Воронежы горæты кадджын уавæры байгом кодтой бюст не ‘мзæххон, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Дзотты Лазæрæн.
454-æм æхсæг взводы командир фæмард 1942 азы 15 августы, Чижовы плацдарм хъахъхъæнгæйæ. Немыцаг дзотыл йæхи баппæрста хъæбатыр лейтенант, фæлæ йын Советон Цæдисы Хъæбатыры ном нæ радтой. Йæ цыртыл фыст ис, мæлæты размæ йæ тугæй гæххæтты гæбазыл цы ныхæстæ ныффыста, уыдон:
«Мæ адæмæн, Советон адæмæн лæггадгæнгæйæ, Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинадыл, йæ кадыл хæцын мæ туджы фæстаг æртахы онг. Мæ æфсæддон ардбахæрд æнæсайдæй æххæст кæнын. Фæстаг сулæфты онг мæхи нымайын адæмы иузæрдион хъæбулыл. Сталины номимæ размæ!»
Лейтенант
Дзоты-фырт.
— Цыртдзæвæн кæй байгом кодтой Лазæрæн, уый махæн тынг æхсызгон у. Мæныл ном дæр уый кадæн сæвæрдтой. Нæ бинонтæ дзы сты сæрыстыр, фæзминаг у нæ кæстæртæн, — зæгъы Дзотты Лазæр, хъæбатырæн йе ‘фсымæры лæппу. — Мæ сабибонтæй хъуыстон йе сгуыхтдзинады тыххæй. Ме ‘нкъарæнтæ-иу мæ бон бамбæхсын дæр нæ уыд. Бузныг зæгъæм, чи бацархайдта, йæ ном ын чи сæнусон кодта, уыдонæн.
Нæ мыггаджы номæй нæ куырдиат бахастам Воронежы облæсты губернатормæ, республикæйы Сæргълæууæгмæ, цæмæй нын баххуыс кæнат нæ фæндон Уæрæсейы Президентмæ фæхæццæ кæнынæн — Адæмон хъæбатыр Дзотты Лазæрæн йæ амæлæты фæстæ Советон Цæдисы Хъæбатыры ном радтыны тыххæй.
Не ‘мзæххонæн бюст сæвæрыны хъæппæрис равдыста Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Мæздæджы хайады сæргълæууæг Гуцаты Фридон.
— Дыууæ азы размæ уыдтæн Воронежы. Лазæры тыххæй бакастæн, ныхас цыд йæ ном сæнусон кæныны тыххæй. Ссардтон, бюст чи скæна, ахæм скульптор, горæты разамындимæ дæр баныхас кодтам. Бузныг, нæ фарсмæ чи æрбалæууыд, уыдонæн, — загъта Фридон.
Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты Стъараполы, Краснодары крайты, Волгограды облæсты ирон диаспорæты минæвæрттæ æмæ Хуссар Ирыстоны делегаци.
— Ирон кæй дæн, уымæй сæрыстыр дæн. Нæ горæтты ‘хсæн æмгуыстадон, æфсымæрдзинадæн уый хорз ахъаз уыдзæн, — загъта Воронежы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Плиты Маринæ, æмæ бафтыдта, цæмæй Хæстон Намысы ном хæссæг дыууæ горæты ‘хсæн бастдзинæдтæ фидар кæной, уый тыххæй æппæт мадзæлттæй дæр кæй архайдзæн.
Бафтаудзыстæм, Дзотты Лазæр кæй райгуырд Дур-Дуры хъæуы. Æфсæддон училищæ иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис æмæ фыццæгтимæ араст Фыдыбæстæ знагæй хъахъхъæнынмæ.
Гугкаты Жаннæ














