрдзы фонд»-ы æххуысæй нæ хъæддаг галты рæгъау фæфылдæр кæныныл дæр. Рæхджы æртæ сæры райсдзыстæм фæдзæхст бынат «Цъæййаг»-æй, уыйбæрц хъæддаг галтæ нæм ласт æрцæудзæн Тебердайы заказгæнæнæй дæр. Уымæ гæсгæ сын ныртæккæ цæттæ кæнæм сæрмагонд бынæттæ, холлæгтæ æмæ æндæртæ», — радзырдта паддзахадон инспектор Дзестелты Славик.
Хъыгагæн, бынæттон цæрджытæй кæцыдæртæ разы не сты, хъæддаг галты нымæц нæм кæй фылдæр кæны, ууыл. Уыдон, дам, бахæрынц сусхъæды, сывылдзы, фæдæгъды, æндæр бæлæсты цъæрттæ. Уымæй уæлдай холлаг къаддæр зайы иннæ хъæддаг цæрæгойтæн. Фæлæ Павел Вейнберг куыд загъта, афтæмæй се знаггад бирæ нæу, алы сырд дæр, дам, кæцырдыгæй дæр зиан хæссы æрдзæн. Мах та зæгъын фæнды: хæдзар æдзæрæгæй куыд нæ фидауы, афтæ нæ хъæд æмæ нæ алфамбылай æрдзон бынæттæ дæр æнæ хъæддаг сырдтæй не сфидаудзысты æмæ уадз æмæ фылдæрæй-фылдæр кæной нæ фидæны фæлтæрты амондæн.
Тохсырты Къоста














