Фæндараст ут, Иры сæрæн лæппутæ!

0
238

Уæрæсейы Президент хайгай æрсидты тыххæй цы домæнтæ сæвæрдта, уыдонмæ гæсгæ æфсæддон æрсидт æнæкъуылымпыйæ æххæстгонд цæуы. Хайгай æрсидтмæ хауæг лæппутæ, сæ фыдæлтау, æвæстиатæй æрлæууыдысты нæ бæстæйы Гæрзифтонг тыхты æфсæддонты æмрæнхъ.
Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хатт дæр та куырттатаг цæрдæг лæппутæ фæсте нæ баззадысты. Лæгæвзарæн рæстæг та куы скодта, уæд тæппуддзинад нæ равдыстой. Æфсæддон комиссарадæй пъавескæ райсæг дзæвгар лæппуты къордæй иу дæр йæхи нæ бамбæхста. Разагъды Куырттаты комы фæсивæдæй йæ сæрмæ ничи æрхаста алы æфсæнтты фæрцы йæхи фæфæсвæд кæнын. Алчидæр, æнæуæлдай рахъуыды-бахъуыдыйæ, йæхи уайтагъд ацæттæ кодта дард балцмæ.
Нæ сæ бакъуылымпы кодтой сæ ныййарджытæ дæр. Дард Украинæйы зæххыл ныфсджынæй æрлæууыдысты куырттатаг фыццаг сиддонтæ. Цæттæ сты неонацизмимæ тохмæ цæуынмæ комбæсты иннæ кæстæртæ дæр. Се ‘ппæт дæр сты Фыййагдоны астæуккаг скъолайы рауагъдонтæ, мæ раздæры ахуырдзаутæ. Æмæ сæ дæн сæрыстыр. Æппындæр дызæрдыг нæ кæнын, ацы цæхæрцæст лæппутæ, æфсæддон уагæвæрд хынцгæйæ, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, хъæбатырæй кæй архайдзысты æнæуынон неонацизмæй сабырцæрæг адæмы ссæрибар кæныныл, йæ маргхæццæ уидæгтæ бындзарæй сыскъуыныныл. Гуырысхойаг дæр нæу, нæ уарзон фæсивæд нæм уæлахизимæ кæй æрбаздæхдзысты, уый дæр! Ирон лæгмæ рагæй-æрæгмæ тæппуддзинад, æнæныфсдзинад никуы ницы бар дардта æмæ ныр дæр нæ дары.
Нæ фыдæлты хæстон хъæбатырдзинад æппæт зæххы къорийыл дæр хъуыстгонд у. Æмæ сæ фæдонтæ дæр, бахъуыды рæстæг дæлдæр кæй никуы æрлæудзысты, уый та ныр дæр рабæрæг. Стыр Хуыцауы фæдзæхст уæнт Иры фæсивæд! Рæствæндаг сæ кæнæнт йе ‘сконд зæдтæ æмæ дауджытæ!
Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Куырттаты комы сæрæнгуырдтæй бирæтæ дæргъвæтин рæстæг кæй сты Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæты. Сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уæдæй абонмæ арæхстджынæй, æнтыстджынæй æххæст кæнынц се ‘фсæддон хæстæ. Дунесфæлдисæг сыл аудæд!
Алкæй хъæбул дæр йæ фæрныг къонайыл сæрæгасæй, уæнгрогæй, зæрдæрайгæйæ куыд сæмбæла, Дунейы фарн ахæм арфæ ракæнæд!
О, Хурты-Хурзæрин, фехъуысæд дæм мадæлты куырдиат — æппæт зæххы къорийыл байтау сабырдзинад!

Фæрниаты Райæ,
педагогон фæллойы ветеран

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here