Джеоргуыба

0
268

Ирон адæм афæдзы дæргъы цы бæрæгбæттæ фæбæрæг кæнынц, уыдоны ‘хсæн ирдæй бæрæг дары, се ‘ппæтæй кадджындæр æмæ ахсджиагдæр у Джеоргуыбайы бæрæгбон. Кæд бæрæгбон Джеоргуыба хуыйны, уæддæр конд цæуы Уастырджийы цытджын номыл. Æмæ нæм тагъд Уастырджи йæ урс æфсургъæй æрфистæг уыдзæн Ирыстоны зæххыл, æмæ æнæхъæн къуыри уардзæн ирон дзыллæйæн фарн æмæ амонд. Уыцы рæстæг æм алы ирон хæдзар сæ æртыгай кæрдзынтæ æмæ бæгæныйы Уацамонгæйæ табу кæндзысты. Гъемæ, цæмæ бæллынц, уый сæ къухы куыд бафта, цæмæй тæрсынц, уымæй та хызт куыд уой, ахæм арфæтæ сын Уастырджи ракæнæд!

Хуыцау цы зæдтæ æмæ дауджытæ сфæлдыста, уыдонæй се ‘ппæтæй сæйрагдæр æмæ хæстæгдæр Хуыцауæн йæхимæ, стæй ирон адæммæ дæр у Уастырджи. Дзурынц, Хуыцауы уынаффæдоны, дам, Уастырджи фæбады Хуыцауы рахиз фарс, мæнæ ирон фынгыл дыккаг хистæр куыд фæбады, афтæ. Æмæ уый нысан кæны, Хуыцауæн йæ фыццаг хæдивæг Уастырджи кæй у, уый. Уастырджи у нæлгоймæгты зæд, йæ бархъомыс ма дары мæгуыртыл, бæлц- цæттыл æмæ хæстон адæмтыл дæр. Ирон сылгоймæгты цæсты та бынтон кадджын у, æмæ йын йæ ном комкоммæ дзурын уайсадгæ кæнынц, фæлæ йæ фæсномыгæй, фырбуцæн хонынц Лæгты дзуар. Ирон дзыллæ кад æмæ нымд Уастырджийæн кæй кæнынц, уый ирдæй æвдыст фæцæуы цины фынгыл, хистæр дыккаг гаджидау йæ номыл кæй рауадзы, уымæй. Уæдæ, ахæм хъæу, сахар æмæ ком Ирыстоны нæ разындзæн, æмæ дзы Уастырджийы номыл кувæндон ма уа. Се ‘ппæтæй зындгонддæр сты: Къобы Уастырджи, Хетæджы Уастырджи, Дзывгъисы Уастырджи, Беслæныхъæуы Уастырджи, Дурджын Бæрзонд Уастырджи æмæ афтæ дарддæр. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ хъæубæстæм ног чындз йæ къах куы æрбавæры, уæд æй Уастырджийы кувæндонмæ бахонынц, æмæ йæ дзуарыл бафæдзæхсынц, цæмæй цы къонамæ æркуывта, уым амондджынæй цæра æмæ йын тырынтæ фылдæр райгуыра.
Джеоргуыбайы бæрæгбон адæм тынг рагæй бæрæг кæнынц. Кæнынц æй иууылдæр, хохæй, быдырæй, чырыстонæй, пысылмонæй, мæгуырæй, хъæздыгæй. Фæсарæнты цы ирæттæ цæры, уыдонæй дæр рохуаты нæу бæрæгбон. Уымæн æвдисæн у, «Иры Стыр Ныхас»-мæ ирон диаспорæтæ цы фыстæджытæ æрбарвитынц, уый. Бафиппайын хъæуы уый дæр, æмæ Ирыстоны цы адæмыхæттытæ цæры, уыдон дæр кад кæнынц Джеоргуыбайæн æмæ йын фæбæрæг кæнынц йæ кувæн къуыри.
Кæй зæгъын æй хъæуы, раздæр заманты ацы бæрæгбон бирæ бæркадджындæрæй бæрæг кодта. Уæд алы хæдзар дæр, кæд цыфæнды мæгуыр цард кодта, уæддæр-иу хæсы дæр бацыд, самал-иу кодта нывондаг æмæ йæ йæ бæрæгбоны акусарт кодтаид. Кусæрттæгтæ та уыдысты: галтæ æмæ нæл фыстæ (фыркъатæ), сылвос нывонд ничи кодта. Нæлвос та нывонд уымæн кодтой, æмæ, дам, уæд Уастырджийæн уæлдай барст уыдзæн уыцы кусæрттаг. Уымæй уæлдай, кодтой хъæугуывдтæ. Хъæугуывдтæн та стыр ахадындзинад ис, уым, фынгыл бадгæйæ, цæхх, къæбæрæй иумæйагæй саходын, уый ардбахæрдæй уæлдай нæу. Ныры дуджы, ацы хъæугæ мадзал мынæг кæнын райдыдта. Кæд ма хæхбæсты цы хъæутæ ис, уымыты кæнынц хъæугуывдтæ, æндæр быдыры хъæуты сæ кой дæр нал ис. Ныры дуджы кусарт акæнын бирæты къухы не ‘фты, фæлæ уæддæр балхæнынц æртæ фæрсчы, æмæ афтæмæй батабу кæнынц Стыр Хуыцау æмæ Уастырджимæ.
Бирæты, уæлдайдæр фæсивæды, фæфæнды, Уастырджийы фæлгонц цы хуызæн у, цавæр æфсургъыл фæбады, уый базонын. Ахуыргæндтæ куыд дзурынц, афтæмæй Уастырджи йæхи равдисы бæзæрхыг, хæрзконд, хæрзуынд, урсзачъе йæ кары чи бацыд, ахæм нæлгоймаджы хуызы, бады урс æфсургъыл. Бирæтæ йæ нывты æвдисынц, стæй дзурынц, Уастырджи, дам, æртæкъахыг бæхыл бады. Æмæ уый мæнмæ раст нæ кæсы. Хуыцау бæхы цыппаркъахыгæй сфæлдыста, æмæ иу къахцух куы фæуа, уæд уæнгхъуаг у, æмæ уый низджын, сахъат бæхыл нымад у. Æмæ уæд нæ зæдты хистæр, бæхарæхæй, цæмæн хъуамæ бада сахъат бæхыл! Ууыл цæуылнæ ахъуыды кæнынц, ныв æй чи фæкæны, æмæ йын йæ бæх æртæкъахыг чи хоны, уыдон?! Уастырджийы бæх у бæхтæн сæ тæккæ хуыздæр, дугъы уайагдæр. Ахæм бæх хуыйны æфсургъ.
Таурæгъты куыд дзурынц, уымæ гæсгæ, дам, йæ бæхыл базыртæ ис, æмæ уый, æцæгæйдæр, раст у, кæннод æнæбазыртæй куыд хъуамæ тæха! Фæлæ йæ æртæкъахыг кæй схуыдтой, уый рæдыд хъуыды у. Ам хабар æндæр мидæг ис. Тæхгæ-тæхын, йæ бæхы цæфхæдтæ æндон кæй сты, уый тыххæй цæхæртæ калынц, цыма сæ арт цæуы, уыйау. Æмæ уымæ гæсгæ йæ нæ фыдæлтæ схуыдтой æртæкъахыг нæ, фæлæ æрткъахыг бæх, æмæ ацы дзырдты мидис раст æмбарын хъæуы, зыгъуыммæтæ йæ цæмæн кæнæм!
Ноябры мæй ирон адæм дыууæ хуызы хонынц: Джеоргуыба æмæ Чындзæхсæвты мæй. Мæй Джеоргуыба цæмæн хуыйны, уый алчидæр зоны, фæлæ чындзæхсæвты мæй цæмæн хуыйны, уый бирæтæн зындгонд нæу. Ноябр у фæззæджы фæстаг мæй. Фæззæг та бæркадджын вæййы алцæмæй дæр. Уымæ гæсгæ-иу чындзæхсæв скæнынмæ чи хъавыд, уый æвзæрста ацы мæй, æмæ йæ уымæн схуыдтой Чындзæхсæвты мæй. Адæмы ‘хсæн ма зарæг дæр куы ис: «Бæркадджын фæззæджы чындзæхсæв скæндзыстæм». Стæй адæмы ‘хсæн баззад уырнынад: Джеоргуыбайы бонты æрхаст чындз, дам, тырынтæ арæг вæййы. Уымæ гæсгæ алчидæр тырныдта, цæмæй ацы мæй чындзæхсæв скодтаид.
Æрбахæццæ нæм кæны, афæдзы дæргъы, зæрдиагæй цы бæрæгбонмæ фенхъæлмæ кæсæм, уый — Джеоргуыбайы бон. Ацы бæрæгбонæн ис йæхи фæтк, æмæ йæ хæссæм нæ газеткæсджыты размæ.
Джеоргуыба (Гал кусартгæнæн хуыцаубон) райдайдзæн 20 ноябры, хуыцаубон). Ацы гал нывонд кæмæ вæййы Уастырджийы номыл, уыдон æй акусарт кæнынц. Фыс (фыркъа) нывонд кæмæ уа, уыдон та йæ къуырисæры акусарт кæндзысты.
Уастырджимæ кувæн æхсæв уыдзæн 21 ноябры, изæрæй, дыццæгæхсæв. Ацы æхсæв хæдзары бинонтæ сæхи бафæдзæхсынц Уастырджийыл, хонгæ никæй кæнынц.
Уастырджимæ кувæн къуыри, 21-27 бонты. Ацы къуыри сыхæгтæ, хæстæджытæ, зонгæтæ кæрæдзи рахон-бахон фæкæнынц, æмæ иумæйагæй фæбадынц бæркадджын фынгтыл, фæкувынц Стыр Хуыцау æмæ Уастырджимæ.
Уастырджийыл хи фæдзæхсæн, 27 бон, хуыцаубоны. Ацы бон, Уастырджийы афæндараст кæныны агъоммæ, бинонтæ сæхи бафæдзæхсынц Уастырджийыл, цæмæй сын афæдзы дæргъы ахъазгæнæг уа.
Уастырджийы фæндарастгæнæн бон, 28 ноябры, къуырисæры изæрæй æнæхъæн къуыри Уастырджи вæййы Ирыстоны зæххыл, æмæ адæмæн фарн æмæ амонд фæуары, æмæ йæ уый фæстæ афæндараст кæнын фæхъæуы. Алы бинонты хæс дæр у, цæмæй йе ‘ртæ кæрдзынæй æмæ бæгæныйæ Уацамонгæйæ йæ афæндараст кæна.
Уастырджийæн æвидигæ аргъ кæй кæнынц, нæ царды ахсджиаг бынат кæй ахсы, ууыл хъуыды кæнгæйæ йыл ныффыстон, мæнæ ацы рæнхъытæ æмæ сæ газеткæсджыты размæ хæссын.
Ирыстоны зæхмæ та ногæй
Æртахти нæ
фыдæлты зæд.
Цин ыл кæнæм
ногæй, зæрондæй,
Амонд хæссæг нын уæд!
Кæд бæрæгбоныл у нæ ныхас, уæддæр нæ сагъæс, нæ мæт сты, Ирыстонæй хæсты цæхæрмæ цы фæсивæды акодтой, уыдон. Ирон адæм кувæг сты, æмæ кувæм, паддзахæдтæ куыд бафидауой, се ‘хсæн хæрзаудæны æнкъарæнтæ куыд фæтыхджын уой, æмæ зæххыл сабырдзинад куыд æрфидар уа, ахæм арфæтæ нын не Сфæлдисæг ракæнæд! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд нæ алкæй дæр!

Хæмыцаты Раман,
Рахизфарсы районы «Ныхас»-ы ирон
æгъдæутты комитеты сæргълæууæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here