Олимпиаг хъæбатыртæ — сывæллæттæ æмæ фæсивæдæн

0
250

Ацы бонты Цæгат Ирыстоны кусæг балцы сты Уæрæсейы спортсменты цæдисы командæйы минæвæрттæ. Уыдон архайынц хæрзаудæн программæ «Олимпаг хъæбатыртæ — уæрæсейаг сывæллæттæн, фæсивæд æмæ æрыгæтты спортæн». Командæйы уæнгтимæ фембæлд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Цæгат Ирыстонмæ чи ссыд, уыцы делегацийы сты зындгонд спортсментæ: уæгъдибар хъæбысхæстæй олимпиаг чемпионтæ Давид Мусульбес æмæ Хаджимурад Магомедов, фехтованийæ олимпаг чемпионкæтæ Галинæ Горохова, Валентинæ Никонова æмæ Татьянæ Логунова, уæззау атлетикæйæ дунейы чемпион Максим Агапитов, фехтованийæ Европæйы чемпионкæ Бэллæ Нусуева æмæ фехтованийæ олимпиаг чемпионкæ, РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министры хæдивæг Санаты Аидæ.

Фембæлды райдайæны Сергей Меняйло делегацийы уæнгтæн бузныг загъта, республикæмæ кæй саккаг кодтой, уый тыххæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, æппæтуæрæсеон хæрзаудæн программæйы архайджытæ зæрдиагæй кусынц, цæмæй сывæллæттæ æмæ фæсивæд æмхицдæр уой спортивон цардыуагмæ, фадæттæ аразынц, цæмæй дзыллон спорт дарддæр рæза. Уыимæ, хæрзаудæн программæйы стыр спорты «стъалытæ» зæрдиагæй кæй архайынц, уыцы æууæл сывæллæттæ æмæ фæсивæды уæлдай тынгдæр цымыдис кæны физикон культурæ æмæ спорты мадзæлтты архайынмæ.

— Сымахæй бирæтæн хорз зындгонд у, нæ республикæйы цы хъæздыг спортивон традицитæ ис, уый. Ирыстойнаг спортсменты къухы æфтынц æппæты стырдæр æнтыстдзинæдтæ. Абоны æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци саразджытæн мæ сæрмагондæй бузныг зæгъын фæнды, программæйы мадзæлтты иу хай Цæгат Ирыстоны кæй ацæудзæн, уый тыххæй. Дызæрдыг нæ кæнын, уæ хъæппæрисджын архайды фæрцы физикон культурæ æмæ спорт зынгæ кæй райрæздзысты, ууыл, — бафиппайдта Сергей Меняйло.

Республикæйы уазджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй цалдæр боны дæргъы зонгæ кæндзысты регионы спортивон цардимæ: фембæлдтытæ сын уыдзæн сывæллæттæ æмæ фæсивæдимæ, сараздзысты мастер-класстæ æмæ «тымбыл стъолтæ», олимпиаг æмæ æндæр спортивон скъолаты куыстæн аргъ скæндзысты…

Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой Уæрæсейы спортсменты цæдис æмæ Цæгат Ирыстоны профилон ведомствæты дарддæры æмгуыстады фарстатыл дæр.

Сæрмагонд хæрзаудæн программæ «Олимпиаг хъæбатыртæ — уæрæсейаг сывæллæттæн, фæсивæд æмæ æрыгæтты спортæн» æххæстгонд цæуы федералон проект «Спорт — æнæниз цардыуаг»-ы фæлгæты.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here