Æмбисонды хабæрттæ

0
143

Дæхи фырттæй цæуылнæ расомы кодтай?

Фæлахс зæронд ус æруатон. Фæлæ ма уæддæр йæ уæнгты хъару ис: йæ хуыссæны рабады, паддзах фистæгæй кæдæм цæуы, уырдæм дæр лæдзæджы æххуысæй бацæуы, йæхæдæг йæхи æхсы! Йæ зонд йæхимæ ис, æрмæст ыл рохзæрдæ бафтыд æмæ йæ хатт йæ зæгъинæгтæ дæр æрбайрох вæййынц, кæнæ чысыл раздæр цæуыл дзырдта, уый та сног кæны. Мæнæ ныр дæр стыхст: сæ дыккаг хæдзарæй йæм рынчынфæрсæг æрбацыдысты, лæварæн ын цы сæрбæттæн æрбахастой, уый йæ нывæрзæн арф бавæрдта, ныр æй нал ары. Йæ хуыссæны рабадт, йæ нывæрзæн сфæйлыдта — хæйрæг æй йæхимæ фæхаста. «Чындзы зæрдæмæ дæр куы фæцыд, æвæццæгæн, æй уый систа», — фæдызæрдыг ус.

— Чындз. О, чындз! Ардæм ма рацу, — ахъæр кодта иннæ хатæнмæ.

— Цы кæныс, Нана? — йæ уæлхъус алæууыд чындз.

— Мæ ног сæрбæттæн мæ нывæрзæн æвæрд уыд æмæ цыдæр фæци. Дæу йеддæмæ мæ хуыссæнтæм ничи æвналы. Ды йæ нæ систай?

— Мæ мард фен, кæд исты систон, Нана, — батыхст чындз.

Дыккаг бон дæр та зæронд усæн йæ сæрбæттæн йæ зæрдыл æрлæууыд. Ацагуырдта та йæ, фæлæ никуы æмæ ницы, йæ зæрдæ тынгдæр фехсайдта йæ чындзмæ. Æрбакодта та йæ йæхимæ.

— Чындз, мæ сæрбæттæн нæ арын. Иубон цыдæр уæлæнгай сомы ракодтай, кæд æй нæ систай, уæд ма карздæр сомы ракæн.

— Уæд сывæллæтты фыд амæла, кæд исты систон! — йæ фыртæй йын басомы кодта чындз, кæд мыл не ‘ууæндыс, уæд, зæгъгæ.

Ус иудадзыг ницы сдзырдта. Стæй мæстыйæ срæцыгъта:

— Æмæ дæхи фырттæй цæуылнæ расомы кодтай?!

Æртыккаг бон зæронд ус æдыхстæй йæ нывæрзæны йæ сæрбæттæн бацагуырдта æмæ йын гобанæй сынтæгæмбæрзæны бын разынд. Йæ чындзмæ фæдзырдта æмæ дзы хатыр ракуырдта.

Хæйрæг æмæ дзедыр

Хæйрæг, дам, цæстыфæныкъуылдмæ æрбатары вæййы. Бирæгъ та дзагъырдзаст у, йæ цæстытæ арæх нæ ныкъулы æмæ хæйрæджытыл дæр цуан кæны. Гъе ‘мæ та, дам, иуахæмы бирæгъ дзагъырдзастæй хæйрæджы æрбасырдта. Гъа ныр æй баййафа æмæ ацахса, афтæ дзедырджынмæ æрбахæццæ, æмæ дзедыры къутæртæ йæ къæхтыл тыхсын райдыдтой, размæ йæ æнцонтæй нал уагътой.

Æмæ хæйрæг аирвæзт. Хæйрæг бирæгъæй куы сæнæмæт, уæд дзедырмæ æрбацыд æмæ йын афтæ:

— Ды мæ бирæгъæй фервæзын кодтай, ды дæ мæ ирвæзынгæнæг, æмæ дыл мæ арфæ æрцæуæд. Мæ арфæ та у: сæрдæй-зымæгæй дæ хуыз ма ив — цъæх дар миты бын дæр.

Ус нал ракурдзæн

Иу Хуыцауысконд лæджы æнæуæрст адæмæй — сылгомæгтæй хорз хай нæ фæци. Фыдсыл, схъиуд æмæ алцæмæ дæр фаухæссæг, домаг, рæдæнг цардæмбал æй йæ хъуыры нарæгмæ скодта. Фæлæ йын цы гæнæн уыд — йæ цард чи халы, йæ цот æнæфыд чи кæны. Æмæ фæрæзта йæ уавæрæн.

Рæстæг куыд цыд, афтæ ус асдæр кодта æмæ йыл низтæ тых кæнын райдыдтой. Йæ фæлдурæджджын удыкондыл ма бафтыд хъæрзын æмæ тъизын, хи буц кæнын. Уæд дын иу бон йæ лæгмæ куы бауырдыг уаид:

— Нæ лæг, гъе нæ лæг, ныр дын æз куы æрбамæлин, уæд ус нал ракурис?

Лæг æм комкоммæ ныккаст, йæ сæры та цы фæмидæг, уый раиртасыны охыл.

Фæлæ йын ницы бамбæрста æмæ сдзырдта:

— Нал!

— Нæ, сайгæ мæ кæсын,— загъта ус, фæлæ йæ цæсгомыл бæрæг уыдис, йæ лæджы дзуапп ын æхсызгон кæй уыдис, уый.

— Мæ Хуыцауы стæн, нæ дæ сайын. Дæу чи бавзæрста, уый ма сылгоймаджы æмгæрон æввахс куыд хъуамæ æрцæуа. Æдылы æнхъæл мын дæ!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here