Бæндæн цасфæнды куы здыхса…

0
223

Прокуратурæ зылынгæнæг хатдзæг сфидар кодта, Тагъд медицинон æххуысы республикон клиникон рынчындоны раздæры сæйраг дохтыры ныхмæ цы уголовон хъуыддаг арæзт æрцыд, уый фæдыл.

Нæлгоймаджы азымджын кæнынц УФ-йы Уголовон кодексы 293-æм статьяйы 3-æм хайы («Æбæрнондзинад равдисгæйæ, дыууæ кæнæ уымæй фылдæр адæмы мæлæт æнæрхъуыдыйæ расайын») бындурыл.
Слестгæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2021 азы мартъийы рынчындоны сæйраг дохтырæн «Ростехнадзор»-ы специалисттæ бацамыдтой, медицинон кусæндоны туаггуырдæттæн системæйы архайд рацаразинаг кæй у, стæй рынчындоны туаггуыры станцæ сæрмагонд æгъдауæй регистраци кæнын кæй хъæуы, уый. Фæлæ гуырысхойаг бæрæггонд хъуагдзинæдтæ аиуварс кæнынæн æмбæлгæ мадзæлттæ нæ сарæзта.
Афтæмæй 2021 азы 9 августы медицинон кусæндоны туаггуырдæттæн системæйы куыст фæкъуыхцы. Уыимæ, рынчындоны туаггуырдæттæн уæлæмхасæн хæтæл кæй нæ уыд, уый аххосæй реанимацион хайадмæ иуцасдæр рæстæг туаггуыр бынтондæр нал хæццæ кодта. Уый аххосæй 9 уæззау рынчыны амардысты.
Ныр уголовон хъуыддагмæ æркæсдзæн Дзæуджыхъæуы Промышленнон районы тæрхондон.

РЦИ-Аланийы
Прокуратурæйы
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here