Боны фæткы — Уæрæсейы Президенты амынддзинæдтæ

0
190

Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Максим Владимировы разамындæй Дзæуджыхъæуы цы кусæг æмбырд уыд, уым ныхас рауад Цæгат Ирыстоны дарддæры социалон-экономикон райрæзты фæдыл Владимир Путины амынддзинæдтæ æххæст кæныныл.

 

Дзанайты Барисы разамындæй фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады уæнгтæ.
Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов йæ раныхасы бæстон æрлæууыд æнæниздзинад хъахъхъæнынады уагæвæрды фыццаградон къæпхæны модернизацийы программæйы уагæвæрдтæ æххæст кæныныл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, программæйы фæлгæты республикæйы хъæуты арæзт цæуынц фелсырон-акушерон пункттæ. Уыцы медицинон кусæндæтты арæзтад цæуы сæрмагонд пъланты бындурыл. Уыимæ, ног арæзт фелсырон-акушерон пункттæ афойнадыл ифтонггонд цæуынц хъæугæ медицинон техникæйæ, рагагъоммæ нысангонд æрцæуынц, чи дзы кусдзæн, уыцы специалисттæ дæр.
Дарддæр æмбырды раныхас кодта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Министры доклад баст уыд бирæфатерон цæрæн хæдзæртты бындурон рацарæзты регионалон программæ æххæст кæнынимæ. Тамайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, бирæфатерон цæрæн хæдзæртты бындурон цалцæджы программæйы уагæвæрдтæ æххæст кæныны фæтк хуыздæргæнгæ цæуы. Цалцæгæй уæлдай, ахадгæ куыст цæуы, зæгъæм, лифтты хæдзарады нывыладыл. Ныридæгæн бирæ хæдзæртты æвæрд æрцыд ног лифттæ æмæ уыцы куыст адарддæр кæндзысты.
Дзæуджыхъæуы раздæры бырондоны рекультиваци куыд цæуы, уый тыххæй радзырдта республикæйы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Кокуаты Витали. Ведомствæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, цардархайды хауæццæгты зæронд полигоны рекультиваци цæуы пъланы бындурыл. Уыимæ, ацы объектыл æппæт нысангонд куыстытæ дæр хъуамæ ахицæн уой азы кæронмæ. 2023 азы та министрад бавналдзæн, Æрыдоны, Беслæны, Дигора æмæ Алагиры æнæзакъонæй цы бырондæттæ фæзынд, уыдон аиуварс кæнынмæ.
Министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджыты дзуаппытæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй боны фæткмæ хаст фарстатæ уæлдай ахсджиаг сты республикæйæн. «Æппæт амынд программæтæ æмæ хицæн объекттæ комкоммæ ахадынц республикæйы адæмы царды уавæртыл. Уыцы æууæл хынцгæйæ, алкæцы фарстамæ дæр ис комкоммæ цæстдард республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы ‘рдыгæй», — бафиппайдта Дзанайы-фырт.

Сланты Аслан

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here