Скверы рацарæзт

0
257

Дзæуджыхъæуы реконструкци æрцыд ирон рухстауæг Колыты Аксойы номыл сквер.

Фæндæгты астæу чысыл цъæх «сакъадах» рагæй уыдис бындурон цалцæггæнинаг: йæ къахвæндæгтæ пырх, цыртдзæвæны къæлæт та къæртгай згъæлдис æмæ тæссаг уыд, йæ рæзты цæуæг адæмæй искæуыл куы æркалдаид, уымæй. Фæхсбандæттæ æмæ рухсытæ та дзы уæвгæ дæр нæ уыди.
Уалдзæджы скверы райдыдтой, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы цалцæджы куыстытæ. Горæтæгтæ æдзынæг кастысты цыртдзæвæны реконструкцийы мадзæлттæм, æмæ, куы фесты, уæд журналисттæ æмæ чиновниктæм радтой фарстытæ, скверы уаг бынтон æххæст кæй нæу, уый фæдыл. Дзæуджыхъæуккæгты цæстæнгасæй нæ аирвæзтысты иуæй-иу æнæххæст хъуыддæгтæ: къахвæндæгтæ се ‘ппæт не сты æхгæд дурæй, нæ дзы фаг кæнынц бандæттæ æмæ рухсгæнæнтæ. Газоны иу хай дæр хæрззылд нæу.
— Хъыгагæн, нæма фесты цалцæджы куыстытæ. Æрмæстдæр уал фыццаг хайыл бакуыстам. Уымæн æмæ æхцайы фæрæзтæ нæ амонынц æппæт реконструкци дæр иу хаттæн кæронмæ ахæццæ кæнынæн. Колыты Аксойы номыл скверы горæты администраци бирæ азты дæргъы нал бакодта цалцæджы куыстытæ æмæ ацы аз бавнæлдта фарста сæххæст кæнынмæ. Абоны онг уал къахвæндæгты асфальтæй æхгæд уæлцъар баивтам «брусчаткæйæ», ивд æрцыдысты бордюртæ, рухсгæнæн быцæуты иу хай. Сæвæрдтам фæхсбандæттæ, быронкалæн чысыл урнæтæ, бæлæстæ бахсæстам. Цыбыр дзырдæй, сквер сабыргай рацараздзыстæм. Ныры онг æххæстгонд æрцыдысты куыстыты 70 проценты, — загъта Дзæуджыхъæуы администрацийы цъæхвæлысты æмæ хæрзвадаты управленийы разамонæджы хæдивæг Хъороты Дауыт.
Скверы бындурон цалцæджы куыстытæн дихгонд æрцыд 10 милуан сомы федералон программæ «Æппæтфадатджын горæтаг алфамбылай арæзтад»-ы бындурыл. Ацы районы цæрджытæ курынц сывæллæттæн дзы хъазæн комплекстæ дæр саразын, фæлæ фарстайыл нырма уал цæудзæн ныхас. Уымæн æмæ сквер арæзт у уæлмæрды фæзыл, æмæ бирæты зæрдæмæ ацы хъуыддаг нæ фæцæудзæн.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here