Кæйдæр банчы картæйæ…

0
133

Дзæуджыхъæуы Терчыфалейы районы прокуратурæ зылынгæнæг хатдзæг сфидар кодта, бынæттон 19-аздзыд сылгоймаджы ныхмæ цы уголовон хъуыддаг арæзт æрцыд, уый фæдыл.

Гуырысхойаджы азымджын кæнынц УФ-йы Уголовон кодексы 158-æм статьяйы 3-æм хайы («Банчы хыгъдæй æхца адавын») бындурыл.
Слестгæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æрыгон сылгоймаг куыста Дзæуджыхъæуы ресторантæй иуы. Иу афон æм æрбафтыд, рестораны æхсæвæр чи кодта, уыцы адæмæй кæйдæр сæфт банчы картæ. Сылгоймаг, картæ йæ хицауыл сæмбæлын кæныны бæсты, сфæнд кодта фадатæй пайда райсын. Афтæмæй, гуырысхойаг æртæ бонмæ уыцы банчы картæйæ горæты дуканиты 20 хатты бæрц спайда кодта (йе ‘лхæнинæгтыл схардз кодта «кæйдæр дзыппæй» 8 мин сомæй фылдæр).
Ныр уголовон хъуыддагмæ æркæсдзæн Дзæуджыхъæуы Советон районы тæрхондон.

РЦИ-Аланийы Прокуратурæйы
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here