Фиддонтæ хайгай æрсидты æфсæддонтæн

0
107

Цæгат Ирыстоны Хицауад бацархайдзæн, хайгай æрсидтмæ кæмæ фæдзырдтой, уыцы æфсæддонтæй йæхи хардзæй хъæугæ фæлыст æмæ гæрстæ чи æлхæны, уыдонæн компенсацитæ бафидыныл. Ахæм уынаффæ нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло рахаста аппаратон æмбырды.

— Нæ фæсивæдæй бирæтæ сæхæдæг æлхæнынц уæлæйы æмæ къахыдарæс. Паддзахад сын дæтты уыцы мадзæлттæ, фæлæ иуæй-иутæ архайынц сæхицæн, хæрзвадатдæр чи у, ахæм гæрстæ самал кæныныл. Нæхи батальонтæ мах ифтонг кæнæм æппæты хъæугæдæр дзаумæттæй, фæлæ, йæхи фæрæзтæй чи æлхæны æфсæддон дзаумæттæ, уыдонæн нæ компенсацитæ бафидын дæр, ома, æрсидты чи ис, уыдонæн Хъахъхъæнынады министрад кæй дæтты, уый — иу хъуыддаг, сæхицæн æфсæддонтæ уæлæмхасæнæн кæй æлхæнынц, уый та æндæр ныхасы аккаг у, — загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг.
РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Æгъуызарты Мурат æмбырды раныхас кодта нæ республикæйы ныры уавæрыл. Куыд радзырдта, афтæмæй æрсидты кампанийы мадзал цæуы бæлвырд фæткмæ гæсгæ. Къуырийы дæргъы «горячая линия», зæгъгæ, бастдзинадмæ хайгай æр- сидты фæдыл фарстытимæ уыдис 1557 дзæнгæрæджы.
Республикæйы цæрджытæн цæуы консультативон æххуыстæ дæр.
— Ивгъуыд къуыри уæрæсейаг-гуырдзиаг арæныл дыууæрдыгæй дæр ахызтысты 17 416 транспортон иуæджы æмæ 41 мин адæймаджы. Уыцы нымæц дыууæ къуырийы размæйæ бирæ къаддæр у. Ныр Уæллаг Ларсы пункты рады лæууынц 1098 уæзласæн машинæйы, — загъта Æгъуызарты Мурат.
Сергей Меняйло бахæс кодта, кæмæ æрсидтысты, уыцы граждæнтæ æмæ сæ хæстæджытæн, регионыл разамынды центры бындурыл æфсæддон комиссарадты æмæ районты администрациты сæрмагонд колл-центртæ саразын. Нæ республикæйы Сæргълæууæг радон хатт бадомдта Цæгат Ирыстоны хайгай æрсидты мадзалмæ биноныг цæст дарын æмæ æнæнхъæлæджы рæдыдтытæ æруадзыны рæстæг алы куырдиат дæр бæлвырд равзарын æмæ сраст кæныныл архайын. Сергей Меняйло ма районты администрациты сæргълæуджытæн сæ размæ сæвæрдта, Ног азы æмæ иннæ бæрæгбæттæ саразыны размæ æркæсын сæ бюджетты уавæрмæ æмæ уæлдай хæрдзтæ ма ‘руадзыны хæстæ.
— Уæлдай хæрдзтæ фæкъаддæр кæнын хъæуы. Ныууадзын æрмæст социалон блок — сывæллæттæ æмæ æвæрæз бинонтæн лæвæрттæ ракæнын æмæ рæвдауæндæтты Ног азы бæрæгбæттæ саразын. Фæлæ къаддæр та кæнæм, уымæй уæлдай цы мадзæлттæ ис, уыдон, — дарддæр дзырдта нæ республикæйы Сæргълæууæг.
Аппаратон æмбырды ныхас цыдис, ног коронавирусы инфекцийæ рынчынты нымæц къаддæргæнгæ кæй цæуы, ууыл дæр. Афтæ, ивгъуыд къуыри Соvid-19 фæрынчыны цаутæ 31,8 проценты къаддæр фесты, рынчындæттæм бахауыны цаутæ та — 40,3 проценты. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Роспотребнадзоры управленийы разамонæг Тыбылты Алан. Уымæй уæлдай нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады фæбæлвырд кодтой, активонæй кæй цæуынц диспансеризацийы æмæ гриппы ныхмæ прививкæтæ кæныны мадзæлттæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here