Хайгай æрсидт: æппæт архайд дæр — закъоны бындурыл

0
149

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МенЯйло архайдта, федералон Хицауады æмвæзадыл хайгай æрсидт æххæст кæныны фарстаты фæдыл цы уæрæх видеоконференци арæзт æрцыд, уым.

Фембæлдæн разамынд лæвæрдта УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко. Федерацийы регионты разамындæй уæлдай, ныхасы архайдтой Хъахъхъæнынады, Нымæцон рæзты, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадты, Президенты Администрацийы æмæ Хицауады Аппараты бæрнон кусджытæ, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ…

Æмбырды райдайæны Дмитрий Чернышенко куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хайгай æрсидты  фæдыл бæстæйы цæрджытæн æппæт фарстытæ дæр бадæттæн ис сæрмагонд электронон ресурс «Объясняем.РФ» æмæ сæрмагонд службæ «122»-мæ. Уыцы структурæтæй уæлдай, хайгай æрсидты тыххæй бæстон бæрæггæнæнтæ базонæн ис Федералон координацион центры специалистты æххуысæй дæр.

Видеоконференцийы архайджытæ сæрмагондæй æрдзырдтой, уæлдæр амынд структурæтæм адæм хайгай æрсидты тыххæй цы фарстытæ æмæ куырдиæттæ балæвæрдтой, уыдоныл. Уыимæ, кæцыдæр регионты æрсидтонты иу хай разыйæ нæ баззад, æрсидты  уагæвæрдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæй.

Æппæт уыцы цауты фæдыл ныртæккæ æххæстгонд цæуы цæстдарæн архайд. Уыцы цаутыл дзургæйæ, федералон Хицауады Сæрдары хæдивæг куыд бафиппайдта, афтæмæй æппæт ахæм хъæстыты фæдыл дæр æмбæлгæ уынаффæтæ хъуамæ хаст цæуой æппæты цыбырдæр æмгъуыдтæм. «Уыимæ, алкæцы куырдиатмæ дæр хъуамæ каст уа бæстон уагæвæрды бындурыл, уæлæнгай цæстæнгасæн бынат хъуамæ ма уа», — бацамыдта Дмитрий Чернышенко.

Регионты разамонджытæ дзуаппон докладтæ скодтой, хайгай æрсидты мадзæлттæ субъектты æмвæзадыл куыд æххæстгонд цæуынц, уый фæдыл.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here