Коррупцийы ныхмæ ахадгæ мадзæлттæ

0
196

Цæгат Ирыстоны ацыд, » Коррупцийы ныхмæ профилактикæ æмæ нырыккон информацион технологитæй пайда кæныны» наукон-практикон конференци. Видеобастдзинады мадзалы архайдтой УФ-йы Президенты Управленийы коррупцийы ныхмæ фарстаты фæдыл референт Виталий Белинский æмæ УФ-йы Президенты Управленийы аналитикон-организацион методикон ифтонгады Департаменты сæйраг уынаффæгæнæг Андрей Цветков.

Мадзал арæзт цыдис нæ республикæйы коррупцийы ныхмæ фарстаты фæдыл РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы управленийы хъæппæрисæй. Æмбырды ма архайдтой, УФ-йы Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады коррупцийы ныхмæ политикæйы хайады хицау Алинæ Боченина, УФ-йы Президенты æххæстбарджын минæвары æххуысгæнæг Цæгат Кавказы федералон зылды Наталья Стогова, РЦИ-Аланийы сæйраг федералон инспектор Сергей Гончаров, Цæгат Кавказы регионты ведомствæты, Краснодары крайы æмæ Тульскаг облæсты минæвæрттæ.
Ныхас цыдис, коррупцийы ныхмæ архайды нымæцон платформæтæй пайда кæныны темæйыл: паддзахадон æмæ муниципалон нысаниуæджы æлхæнинæгты мадзæлтты коррупцийы ныхмæ информацион уагæвæрд «Посейдон» æй пайда кæныны мадзал.
Нæ республикæйы Сæргълæууæджы номæй конференцийы архайджытæн арфæйы ныхæстæ бакаст РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим.
— Нымæцон дуджы цæрæм, царды æппæт архайды ногдæр уагæвæрдты æмæ æрвылбон технологон рæзты рæстæг. Информацион технологитæй пайда кæнын нын фадат дæтты коррупцийы фæзынд ирддæр бæрæг кæнынæн, нæ куысты бæрæггæнæнты рæзты процессмæ адæймаджы ахадындзинад куыд нæ хæццæ кæна, уыцы хъуыддагæн. Уырны мæ, конференцийы гæнæн кæй уыдзæн профилон дæлхайæдты дæснытæн æнтыстджын куыстæн, — фыст уыдис Сергей Меняйлойы фыстæджы.
Конференци гом кæнгæйæ, Гобеты Ибрагим фæнысан кодта темæйы ахадындзинад æмæ зæрдыл æрлæууын кодта, коррупцийы ныхмæ 2021-2024 азтæн арæзт кæй æрцыд Националон пъланы æнæхъæн хай.
Ацы аз, апрелы нæ бæстæйы Президент бафыста, «Коррупцийы ныхмæ архайды фæдыл паддзахадон информацион уагæвæрд «Посейдон», — зæгъгæ, Указ. Гобеты Ибрагим куыд загъта, афтæмæй, ацы уагæвæрды фæрцы коррупцийы ныхмæ архайды куыст ахъаззагдæр уыдзæн.

Нæ республикæйы Сæргълæууæг ма фæбæрæг кодта ноджыдæр иу ахсджиаг къабаз. Паддзахадон æмæ муниципалон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ æмæ контракттæ бафыссыны къазнаимæ æмархайды мадзæлттæ. Гобеты Ибрагимы ныхæстæм гæсгæ, ацы процедурæтæй пайда кæныны хъуыддаг фадат дæтты паддзахадон заказтæ æххæст кæныны фарста бæрæгдæр æмæ ирддæрæй æвдисынæн, у коррупцийы ныхмæ сæйрагдæр мадзæлтты инструмент.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here