Хуыздæр скъола

0
326

Ирыхъæуы скъолайы зæронд къултæ… Сæ бакаст ницæуыл дзуры, фæлæ сæ хорздзинад кæуылты у. 1937 азы фыццаг хатт байгом кодта йæ дуæрттæ рæзгæ фæлтæрæн. Уæдæй абонмæ цал æмæ цал рауагъдонæн радта фæндаг царды рухс фæзмæ. Сæ фылдæрæн сæ ракъахдзæф фæрæстмæ.

85-аздзыд скъола уæд дæр æмæ абон дæр сывæллæтты ‘хсæн парахат кæны мадæлон рæсугъд æвзагмæ, нæ фыдæлты культурæ æмæ традицитæм, Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, ахуыр сæ кæны хи дарыныл, хистæрæн кад кæныныл.

Ирыхъæуы 13-æм скъола сæрыстырæй хæссы ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы ном. Ахæм номдзыд скъолайы ахуыр кæнын, стæй кусын дæр кадджын у.

Абон скъолайы ахуыр кæны 380 чызджы æмæ лæппуйы. Уайтагъд æй бафиппайдтам, хæрзæгъдау фæсивæд кæй сты, уый. Алывæрсыг зонындзинæдтæ сын дæттынц сæ ахуыргæнджытæ, сæ сæргъы фæлтæрдджын педагог Бекъойты Аллæ.

— Рæстæгимæ æмдзу кæныныл архайæм, кусæм ног стандарттæм гæсгæ. Полилингвалон ахуырад, кæнæ цалдæр æвзаджы ахуыр кæнгæйæ, дуне базонын, — ахæм эксперименталон фæз дæр фыццаг мах скъолайы бафæлвæрдтой. Ныр дзы республикæйы бирæтæ æнтыстджынæй пайда кæнынц. Скъоладзауты ‘хсæн ис бирæ курдиатджын сабитæ, уыдонимæ сæрмагонд куыст цæуы. Æхсызгонæй архайынц ирон кафджыты къордты, ахуыр сæ кæнынц фæндырæй цæгъдыныл, шахмæттæй хъазыныл, æндахæй нывтæ æвæрыныл. Адæмон сфæлдыстады сусæгдзинæдтимæ зонгæ кæнынц къорд «Талатæ»-йы. Стыр æргом здахæм сабиты æнæниздзинадмæ, кусынц нæм спортивон секцитæ, — зæгъы скъолайы директор.

Цыфæнды нырыккон технологитæ дæр никуы баивдзысты ахуыргæнæджы уарзæгой ныхас, йæ цæстуарзон аудындзинад. Директор куыд зæгъы, афтæмæй разы у æппæт коллективы архайдæй. Алы ахуыргæнæг дæр æнувыд у йæ дæсныйадыл, зоны æмæ уарзы йæ предмет.

Арфæйы ныхæсты аккаг сты педагогон фæллойы ветерантæ, уыдон бирæ азтæ радтой рæзгæ фæлтæры хъомыладæн. Сæ фарсмæ æнтыстджын къахдзæфтæ кæнынц æрыгон ахуыргæнджытæ. Уыдонæй иу, Къораты Дианæимæ ныхас кодтам. Куыд базыдтам, афтæмæй каст фæцис йæ райгуырæн хъæу Уæллаг Санибайы скъола. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Битарты Верæ йын бауарзын кодта ахуыргæнæджы дæсныйад. Фæстæдæр паддзахадон университеты студент уæвгæйæ дæр ын уыд диссаджы куырыхон ахуыргæнджытæ. — Абон дæр бузныг дæн Джыккайты Шамилæй, Тахъазты Харумæй, Хозиты Барис æмæ иннæтæй. Уыдон нæ разæнгард кодтой нæ фидæны дæсныйадмæ.

— Ныртæккæ кусын æнгом æмæ куыстхъом коллективы. Астæуккаг кълæсты ахуырдзауты зонгæ кæнын уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы сусæгдзинæдтимæ. Ахуыргæнæг суæвын кæй фæнды, уый хъуамæ, фыццаджыдæр, уарза сывæллæтты, йæхæдæг уа фæзминаг алцæмæй дæр, стæй йæ зонындзинæдтæ бæрзонд кæныныл куса, — загъта Дианæ.

Коллективы кæддæриддæр æхсызгонæй æрымысынц сæ раздæры директор Сæлбиты Иринæйы. Ацы скъолайы сывæллæттæн сæ ахуырадон программæ ницæмæй хицæн кæны горæты иннæ скъолатæй. Нæ республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрады домæнтæ иууылдæр æххæст кæнынц. Алы къуырисæры дæр скъолайы бæстыхайы сæрмæ, барабанты цагъд æмæ Уæрæсейы гимнимæ сисынц нæ бæстæйы тырыса.

Патриотон хъомыладмæ стыр æргом кæй здахынц, уый бæрæг у, цы хъæздыг историон музей ис скъолайы, уымæй дæр.

Хицæн ныхасы аккаг у сывæллæттæн сæ аив уæлæдарæс, алкæуыл дæр ис Къостайы нывимæ риуылдаргæ нысан. Иудадзыг ахуырдзау фæсивæд сыгъдæг дарынц Къостайы ингæн пантеоны.

Дзæуджыхъæуы 13-æм астæуккаг скъола национ-культурон исбоныл банымадтой. 2025 азы скъолайы уæладзгуытæ æрцæудзысты бындурон цалцæггонд.

Гугкаты Жаннæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here