Уæрæсейы Президенты Указы уагæвæрды бындурыл…

0
155

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд Гæрзифтонг тыхтæм фæззыгон æрсидты фарстаты фæдыл регионалон къамисы æмбырд.

Фембæлды архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, муниципалон скондты сæргълæуджытæ, РЦИ-Аланийы Æфсæддон комиссарад, Мидхъуыддæгты министрад æмæ æндæр ведомствæты бæрнон кусджытæ.
Къамисы уæнгтæ бæстон æрдзырдтой, 2022 азы фæззæджы Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхтæм æрсидты кампанийы мадзæлттæ Цæгат Ирыстоны куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Фарстайы фæдыл докладтæ скодтой Æфсæддон комиссарад æмæ муниципалитетты минæвæрттæ. Æмбырды куыд загъдæуыд, афтæмæй фæззыгон æрсидты мадзæлттæ арæзт цæуынц Уæрæсейы Президенты Указы бындурыл. Æфсæддон комиссарады минæвары ныхасмæ гæсгæ, фæззыгон æрсидт ахицæн уыдзæн декабры мæйы.
Къамисы уæнгты докладтæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло профилон ведомствæты бæрнон кусджытæм фæсидт, цæмæй иу къуылымпы дæр ма ‘руадзой æрсидтон кампанийы уагæвæрды. Уыимæ, республикæйы разамонæг къамисы уæнгтæн бахæс кодта, цæмæй фæсивæд æмæ сæ ныййарджытæм фæхæццæ кæной бæлвырд хъуыды: фæззыгон æрсидты архайæг лæппутæ сæрмагонд хæстон операцийы тæлммæ æрвыст нæ цæудзысты. Уымæй уæлдай, æрсидтонты Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæтæм, стæй Запорожье æмæ Херсоны облæсттæм службæмæ нæ арвитдзысты.
Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой æндæр фарстатыл дæр.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here