Фæндараст, лæппутæ!

0
238

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынмæ, хайгай æрсидтмæ чи хауы, уыцы граждæнтæ радон къорд афæндараст кодтой Цæгат Ирыстоны зæххæй.

Æфсæддонтæн арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, æфсæддон комиссарады минæвæрттæ, республикæйы æхсæнад, дины кусджытæ, сидтонтæн сæ хæстæджытæ.
— Фæндараст ут, лæппутæ! Сымах, куыд æцæг лæгтæ, афтæ кæронмæ ахæццæ кæндзыстут нæ фыдæлтæ æрдæгыл кæй ныууагътой, уыцы хъуыддаг. Мæ зæрдæ уын зæгъы, сæйрагдæр — дзæбæхæй уæ къонатæм сыздæхут. Уæлахизимæ æмæ сæрæгасæй. Сымах стут Уæрæсейы æмæ Ирыстоны сæрыстырдзинад — загъта Сергей Меняйло.
Уæлдай зæрдæбын ныхæстимæ республикæйы Сæргълæууæг фæсидтис æфсæддонты хиуæттæм.
— Нæ лæппутæ цæуынц сæ æфсæддон хæс æххæст кæнынмæ. Райгуырæн бæстæ сæм фæсидтис æмæ æнæдызæрдыгæй, ныфсджынæй разыйы дзуапп радтой. Зынаргъ хæстæджытæ æмæ æмбæлттæ! Æнкъардæй нæ, фæлæ сæ хъæлдзæгæй афæндараст кæнын хъæуы.
Ныртæккæ æфсæддон операцийы цы нæлгоймæгтæ архайы, уыдонæн ныфсытæ æвæрын хъæуы, сæрыстыр сæ кæй стæм, уый хъуамæ зоной.
Ныр цалдæр мæйы службæйы чи ис Донбассы, уыцы æмзæххонтæн — бузныг. Зын уавæрты нацисттимæ ныр аст мæйы тох кæны къорд «Аланыстон». Æртæ мæйы — къорд «Ирыстон». Хуымæтæг уавæртæ не сты, фæлæ сæ размæ æвæрд хæстæ, æнæмæнг, сæххæст кæнын нæ бон бауыдзæн.
Мæ зæрдæ æхсайы алкæмæ дæр, се ‘ппæтмæ дæр. Алкæй хъæбул дæр, кæцæйфæнды ма уæд, мæнæн зынаргъ у, — загъта республикæйы Сæргълæууæг. Фæндагмæ бакуывта æмæ æфсæддонтыл саргъуыдта сауджын.


РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here