Телерадиокомпани  «Дуне»

0
408

Кæфты мæйы фарæстæм боны дунеон  телерадиокомпани «Дуне» бæрæг кæны йæ юбилей — 30 азы эфиры. Уый бæрц азты дæргъы телеуынынады уацхæсджытæ дзурынц дунейæн Хæдбар Паддзахæдты Æмхæларады бæстæты царды тыххæй. Куыд кусы абон информацион центр, уый тыххæй бафарстам дунеон телерадиокомпани «Дуне»-йы сæрдар Радислав Батыршины.

— Абон телерадиокомпани цавæр хуызы æххæст кæны йæ куыст?

— Фæстаг азты нæ аудиторийы нымæц Уæрæсейы 5 хатты сырæзт, Казахстаны — æхсæз хатты. Нæ телеуынынад цы Хæдбар Паддзахæдты Æмхæларады бæстæты æвдыст цæуы, уым нæ куысты сгуыхтытæ ис раиртасæн. Зæгъæм, Белоруссийы «Дуне» бацахста 5-æм бынат; Казахстаны — 6-æм; Хъыргъызстаны — 8-æм бынат. Уæрæсейы æртæ азы æмгъуыдмæ «Хуыздæр каналты номхыгъд»-ы 20-æм бынатæй схызт 15-мæ. Уæрæсейы æппæт каналты аудитори куыд фылдæр кæны, уымæ гæсгæ лæууæм цыппæрæм бынаты. Абон нæм æдæппæтæй кæсы 184 милуан адæймаджы. Абоны боны уавæртæм гæсгæ «Дуне» у ХПÆ æмæ Гуырдзыстоны размæдзыддæр телеуынынады компанитæй иу. Уый арæзт у «Дуне»-йæ æмæ «Дуне 24»-æй, уыимæ — радио «Дуне», информацион хыз æмæ алывæрсыг спутникон системæ «Дуне-Телепорт». Мах дзурæм Евразийы царды сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр цаутыл. Ацы хъуыддаджы мах стæм иунæг ахæм компани. Нæ кæсджыты размæ мах хæссæм цымыдисаг цаутæ, зæгъæм, Таджикистаны 10 милуанон цæрæг кæй райгуырд, Азербайджаны цæрджытæ бирæ кæй цæрынц, уыцы сусæгдзинæдтæ, Туркменистаны худтæ æмæ газы арæзтад. Мах дзурæм Рогуны ГЭС-ы арæзтад Вахшы цæугæдоныл, Сомих æмæ Гуыр- дзыйы арæны ног хид кæй  байгом кодтой, Белоруссийы туацъæнæмыджы плантацитыл.

— Уæ архайд æртын азмæ у «Дуне у аив». Цы нысан кæны уæ каналмæ кæсджытæн?

— «Дуне у аив»-ы проект   сырæзт, нæ къорды алы адæмыхæттытæ кæй кусынц, уый фæрцы. Уыдон сты 11 филиалы ХПÆ æмæ Гуырдзыстоны. Дæс æмæ ссæдз азы дæргъы «Дуне» зонгæ кæны адæмы алыхуызон культурæтимæ, æгъдау æмæ фыдæлты фæткимæ. Алы бон мах дзурæм ХПÆ-ы цы цаутæ цæуынц, уыдон. Мах кад кæнæм, чи нæм кæсы æмæ хъусы, уыдонæн, æмæ уый тыххæй нæ изæры хабæрттæ райдыдтам æвдисын авд сахаты æрдæгыл.

Информацион рауагъды фæстæ, изæры вæййынц интеллектуалон хъæзтытæ, се ‘хсæн «Кинойы хъазт» Сергей Белоголовцевимæ, «Лæмæгъ хай» Мария Киселеваимæ, «Фæстæмæ фидæнмæ» Виктор Логиновимæ. Ацы проекттæм ма бафтыдтам дунейы фыццаг медицинон викторинæ «Сабыргай, низ!» Пандемийы дыууæ азы нын бамбарын кодтой: адæймаджы цард æмæ æнæниздзинадæй сæйрагдæр кæй ницы ис. Уый хыгъд нæ хæс у, чи нæм кæсы, уыдонæн амонын цымыдисаг информаци.

Ног сезоны «Дуне» фæаивдæр ис ног дизайны фæрцы. Нæ логотипы ахорæнты фæзгъæртæ æмæ арвы æртах, уый мидæг йæ хуыз ссардта. Уый у аллегори, æхсæнадты æмæ дзыллон информацион фæрæзты фидар æмæ лымæн иудзинад  Хæдбар Паддзахæдты Æмхæларады бæстæты.

— «Дуне» куыд бæрæг кæндзæн йæ юбилей?

— Афæдзы дæргъы æмæ аивæй. Эпидемиологион уавæртæ нын 2022 азы радтой бар стыр бæрæгбæттæ аразынæн, уый хыгъд «Дуне» ХПÆ-ы бæстæты сæйраг сахарты арæзта йæхи сæрмагонд акцитæ. Зæгъæм, Бакуйы нæ минæвæрттæ хорз федтой горæты цæрджыты пахлавайæ, шекербурайæ æмæ гогалатæй, Бетъырбухы та — корюшкæйæ. Мæскуыйы Сабантуймæ нæ каналмæ кæсджыты суазæг кодтам Хабæртты разамонæг Гузель Камаевайы арæзт беляштæй. Уыимæ ма, шеф-пъовыр æмæ программæ “Цæттæ у!»-йы разамонæг Александр Журкинæй уыд “дунейы” вареннæ. Нæ кусджытæ Алматайы парчы бандæттæ сахуырстой «Дуне»-йы аив ахорæнтæй.

«Дуне» у зæрдæхæлар телекомпани. Сывæллæтты хъахъхъæнæн боны уазæгуаты фæхуыдтам нæ кæстæр телеуынынадмæ кæсджыты. Сарæзтам сын чысыл экскурси — равдыстам сын нæ студитæ, бацамыдтам нæ куыст. Сывæллæттæй алкæмæн дæр уыд фадат цавæрдæр дæсныйад бафæлварынæн — программæйы разамонæг, уацхæссæг, видеооператор кæнæ монтажы режиссер. Ацы акци ма сарæзта Бетъырбухы филиал.

— Уæ каналы ном «Дуне»-мæ гæсгæ сæвзæрынц ахæм хъуыдытæ, куыд хæлардзинад, æххуыс, ахъаздзинад.

— Раст зæгъыс. «Дуне» у, фыццаджыдæр, адæмыл æмæ адæмон канал, уый кæны хæрзаудæн куыст дæр. Алы цыппæрæмы нæ каналы у «хорз хабæртты бон», ома, цы адæм бахаудысты æвзæр уавæры, низ кæнæ реабилитаци кæй хъæуы, уыдоны хабарттæ. Нæ телеуынынады компани рагæй æмбалиуæг кæны хæрзаудæн фонд «Удæгас», «Сывæллæтты зæрдæтæ», «Баххуыс кæн фервæзынæн»-имæ. Бирæ адæм нæм кæй кæсынц, уый фæрцы нæ бон сси æххуысы фæдыл æрæмбырд кæнын дæсгай милуантæй фылдæр æхца.

— Уæ мультимедион хыз MIR24.TV бацыд 100 хуыздæр уырыссаг æвзагыл уагъд медиа-йы номхыгъдмæ.  Куыд кусут уæ нымæцон проекттыл?

— 2021 азы нæ YouTube-канал сси хæрзиуæг «Сызгъæрин кънопкæ»-йы хицау, иу милуан рафыссæджы нын кæй ис, уый тыххæй. Ныридæгæн нын зынгæ фæфылдæр сты. Зæгъæм, 14 сюжеты бахаудысты дунейы трендтæм. Программæ «Иумæ»-мæ бакастысты 8 милуан адæймагæй фылдæр, уый арæзт уыд, дуне газ нымайгæйæ, Уæрæсейы соммæ кæй рахызт æмæ Европæйы артаджы аргъ кæй фæзынаргъдæр, уый тыххæй.  Интернеты тыгъдады нæ каналы алыварс мах аразæм хорз уавæртæ. Классикон телеуынынад, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ амæлдзæн, фæлæ йын æнæ Интернетæй фидæн нæй.

Телерадиокомпани «Дуне»-йы Цæгат Кавказаг филиалæн бындур æвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы 29 азы размæ. Цæгат Ирыстонæй уæлдай ма архайы Цæгат Кавказаг регионы, уыимæ, Хуссар паддзахадон арæнты. Радиостанцæ «Дуне» кусы Ирыстоны 91,6 FM-ы  арæхады 2011 азæй, йæ директор та у Хъантемыраты Станислав.

ГОБОЗТЫ Агуындæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here