”Кæмæн не ‘мбæлы, уыдоны æфсадмæ цæмæн хонæм?..“

0
297

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фæсидт районты разамонджытæм, цæмæй хайгай æрсидты  рæстæг кæй не ‘мбæлы, уыдоны хæцæг æфсадмæ  хоныны цаутæн кæрон скæной. Хайгай æрсидт кæнынц, бæстæйы Президент цы домæнтæ фехъусын кодта, уыдонмæ гæсгæ.

«Хыгъдтæм бæстон æркæсут, хъуамæ дзы бархæлдтытæн бынат ма уа. Пъавесткæ чи райста, фæлæ æрсидтмæ чи нæ хауы, уыдон хъуамæ фæстæмæ сæ хæдзæрттæм раздæхой. Æмхуызонæй сæ цæмæн хъæуы хонын? Ис ахонæн кармæ, службæйы фæлтæрддзинадмæ, хæстон-хыгъдон дæсныйадмæ æмæ æндæр хъуыддæгтæм гæсгæ. Æрсидтон къамисты уæ хыгъдтæ ногæй сбæлвырд кæнут, Уæрæсейы Президенты домæнтæн дзуапп куыд дæттой, афтæ сæ скæнут», — республикæйы Сæргълæууæг Прокуратурæйы кусджытæм фæсидт, цæмæй хъуыддагмæ бæстон æркæсой.

Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй хайгай æрсидтмæ хауæг граждæнтæй скæндзысты 429-æм полчъы дыууæ батальоны, 19 мотоæхсæн дивизи дæр сæ баххæст кæндзысты. Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбегæн республикæйы разамонæг бахæс кодта 58-æм æфсадимæ æрсидтмæ хауæг адæмы æфсисад сбæлвырд кæнын. Цæмæй республикæйы фæндæгтыл машинæтæ, бæлццæттæ ма стыгуыр уой, уый тыххæй Транспорты æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитетæн бабар кодта, Урухы хъæуæй Уæллаг Ларсмæ бæлццæтты ласын, уырдыгæй сæ бон уыдзæн паддзахадон арæны сæрты ахизын.

Рог автомашинæтæн Информацион технологиты æмæ бастдзинады управлени сараздзæн электронон рад. Фæндæгтæ равдæлон кæныны тыххæй Ногиры хъæумæ ‘ввахс арæзт æрцыд рæстæгмæйы æрлæууæн бынат. Равæрдтой дзы хъæугæ инфраструктурæ. Томайты Ирбег куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ Уæллаг Ларсы цур æрæмбырд сты 3500 рог машинæйы, хъавынц Гуырдзыстонмæ ахизын. Кæсæг-Балхъарæй рацæуынæввонг сты 800 машинæйы. Æдæппæтæй нæ фæндæгтыл стыгуыр сты 4891 машинæйы.

Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег куыд радзырдта, афтæмæй уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы сæрты дыууæрдæм ахызтысты 37515 машинæйы æмæ 115 мин адæймаджы. «Уый, ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, у 23,3 проценты фылдæр», — загъта Томайы-фырт. Мидхъуыддæгты министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй транспорт республикæмæ фылдæрæй-фылдæр цæуы.

Сергей Меняйло бæрнон адæмæн бæфæдзæхста, цæмæй илциисæг службæимæ æмгуыст кæной, бæстæйæ æддæмæ чи цæуы, уыдонмæ хъус дарой. «Роспотребнадзор»-ы регионалон службæйы разамонæг Тыбылты Алан куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ республикæйы ног коронавирусимæ уавæр уæззау схонæн нæй. Ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, ныртæккæ 11,6 проценты къаддæр фæрынчын сты хæцгæ низæй. Рычындæттæм бахауæг адæм дæр 26,7 проценты къаддæр сты.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй 30 сентябры онг хъуамæ 4 скъолайы байгом кæной. Бындурон цалцæг сæ скодтой, октябры кæронмæ та иуазон бындурон цалцæг цы скъолаты кодтой, уыдон дæр срæвдз уыдзысты. Театр «Нарт»-æн бæстыхай саразыны гæххæттытæ 10 октябрмæ паддзахадон экспертизæ ацæудзысты.

Сæргей Меняйло куыд бафæдзæхста, афтæмæй хъуамæ куыст фæрæвдздæр кæной, цæмæй ацы аз арæзтадæн фæрæзтæ сæвæрой. Уæллаг Фиййагдоны Пульманологон центры рацарæзты гæххæттытæн паддзахадон экспертизæ 10 октябрмæ кæронмæ ахæццæ уыдзæн.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here