Уавæр домы иудадзыг цæстдард

0
208

Уыд ВИЧ-инфекци парахаты ныхмæ архайæг ведомствæты ‘хсæн республикон къамисы æмбырд. Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

СПИД æмæ инфекцион низтæ профилактикæйы республикон центры сæйраг дохтыр Тауаситы Валерияйы ныхасмæ гæсгæ, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, ВИЧ-инфекцийæ фæрынчыны цауты нымæц ацы аз 1,1 хатты фæкъаддæр.
— Низæй фæрынчыны Уæрæсейы рæстæмбис бæрæггæнæн фæфылдæр бæстæйы 30 регионы, фæлæ Цæгат Ирыстон уыдонмæ нæ хауы. Уымæй уæлдай, Уæрæсейы хуссары республикæты ВИЧ-инфекци цы фондз регионы скарз, уыдоны ‘хсæн дæр нæ республикæ нæй, — загъта Центры сæйраг дохтыр.
ВИЧ-инфекци бахæцыны цаутæ официалон æгъдауæй бæрæг кæнын райдыдтой 1994 азæй, æмæ уæдæй абонмæ нæ республикæйы раргом 2 942 ахæм цауы.
Æмбырды ныхас цыд инфекцийы парахат не ‘руадзыны профилактикон мадзæлттыл дæр. Тауаситы Валерия куыд радзырдта, афтæмæй фарстайы фæдыл хъусынгæнинæгтæ адæммæ хæццæ кæныны куыст цæуы иудадзыгдæр. Центры специалисттæ фембæлынц адæмимæ æмæ лекцитæ кæсынц ахуырадон æмæ æндæр кусæндæтты. Уыцы хъуыддаджы сын стыр æххуыс сты бархионтæ дæр.
— ВИЧ-инфекци парахаты ныхмæ куыст у фæкарздæргæнинаг. Уавæр домы иудадзыг цæстдард. Низ кæмæ фæхæццæ, уыцы адæм хосхъуаг хъуамæ ма уой. Фылдæр æргом аздахын хъæуы ВИЧ-инфекцийæ фæрынчыны цаутæ тестты фæрцы рагагъоммæ бæрæг кæныны æмæ низæй дзæбæх кæныны куыст афоныл райдайынмæ, уæлдай фылдæр æргом та — æрыгæттимæ информацион куыстмæ, — загъта Дзанайты Барис.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here