Новеллæ «Мад»

0
187

Уасыд гыццыл уæрыкк… Фæдзæгъæл æмæ дзуджы иу кæронæй иннæмæ агуырдта йæ мады.  Куы-иу иу фысмæ бакъул кодта йæхи, куы — иннæмæ. Ничи  йын бамбæрста йæ тыхст æмæ йæ катай. Фæстагмæ йæ чысыл къæдзил æхсызгонæй батылдта, базгъордта, дзуджы кæрон цы хъулон фыс хызтис, уымæ. Хатыркурæгау æрхаудта йæ уæрджытыл, æмæ мады хъарм æхсырæй йæ тарст, йæ рыст æмæ йæ мондæгтæ суагъта. Диссаг, цымæ, цæмæй базыдта йæ мады? Кæд, мыййаг, йæ хъæлæс иннæтæй фæлмæндæр уыди? Кæд æм йæ удæй фылдæр хъарм цыди? Кæд ын уый йæ зæрдæйы цæф уæлдай хуыздæр æнкъардта, æмæ йын  цин æмæ æхсызгондзинад хаста? Æви кæд цы æрдзон тыхтæй баст уыдысты, уыдон сæ кæрæдзимæ æлвæстой?

Уасыд гыццыл уæрыкк… Мæн та мæ хъуыдытæ мæ сабидугмæ ахастой. Мæгуыргурау бахостой ивгъуыды дуар æмæ дзы рахастой мысинæгты хал.

Уæд уалдзæг уыд. Æхсæз, авд азæй фылдæр мыл нæ цыд. Хъазыдтæн кæрты. Зæрдæ ради, хур зæххы йæ хъарм тынтæй куыд рæвдыдта, бæлæсты къалиутæ цъæх-цъæхид сыфтæртæй сæхи куыд сфæлыстой, зæрватыччытæ æмцæдисæй фидар ахстон куыд быдтой, æмæ, цардыл цингæнгæйæ, куыд цъыбар-цъыбур кодтой, уымæй. Дуар æрбайгом и, æмæ кæртмæ æрбахызти нæ зæронд дада. Махæй цыппар хæдзары дæлдæр царди. Нудæсæм æнус йæ авдæн кæмæн аузта, царды фæзилæнты чи сфæлтæрдта, хъару, зонд æгъдау æмæ фæразондзинадæй æххæст чи уыди, йæ амонд куысты чи ардта, уымæн ссæдзæм æнус йæ дуæрттæ парахатæй байгом кодта æмæ йын йæ азты нымæц сæдæйæ фæуæлдæр кодта.  Базæронд, йæ цæсгомы æнхъырдтæй ирдæй зынди йæ ивгъуыд царды азфыст. Сабыргай æрбахызти хæдзары къæсæрæй æмæ бандоныл æрбадти. Æрбахъæбыс мæ кодта æмæ мæ йæ уæрагмæ систа. Цыма мæ карæн уыди, афтæ йемæ хъазыныл фæдæн. Куы йын йæ даргъ цыллæхуыз зачъетæй дзыккутæ быдтон, куы йын йæ куырæты цæппæртæ уæгъд кодтон æмæ йын сæ фæстæмæ æвæрдтон, куы та йын йæ къухты æнцъылдтæ цармæй ауæдзтæ арæзтон.

Уæдмæ фæзынд мæ нана, зæронд дадайæн йæ чызг, йæ цæстытæм ын фæкомкоммæ æмæ сдзырдта:  «Мæ хæдзар бахорз, уый кæугæ куы кæныс».

Зæронд дадайæн йæ урс-урсид сæр фæкъул и, хъæрæй скуыдта, стæй йæ цæссыгтæ сæрфгæйæ сдзырдта: «Гъер ма мын мад куы уаид, мад».

Цал азы аивгъуыдта уæдæй абонмæ? Ныр æз мæхæдæг дæр нана дæн. Мæ азтæ иуæндæс æмæ æртиссæдзæй фæфылдæр сты, фæлæ уыцы æнкъард ныв мæ зæрдæйæ нæ хицæн кæны. Цымæ, цæмæн куыдта зæронд дада? Кæд дзы исты маст уыди æмæ йæ æрмæстдæр йæ мадæн радзурын фæндыди? Чи зоны, мæ къухы бандзæвдæй йæ мады рæвдыд йæ зæрдыл æрлæууыд æмæ йын кæм баззад, уыцы сабидуджы дуæрттæм дæгъæлтæ йæ хъарм цæссыгтæй агуырдта? Чи зоны… æвæццæгæн, зæрондæй дæр ма нæ мадæлтæн сывæллæттæй баззайæм æмæ нæ цин æмæ нæ маст дæр нæ мидхъуыдыты уымæн фæдзурæм, фынты йæм уымæн фезгъорæм. Æмæ цалынмæ а зæххыл вæййæм, уæдмæ нæ удты æмæ нæ зæрдæты арфдæр бынæтты фæцæрынц. Гъе, æрмæст хъæбулы фæстаг сулæфтимæ ацæуынц ацы цардæй нæ фæлмæн мадæлтæ дæр.

Уасыд гыццыл уæрыкк… Фæдзæгъæл æмæ агуырдта йæ фæлмæн мады.

Хестанты-Бутаты Победæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here