Удвидар, æхсар æмæ хъæбатырдзинады хицау, Уæрæсейы Хъæбатыр Есенаты Таймураз райгуырд æмæ схъомыл Беслæны бирæ бинонджын, æнгом, цардуарзæг хæдзары. Мах фембæлдыстæм Есенаты бирæ бинонтæй цалдæримæ. Чызджыты хистæр Фатимæ, Светланæ, Ларисæ æмæ сæ кæстæр æфсымæр Зауырбегимæ.
Фатимæ нын куыд радзырдта, афтæмæй сты авд хойы æмæ цыппар æфсымæры. Сæ ныййарджытæ Æхсарбег æмæ Тамарæ фæллой кодтой Беслæны нартхорыссæн комбинаты. Уым базонгæ сты æмæ сæ цард баиу кодтой. Æхсарбег уыд электромонтер, цалцæг кодта мотортæ, фарныхъæуккаг Æлборты Тамарæ та куыста хом крахмалы цехы. Фæцардысты кæрæдзи уарзгæйæ, кæрæдзи æмбаргæйæ. Цы иуæндæс сывæллоны сын рантыст, уыдонæн се ‘хсæн ис дыгай, æртыгай азтæ. Уыцы рæстæг уый бæрц бинонтæн бынтон хъæздыгæй цæрæн нæ уыд, фæлæ бинонтæ уыдысты æнгом æмæ кæрæдзи ныфсæй хъомыл кодтой. Кæрæдзимæ кастысты, кæрæдзиуыл хæцыдысты, ныййарджытæ та бинонтæн пайда æрбахæссыныл архайдтой.
Фатимæ: — «Кæд бирæ уыдыстæм, уæддæр хъуаг ницæмæй æййæфтам. Кæрæдзиуыл уыдыстæм æнувыд. Нæ иумæ-иу исчи куы сдзырдта, уæд-иу уайтагъд йæ фарс рахæцыдыстæм æмæ нæм ничи уæндыд. Стæй, нæ фыд хæрзæрыгонæй ахицæн йæ цардæй, 56 азы йеддæмæ йыл нæ цыди, йæ зæрдæйы низ æй нал бауагъта цæрын. Мæ хистæр æфсымæр уыди Советон æфсады службæйы æмæ æфсадæй куы æрцыди, уæд ссæдзаздзыдæй йæхи снывонд кодта йæ кæстæрты хъомыл кæнынæн. Уыдис нын нæ фыды хуызæн æмæ абоны онг дæр Марат цы зæгъа, уымæ хъусæм æмæ йæ æххæст кæнæм, кæд не ‘ппæт дæр бинонджынтæ стæм, уæддæр, æнæ дзургæйæ. Уæдæ кæстæртæ дæр афтæ, хъусынц сæ хистæртæм, аргъ сын кæнынц сæ хъуыддæгтæ, сæ ныхасæн.
Зæгъæм, Анжелæмæ куы æрбадзырдтой телефонæй, уæд загъта, махæн нæ хистæр Фатимæ у æмæ уыимæ сæмбæл, зæгъгæ. Æмæ кæрæдзиуыл афтæ æнувыд кæй стæм, уый нæ ацы уæззау рæстæг ноджы тынгдæр æрбангом кодта. Абон нæ алкæмæндæр ис бинонтæ, ис нын кæстæртæ. Мараты фæстæ хистæр дæн æз, дæн Цыхуырбаты къухы, æртæ сывæллоны хъомыл кæнын, дыууæйæ дзы рацыдысты адæмы æмрæнхъ, кæстæр та нырма скъолайы ахуыр кæны.
Мæ кæстæр хо Светланæ ис Токаты Хъазбеджы къухы, ис сын æртæ кæстæры, Жаннæ — Шариновты къухы, Ларисæ — Джабиты къухы, уымæн дæр ис æртæ кæстæры, Зауырбег йæ цард сбаста Фидараты Алинæимæ, Анжелæ — Хуадонты Сосланимæ, се ‘ппæтæн дæр ис дыгай-æртыгай сывæллæттæ, Зæринæйы лæг та ис Украинæйы. Уæззау цæф фæцис, тыххæй ма аирвæзт. Хæрз æрæджы баиу кодтой сæ цард, уыдонæн сывæллæттæ нæма ис», — зæгъы Фатимæ.
— Таймуразæн Хъæбатыры ном радтой, уый кæд фехъуыстат?
— Таймураз æфсæддон службæйæ куы æрцыд, уæд бирæ рæстæг дæр нæма рацыд, афтæмæй ногæй йæхи сбаста æфсæддон службæимæ. Дæс азы хæцыд Цæцæны, у хæстон архайды ветеран, фæлæ йæ гæххæттытыл не ‘рзылд. Уый фæстæ цыбыр рæстæгмæ рацыд службæйæ æмæ бинонты хъуыддаг бакодта. Йæ цард баиу кодта Хъазиты Фатимæимæ. Æртæ чызджы сын ис. Стæй йæ зæрдæ æндæр куыстæй куы нæ рухс кодта, уæд та ацыд Хуссар Ирыстонмæ, 58-æм æфсадæн цы хæйттæ лæууы, уырдæм. Уым службæ кодта танчы командирæй. Тынг уарзта йæ куыст æмæ йæ зындзинæдтæ дæр ницæмæ дардта. Тынг патриот уыдис, «уыдис» нæ зæгъдзыстæм, уымæн æмæ нæ уырны, Таймураз кæй æрцæудзæнис æмæ йæ Хъæбатыры ном дарддæр дæр кадимæ кæй хæсдзæн, уыдаид.
Йæ райгуырдæй фæстæмæ дæр уыдис сæрæн, змæлаг, фырсæрæнæй бæстæ иннæрдæм фæлдæхта, кæмæй фæзæгъынц, ахæм. Æфсæддон цардыуаг змæлыд йæ тугдадзинты. Æмæ Украинæмæ цæуыны рæстæг куы æрцыд, уæд хоты, хистæр æфсымæры домæнтæ æмæ куырдиæттæм дæр нæ байхъуыста, цæмæй ма ацæуа, уый тыххæй. Æз, дам, куынæ ацæуон, уæд мæхи бахæрдзынæн, ме ‘мбæлттæ уым мæлгæ кæндзысты, æз та мæхи мæ мады фæдджийы бамбæхсон?! Ныр хъусæм йæ хъæбатыры цаутæ æмæ уыцы миниуджытæ куы нæ равдыстаид, уæд уый мах Таймураз дæр нæ уыди.
Таймуразæн йæ кæстæр æфсымæр Азæмæт дæр контрактмæ гæсгæ службæ кодта, Хуссар Ирыстоны 58-æм æфсадæн цы хæйттæ ис, уым. Цы хайады службæ кодта, уый разамонджытæ сæ фæндон фехъусын кодтой, Азæмæты Украинæмæ кæй æрвитынц, уый тыххæй. Уæд Таймураз бацыд хицауадмæ æмæ сæ куырдта, цæмæй Азæмæты бæсты уый арвитой, уымæн æмæ йæм ис 15 азы фæлтæрддзинад. Æмæ уæд хицауад сæ дыууæйы дæр арвыстой. Украинæмæ куы бацыдысты, уæд сæ танктыл фыст уыдис «Худинаджы бæсты мæлæт». Таймураз ныфсытæ лæвæрдта йæ кæстæрæн, разæнгард æй кодта хъæбатыр тохмæ. Тохты рæстæг сæ фæхицæн кодтой.
Азæмæтæн йæ контракт куы фæцис, уæд æрыздæхт сæхимæ. Таймуразæй хабар нæ уыд æмæ йæ йæ бинонтæ агурын райдыдтой. Фыстой æмæ телефонтæй дзырдтой æфсæддон хæйтты разамонджытæм, салдæтты мадæлты комитетмæ, адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг оргæнтæм, фæлæ нывыл æмбаргæ дзуапп никæмæй истой. 24 мартъийы райстой, цы æфсæддон хайад сæ арвыста, уый минæвары цыбыр дзуапп. «Есенаты Таймураз нымад у æбæрæгæй сæфтыл». Бинонтæ æмæ йæ хотæ ноджы тынгдæр скарз кодтой агурæн мадзæлттæ. Йæ хотæ фембæлдысты, Таймуразимæ Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайдта, хорз æй чи зыдта, уыдонимæ. Фæстæдæр та йемæ уацары чи бахауд, фæлæ украинаг уацайрæгтыл ивд чи æрцыд, йæ экипажы уыцы дыууæ æфсæддоны, Анатолий Зарянов æмæ Иван Мильников бæлвырд æмæ бæстонæй Фатимæйæн радзырдтой:
Йе ‘мбæлттæ куыд дзурынц, афтæмæй хистæр сержант Есены-фырт командæ цы экипажæн кодта, уый батальоны тактикон къордимæ карз тохы бацыдысты æфсæддон æгъдауæй ахсджиаг хъæу байсыныл. Знæгтæн сæ тыхтæ уыдысты бирæ фылдæр. Есены-фырты арæхстджын командæйæн сæ бон бацис цалдæр бронемашинæйы срæмудзын æмæ 30 украинаг националисттæй фылдæры бабын кæнын. Фæлæ, танкты ныхмæ ракетон комплексæй Таймуразы танк срæмыгътой. Танк куы ссыгъд, уæд Таймураз йæ эпипажы уæнгтæн бардзырд радта, цæмæй танк ныууадзой æмæ рахизой æдас бынатмæ. Йæхæдæг рахызт фæстагмæ æмæ йæ экипажы уæнгты хъæдрæбын бааууон кодта. Æнхъæлмæ кастысты фистæг æфсады æххуысмæ, фæлæ уыдон ныффæстиат сты æмæ сыл уæдмæ знæгтæ æрхъула сты. Райстой сæ уацары. Уацары уæвгæйæ дæр Таймураз ныфсæвæрæнтæ кодта йе ‘мбæлттæн. Дзырдта сын, цæмæй æппындæр ма тæрсой, мацы дзурой, алы хъуыддæгтæ дæр йæхимæ кæй райсдзæн, уый. Æмæ афтæ бакодта.
Ницы сын загъта, ницы сын схъæр кодта, суанг чи у æмæ цы архайæг у, уый дæр. Слесты архайд куы цыд, уæд-иу райхъуыст, знæгтæ йын кæй дзурын кодтой «Кад Украинæйæн» æмæ-иу райхъуыст йæ хъæр «Кад Уæрæсейæн» дзырдта сын, куы аирвæзон, уæддæр та æрбаздæхдзынæн сымахмæ, националисттимæ, тохмæ».
Анатолий Зарянов ма дзырдта, цæргæбонты кæй никуы ферох кæндзæн Таймуразы, уымæн æмæ уый куы нæ уыдаид, уæд цæргæйæ нæ баззадаид, афтæ бузныг æмæ сæрыстыр дзы уыд йæ адæймагдзинад æмæ йæ хъæбатырдзинадæй Иван Мильников дæр. Ацы хабæрттæ Фатимæ ныффыста, лæппутæ ма Севастополы куы уыдысты, уæд, æмæ сæ барвыста æфсæддон прокуратурæмæ. Лæппуты ма уацары фæстæ фарстой æфсæддон прокуратурæйы дæр, Æдасдзинады федералон уæнгтæ, фæлæ Таймуразы сæрæндзинад, хъæбатырдзинад æмæ аудынæй дарддæр сæ ныхæстыл ницыуал бафтыдтой. Сæ контрактты æмгъуыдтæ фесты æмæ сæ хæдзæрттæм ацыдысты.
Есенаты бинонтæ та дарддæр агуырдтой сæхи Таймуразы. 27 июны та сын фехъусын кодтой, Есенаты Æхсарбеджы фырт Таймуразæн лæвæрд кæй æрцыд Уæрæсейы Хъæбатыры кадджын ном.
6 сентябры Уæрæсейы Федерацийы Президенты Указмæ гæсгæ танчы командир, хистæр сержант Есенаты Таймуразæн, йæ лæгдзинад, æхсар æмæ хъæбатырдзинады тыххæй, лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Хъæбатыры ном.
16 сентябры Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Цæлыккаты Руслан РЦИ-Аланийы Хицауады хæдзары Есенаты Таймуразы бинонтæ æмæ хæстæджытæн кадджын уавæры радта Уæрæсейы Хъæбатыры «Сыгъзæрин Стъалы».
— Уæ фырт, дæ мой, уе ‘фсымæр равдыста хъæбатырдзинад. Йæ хæстон хæстæ æххæст кæныны фадат ын куы нал уыд, уæддæр ахæм удвидар равдыста æмæ знæгтæ ницы бафæрæзтой уыцы хъару басæттынæн. Райсут нæ арф зæрдæбын арфæтæ, ахæм гуырд кæй схъомыл кодтат, уый тыххæй, — загъта хæстæджытæн, хæрзиуæг дæтгæйæ, министры фыццаг хæдивæг.
Æхсызгон куыд нæ уыд ацы хабар бинонтæн, æфсымæртæ æмæ хотæн, йæ ныййарæг мадæн, фæлæ йæ хо Ларисæ куыд зæгъы, хæст хæст у, æмбарæм æй, алцы дæр æрцæуы. «Мах нæ зæрдæ дарæм, не ‘фсымæры удæгасæй феныныл, фæлæ нын Хуыцау кæд уый бавгъау кæна æмæ нæм искæй мард куы сæрвитой, уæддæр æй сбæрæг кæнын кæндзыстæм хæдбар экспертизæйæн. Уый тыххæй та ДНК-тæ арвыстам Ростовмæ», — загъта Ларисæ.
«Тынг уæздан сылгоймаг Хъазиты Фатимæимæ сбаста йæ цард Таймураз. Дæс азы цæрынц иумæ. Ис сын æртæ хурыхуызæн чызджы. Чындз тынг æнувыд у бинонтыл, хорз кæстæр у, цыфæнды йын куы зæгъай, уайтагъд æй аххæст кæндзæн, мæнæ цыма дæ сывæллон у. Уый дæр алы рæттæм фыссы, æнхъæлмæ кæсы, æндæр цы йæ бон у», — зæгъынц йæ ходыгъдтæ.
Хотæ æмæ æфсымæртæ стыр бузныг сты сæ чындз Фатимæйы хистæр æфсымæр, мидхъуыддæгты раздæры кусæг, Хъазиты Асланæй. Таймуразæн йæ ацæуынæй абонмæ уый нæдæр йæ æхцайы фæрæзтæ нымайы, нæдæр йæ фыдæбон. Кæцы къæсæрæй нæ бакаст, кæцы хицауы дуар нæ бахоста, ахæм нал баззад. «Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн не ‘фсымæр у, нæ кæстæр æмæ йæ мах агурдзыстæм, абон уа, райсом уа, фæлæ кæд уый ахæм зондыл хæст у, уæд ын мах дæр нæ сæртæй ныллæг кувæм æмæ кувдзыстæм, нымайдзыстæм æй не ‘фсымæрыл», — æмдзыхæй зæгъынц Есенаты бинонтæ.
Хъæбатыр хæстон, патриот, удварн æмæ æхсары хицау Есенаты Таймуразæн Уæрæсейы Хъæбатыры «Сыгъзæрин Стъалы» йæхицæй раздæр æрхæццæ йæ бинонтæм, Ирыстонмæ. Йæхæдæг та æбæрæг ран ныффæстиат. Фæлæ йæ бирæ хотæ æмæ æфсымæртæ, йæ бинойнаг, йæ чысыл æртæ хуры тыны кæсынц æнхъæлмæ. Кувынц Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæм, цæмæй сæм иу бон сæрæгасæй фæзына. Сæ куывдтæ фехъуысæнт Хуыцаумæ! Мах дæр уымæ кувæг стæм.
Касаты Батрадз














