Афæндараст сæ кодтой

0
107

Цæгат Ирыстоны хайгай æрсидты фæлгæты, сæрмагонд операцийы бынатмæ афæндараст кодтой кæмæ фæсидтысты, уыцы граждæнты радон къорды. Уый уыдис поселок Спутникы æфсæддон городокы фæзуаты.

Æрсидтон фæсивæдæн фæндарасты ныхас зæгъынмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим, æфсæддон комиссарады, республикæйы æхсæнады минæвæрттæ, дины архайджытæ, хæстонты хиуæттæ.
Хæстон хæслæвæрдтæ æххæст кæнынмæ ацыдысты 300 адæймаджы, уыдонæй æрдæджы бæрц — Цæгат Ирыстоны цæрджытæ, иннæтæ — Цæгат Кавказы федералон зылды республикæтæй.
— Абон сымах æрлæууыдыстут, Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ чи ацыд, уыцы хъайтарты æмрæнхъ. Хъæбатырдзинад, иузæрдиондзинад, хæс — сымахæн уæ туджы сты, мах хорз хъуыды кæнæм, Фыдыбæстæ чи хъахъхъæдта, уыцы фыдæлты æмæ уыдоны хистæр фæлтæры. Нæ лæппутæ сæрмагонд операцийы фыццаг бонæй фæстæмæ сты хæсты цæхæры æмæ æвдисынц стыр лæгдзинад. Цы къордтæ «Ирыстон» æмæ «Аланыстон» арæзт æрцыд, уыдонæй знаг æдас нæу. Уыдон сты æцæг хъайтартæ, сæ хыгъды чысыл сгуыхтдзинæдтæ нæй, сæ риутыл та — майдантæ. Зонут æй, сымахæн алкæмæн дæр Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло ныфс кæй у, уый. Уый у æцæг хæстон адмирал. Уый хæстонтæн зæрдæ бавæрдта, се ‘ппæтимæ дæр кæй фембæлдзæн, æмæ абон семæ кæй ис, хæстон операци кæм цæуы, уым. Абон хуымæтæджы рæстæг нæу, нæ бæстæйы ныхмæ куы рацыдысты. Мах нæ зонæм нæхи лæмæгъæй равдисын. Æрмæстдæр размæ — ныфсджынæй æмæ иумæ! Мæ зæрдæ уын зæгъы фæндаджы хорзæх, зæдтæ уæ хъахъхъæнæг уæнт! Хуыцау уын — æххуысгæнæг! — загъта Дзанайты Барис.
Хæстон фæсивæдæн фæндараст загътой къорд «Алани»-йы фыццаг командир — Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим, 58-æм æфсады, æфсæддон комиссарады, республикæйы Ветеранты советы минæвæрттæ.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here