Фыццаградон национ проекттæ, культурæйы объектты цалцæг, хъомыладон кусæндæтты арæзтад æмæ æндæр фарстатæ

0
133

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд республикæйы Хицауады уæнгтæ æмæ муниципалитетты разамонджыты æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Фембæлды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой фыццаградон национ проекттæ æххæст кæнынмæ, культурæйы объектты цалцæгмæ, хъомыладон кусæндæтты арæзтад æмæ æндæр ахæм ахсджиаг фарстатæм.

Сергей Меняйло бæлвырд амынддзинæдтæ радта, фыццаградон национ проекттæ æххæст кæнынмæ комкоммæ бар чи дары, уыцы ведомствæты разамонджытæн, цæмæй азы кæронмæ æппæт нысангонд бадзырдтæ дæр азы кæронмæ ахицæн уой.
Фарстайы фæдыл доклад скодта Национ проекттæ æххæст кæныны фарстаты фæдыл управленийы хицау Томайты Фатимæ. Управленийы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, азы кæронмæ цы объектты цалцæг æмæ арæзтадыл бакусын хъæуы, уыдонæн сæ бюджетон фæрæзты 75,1 проценты ныридæгæн сæ нысаныл сæмбæлдысты. Азы кæронмæ ма нысангонд куыстытыл хардзгонд æрцæудзæн 2,8 миллиард сомы бæрц. Æмткæй райсгæйæ, фыццаградон национ проектты уагæвæрдтæ æххæст кæнынæн ацы аз дихгонд æрцыд 11,2 миллиард сомы бæрц.
— Ныртæккæ нæ иумæйаг сæйрагдæр хæс у æппæт пълангонд куыстытæ афойнадыл ахицæн кæнын. Азы кæронмæ нысангонд куыстытæ сæххæст кæнгæйæ та, афойнадыл бавналын 2023 азы бадзырдтæм. Уыимæ, арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ ахицæн кæнынæй уæлдай, хъуамæ афойнадыл лыггонд цæуой ахсджиаг социалон объекттæ эксплуатацимæ афойнадыл дæттыны фарстатæ дæр, — фæнысан кодта Сергей Меняйло.
Æппæт уыцы куыстытæм сæрмагонд цæстдард аздахын республикæйы разамонæг бахæс кодта Финансты æмæ Экономикон рæзты министрадтæн.
Дарддæр æмбырды архайджытæ æркастысты ахуырадон æмæ хъомыладон кусæндæтты бындурон цалцæджы программæтæ æххæст кæнынмæ. Фарстайы фæдыл уыд йæ раныхас ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйæн. Министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы къуырийы райдайæны бындурон цалцæджы фæстæ ногæй байгом сты 10 иумæйагахуырадон скъолайы. Уымæй уæлдай, азы кæронмæ хъуамæ ногæй байгом уой ноджыдæр ма 5 скъолайы. Уыцы архайд хорзыл банымайгæйæ, Сергей Меняйло профилон ведомствæйы разамындæн бахæс кодта, цæмæй фылдæр æргом здæхт æрцæуа иумæйагахуырадон скъолаты профилон кълæстæ гом кæныны хъуыддагмæ.
Æмбырды куыд загъдæуыд, афтæмæй сывæллæтты рæвдауæндæтты арæзтад дæр цæуы раздæр фидаргонд пълантæм гæсгæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы аз республикæйы байгом сты цалдæр ног рæвдауæндоны. Уыдонмæ ма азы кæронмæ бафтдзæн ноджыдæр дыууæ (уыдон аразынц Дзæуджыхъæуы).
Дарддæр фембæлды раныхас кодта арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин. Министры ныхас уыд Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл академион театры агъуысты рацарæзтыл. Моргуайы-фырт куыд загъта, афтæмæй театры рацарæзты фæдыл проектон-сметон документаци профилон ведомствæты экспертизæмæ æрвыст æрцæудзæн 10 ноябры. Уыимæ, 10 боны æмгъуыдмæ экспертизæ хъуамæ ахицæн уа. Уый хæдфæстæ проектон-сметон документаци арвитдзысты Уæрæсейы Культурæйы министрадмæ. Бæхты театр «Нарт»-ы ног бæстыхайы арæзтады фæдыл проектон-сметон документаци ныридæгæн ис паддзахадон экспертизæйы службæйы.
Республикæйы æрвылбоны царды иннæ ахсджиаг фарстаты фæдыл раныхас кодтой Хицауады Сæрдары хæдивджытæ æмæ профилон министрадты разамонджытæ.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here