Йæ кад — бæрзонд, йæ ном — æнусон

0
128

Фæллойгæнæг алы фæззæг дæр йæ бæркад куыд æрбæстон кæны æмæ дзы йæ уарзон адæмы парахатæй куыд фæхынцы, афтæ нæ дзыллæйы уарзон хъæбул, генион поэт, тæлмацгæнæг, нывгæнæг, публицист æмæ прозаик Хетæгкаты Къоста йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадæй æмæ йæ дзыллæмæ æгæрон уарзтæй дунейы адæмтæн сси йæ фарны зиумæ хонæг æмæ се ‘нгомгæнæг. Йæ райгуырæн бон, уымæн у дунейы дзыллæты иугæнæг æмæ сын ныфсдæттæг.

Ивгъуыд сабаты йæ дзыллæйы иузæрдион хъæбулы райгуырæн боны фæдыл номарæн мадзæлттæ райдыдтой Дзæуджыхъæуы Мады- Майрæмы аргъуаны кæртæй. Поэты ингæныл дидинджытæ сæвæрынмæ ардæм æрбацыдысты Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, культурæйы министры хæдивæг Хъуыссæты Зæлинæ, Дзæуджыхъæуы Муниципалон сконды разамонæг Сæлбиты Зитæ, Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасим, зонадон æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, Фысджыты цæдисы уæнгтæ, дины кусджытæ, скъоладзаутæ æмæ студенттæ.
Къостайы сфæлдыстадæн æмæ æхсæнадон архайдæн цы ахадындзинад ис, уый тыххæй радзырдта Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн:
— Нæ адæмы удварны рæзтыл нæ рухстауджытæй йе сфæлдыстадæй иууыл тынгдæр чи сахадыдта, сæ зынтæ æмæ цинтæ дзы ирдæй чи равдыста, уый уыд Къоста. Йæ фарн фæлæтæрæй-фæлтæрмæ кæй цæуы уымæн хорз æвдисæн у, уый, æмæ нæ фысджытæй, композитортæй, нывгæнджытæй алчидæр йæхицæн кадыл нымайы уымæн æгъдау радтын, йæ ном ын арын. Номдзыд Абайты Васо дæр æй нæ удварны иунæг хур дæр уымæн рахуыдта. Йæ тавицы цы тых ис, уый æмуæз у йе сфæлдыстады алы рæнхъ дæр. Цас фылдæр æм нæхи тавæм, уый бæрц зæрдæйæ æмæ удæй уыдзыстæм æнкъарагдæр, нæ хъуыдытæ та кæндзысты уæлмонц æмæ базырджын, — загъта адæмон фыссæг.
Дзæуджыхъæуы 13-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл аив бакастыты поэты æмдзæвгæтæ. Номарæн æмбырды архайджытæ Къостайы ингæныл сæвæрдтой дидинджытæ.
Дарддæр ирон адæмы иузæрдион хъæбулы номыл мадзæлттæ цыдысты Ирон театры цур фæзы. Къостайы сфæлдыстадæн абоны дуджы цы ахадындзинад ис, йе сфæлдыстады сæйрагдæр цы фарстатæ æргом кодта, уый тыххæй кадджын æмбырды сæ хъуыдытæ загътой РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæдивæг Хъуыссæты Зæлинæ, газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис, УФ-йы сгуыхт артист Сæбанты Тамерлан, УФ-йы Фысджыты цæдисы уæнг Баситы Зæлинæ. Артисттæ Тыбылаты Анжелæ, Еналдыты Дмитри бакастысты поэтæн йæхи æмæ йæ номыл фыст æмдзæвгæтæ. Сæрмагондæй бæрæгбонмæ сæхи сфæлдыстадон лæвар бацæттæ кодтой Дзæуджыхъæуы 30-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ. Бацæттæ сæ кодта РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ Мелыкаты Замирæт.
Фæссихор та Ирон театры ног арæзт чысыл сценæйы æвдыст æрцыд Къостайы цард æмæ сфæлдыстадон архайдыл дзурæг спектакл «Се человек». Бакуыстой йыл режиссер, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Цæриаты Валери æмæ поэт, тæлмацгæнæг Баситы Зæлинæ. Йæ равдисыны размæ раныхас кодта Хъуыссæты Зæлинæ, уый бузныг загъта куыстуат «Бавари»-йы разамонæг, амалхъом Битарты Вячеславæн, ног сценикон фæз саразынмæ коллективмæ æхцайы фæрæзтæй кæй фæкаст, уый тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй Къостайы цард æмæ сфæлдыстадæн аргъ кæнгæйæ, канд йæ поэзимæ нæ, фæлæ ма йæ фыстæджытæм æргом аздахын кæй хъæуы, уый. Ирдæй сæ зыны поэтæн канд йæхи удыхъæд нæ, фæлæ ма йæхæдæг йæ алыварс адæммæ цы зæрдæ дардта, уыдон цы хуызы аудыдтой, уый.
Хуыцаубоны та театры уыд Къостайы кадæг «Фатимæ»-мæ гæсгæ æвæрд спектаклы равдыст. Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта æмæ йын инсценировкæ скодта поэт Кокайты Тотрадз.Къостайы номыл мадзæлттæ цæуынц дарддæр.
Гасанты Валери

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here