Цæгат Ирыстонмæ æрластой армыдзаг сыджыт сырхæфсæддоны ингæнæй

0
214

Латвийы цæрæг Цæгат Ирыстонмæ, дзуарыхъæуккаг Гæздæнты авд æфсымæры хистæр Дзæрæхмæты чызг Милæмæ æрбарвыста, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты советон æфсæддонты æфсымæрон ингæнæй армыдзаг сыджыт.

— Мæ фыд æмæ йе ‘фсымæртыл ист, «Гæздæнты æфсымæртæ. Авд æнæмæлгæ» кинонывы фæстæ мемæ бастдзинад ссардта Латвийы цæрæг Татьянæ. Йæ мыггаг нæ бацамыдта. Цæссыг калгæйæ, дзырдта, мæ фыдыфсымæр ын йæ райгуырæн хъæу кæй хъахъхъæдта æмæ арфæйаг кæй у , фашизмы ныхмæ латвиаг зæххыл чи тох кодта, уыцы салдæттæй. Татьянæ куыд радзырдта, афтæмæй алы 9 Майы дæр дидинджытæ сæвæры, советон-литоваг дивизийы сæфт хæстонты Мемориалыл. Уыцы æфсымæрон ингæны æнустæм æнцой ссардта лейтенант Гæздæнты Шамил дæр. Йæ ном æмæ мыггаг сыгъзæрин дамгъæтæй фыст сты цырты номхыгъды. Хъæбатыр хæстоны уæлмæрдæй йæ Райгуырæн бæстæмæ армыдзаг сыджыт сæрвитыны хъæппæрис дæр Татьянæмæ йæхи фæндæй сæвзæрд.
— Мæ цæстытыл уайы, таможняты пунктты куыд дис кодтой ацы æнахуыр къонвертыл, уый. Уымæн афтæ æрæгмæ хæццæ кодта ардæм. Æмæ та ногæй стæм æвдисæн, фашизмы фæзындтытæн æмæ ацы цау дæр кæддæриддæр зæрдылдарæн уыдзæн, немыцаг нацистты чи ныххурх кодта æмæ нæ бæстæ цагъайраджы къæлæтæй чи фервæзын кодта, уыцы хъæбатырты сгуыхтдзинад, — загъта Гæздæнты Милæ.
Латвийæ куы æрцыд «посылкæ», уæд æй Милæ Дзуарыхъæумæ аласта æмæ сыджыт ныккалдта, абон Гæздæнты æфсымæртæн цы цырдзæвæн лæууы «Зырнæджытæ», уый бахизæны. Ардыгæй ацыдысты иу иннæйы фæдыл хæстмæ Гæздæнты авд æфсымæры.
— Телефонæй Татьянæимæ ныхасгæнгæйæ йын радзырдтон, кæй сæххæст кодтон йæ фæнд. Уый ныккуыдта æмæ загъта, кæдæй-уæдæй, дам, æфсымæртæ баиу сты, зæгъгæ. Уыцы цау махæн тынг ахсджиаг у, æмæ нæ уырны, уæлахиздзауты фæлтæртæн та сæ къухы ацы хатт дæр уæлахиз кæй бафтдзæн, уый, — дарддæр дзырдта Милæ.
Гæздæнты авд æфсымæрмæ хæстмæ фæсидтысты алы рæстæджыты, æмæ фæмард сты алы фронтты. Сæ кадæн Дзуарыхъæуы уынгтæй иу хæссы сæ ном, æвæрд дзы æрцыд обелиск зырнæджыты хуызы. Цыртдзæвæны бындур та у саударæг сылгоймаг —сæ мад Тасо. Уый амард, æртыккаг сау гæххæтт куы райста, уæд. Лæппуты фыд Асæхмæт та хæсты кæронмæ бæргæ фæцард, фæлæ фæстаг, æвдæймаг лæппуйы сæфты хабар куы æрбайхъуыст, уæд йæ зæрдæ нал бафæрæзта æмæ йæ куыстæй æрлæууыд.
Цыртдзæвæн 60-æм азты авайраг фыссæг Расул Гамзатов куы федта, уæд ныффыста, уый фæстæ зарæг кæмæй скодтой, уыцы диссаджы æмдзæвгæ «Зырнæджытæ».

Гуыриаты Хъазыбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here