Патриарх Кириллы балц Цæгат Ирыстонмæ

0
163

Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кирилл 12-13 ноябры аудæг балцимæ уыд Цæгат Ирыстоны. Беслæны аэропорты Уырыссаг чырыстон аргъуаны раздзæуæг Кириллæн зæрдиаг æгасцуай загътой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, æндæр бæрнон кусджытæ æмæ æхсæнадон минæвæрттæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы азы дæргъы Цæгат Ирыстоны арæзт цæуынц Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы юбилейы кадæн дзыллон мадзæлттæ. Патриархы балц дæр сæйрагдæр баст уыд уыцы ахсджиаг историон-культурон цауимæ. Дыууæ боны дæргъы Кириллæн фембæлдтытæ уыд Беслæн æмæ Дзæуджыхъæуы, Патриархы ракуывдтытæм байхъуыстой бирæ адæм…
Сыгъдæг Георгийы дзæуджыхъæуккаг аргъуан ивгъуыд хуыцаубоны уæлдай бæрæгбонарæзт уыд. Уырдæм райсом раджы æмбырд кæнын райдыдтой, Патриарх Кириллы фæрнджын ныхасмæ байхъусын кæй фæндыд, уыцы кувæг адæм.
Аланыстоныл саргъуыды бæрæгбонмæ цæттæ кæнгæйæ, рацарæзты куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты Сыгъдæг Георгийы аргъуаны дæр. Æмæ ныр цалцæджы фæстæ Патриарх аргъуаныл ногæй саргъуыдта, кадджын ракуывд дзы сарæзта.
Уыцы ракуывды архайдтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло, УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новак, Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æмæ æндæр кадджын уазджытæ.
Аргъуаныл саргъауын æмæ дины кусджытæн ныстуантæ радтыны фæстæ Патриарх Кирилл Ирыстонæн балæвар кодта Сыгъдæг Мады-Майрæмы уазныв.
Уый фæстæ Уырыссаг чырыстон аргъуаны раздзæуæг сæрмагонд хæрзиуджытæ саккаг кодта, удварнон хæзнатæ бахъахъхъæнын æмæ уæрæх хæрзаудæн куыстыл æнувыд чи у, ахæм адæмы къордæн. Патриархы ныхасмæ гæсгæ, хæрзиуджытæ лæвæрд цæуынц Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бæрæгбонимæ бастæй дæр.
Афтæ, Сергей Меняйло æмæ республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисæн Патриарх саккаг кодта Мæскуыйы къниаз Даниилы дыккаг къæпхæны орден, республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæйæн — Мæскуыйаг Ефросинияйы æртыккаг къæпхæны орден, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артурæн, РЦИ-Аланийы культурæйы министр Галазты Эдуард æмæ республикæйы раздæры Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн — Мæскуйы къниаз Даниилы æртыккаг къæпхæны ордентæ, протоиерей Джиоты Константинæн — Радонежы Сыгъдæг Сергийы æртыккаг къæпхæны орден. Уымæй уæлдай, Саровы Сыгъдæг Серафимы æртыккаг къæпхæны орденæй хорзæхджын æрцыдысты «ЦМРбанчы» президент Руслан Арефьев æмæ амынд банчы правленийы сæрдары фыццаг хæдивæг Андрей Барсов.
— Фыццаджы-фыццагдæр арфæйы ныхас зæгъын æмбæлы, ацы аргъуаны арæзтад æмæ цалцæгмæ кæй къух фæхæццæ, уыцы адæмæн. Æхсызгон мын у, Аланыстоны зæххыл ахæм аив æмæ хæдбындур аргъуан кæй фæзынд, уый. Мæ зæрдæ дарын, хæстæгдæр рæстæг йæ къултыл Хуыцауы сконд уазнывтæ кæй фæзындзæн, ууыл. Мæ цæст уе ‘ппæтæн дæр уарзы, цæмæй Хуыцауæй арфæгонд уат, цæмæй нæ удварнон хъомыс ноджы фидардæр кæна, цæмæй сабырдзинады сæраппонд нæ иумæйаг хъуыддæгтæ æнтыстджындæр уой! Бузныг зæгъын мæ фæнды республикæйы разамындæн, аргъуаны царды зæрдиагæй кæй архайы, уый тыххæй, — загъта Патриарх Кирилл.
Фæстæдæр Уырыссаг чырыстон аргъуаны делегацийы уæнгтæ бабæрæг кодтой Беслæны 1-æм скъолайы бæстыхай. Уым Патриарх сарæзта саударæн ракуывд террористон фыдракæнды бабынуæвæг æнаххос адæмы номыл.
Республикæйы уазджытæ бабæрæг кодтой дунеон культурон-патриотон центр «Беслæны 1-æм скъола»-йы арæзтадон фæз дæр. Подрядон организацийы минæвæрттæ сын куыд радзырдтой, афтæмæй ацы мемориалон-историон проекты сæйрагдæр нысан у бахъахъхъæнын, 2004 азы 1-3 сентябры Беслæны цы æбуалгъ фыдракæнд æрцыд, уый тыххæй æвдисæндартæ. Аразджыты ныхасмæ гæсгæ, проекты æппæт уагæвæрдты фæдыл дæр разыйы дзуапп радтой «Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтæ æмæ террористон фыдракæнды хъыгдардбаййафæг адæм.
Фæстæдæр Патриарх Кирилл æмæ Уырыссаг чырыстон аргъуаны иннæ минæвæрттæ ацыдысты мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæт»-мæ. Уым дидинджытæ сæвæрдтой Хъыджы бæлас æмæ, террористон фыдракæнды амæттæгты ирвæзын кæнгæйæ чи фæмард, сæрмагонд службæты уыцы минæвæртты цыртдзæвæны раз.
Патриарх Кириллæн Дзæуджыхъæуы цы фембæлдтытæ уыд, уыдонæй иу сарæзтой Аланыстоны епархийы бæстыхайы. Уыцы фембæлды архайдтой Александр Новак, Юрий Чайка, Сергей Меняйло, Уæрæсейы либералон-демократон партийы сæрдар Леонид Слуцкий æмæ Дзæуджыхъæу æмæ Аланыстоны архиепископ Герасим.
Фембæлды архайджытæ æркастысты аргъуан æмæ паддзахадон структурæты æмархайды, иумæйаг социалон проекттæ æмæ культурон-хъомыладон программæтæ æххæст кæныны фарстатæм. Ныхасы рæстæг сæрмагонд æргом здæхт æрцыд алы динты минæвæртты æхсæн æмбарынад фидардæр кæныны хъуыддагмæ.
Патриарх Кирилл йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй разыйæ баззад Цæгат Ирыстонмæ йæ балцæй. «Ирыстоны мын цы фембæлдтытæ уыд, уыдон мын фадат радтой бынæттон цæрджыты сыгъдæгзæрдæдзинад æмæ адæмуарзонад ирдæй банкъарынæн. Æмæ кæд ацы фæрныг бынаты алы динты минæвæрттæ цæрынц, уæддæр уыдон алкæддæр иумæйаг æвзаг ссарынц. Уый уæлдай ахадгæ æууæл у», — бафиппайдта Патриарх.
Фембæлды кæронбæттæны йæ раныхасы Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бæрæгбоны кадæн арæзт мадзæлтты ‘хсæн сæрмагонд вазыгджын бынат бацахсдзæн Уæрæсе æмæ Мæскуыйы Патриархы балц Ирыстонмæ.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here