Иудадзыг цæстдард

0
141

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд амыдта, уый архайджытæ се ‘ргом аздæхтой нæ республикæйы социалон-экономикон райрæзты фарстатæм, сæрмагондæй æрдзырдтой бирæ вазыгджын хъуыддæгтыл — бюджеты ‘хсæн ахастдзинæдтыл, алфамбылай æрдз хъахъхъæныныл, æнæниздзинад, фæндæгты арæзтад æмæ æндæртыл.

Закъон куыд домы, афтæмæй нæ республикæйы цæрджытæй бирæтæ барвæндонæй радтой, æнæзакъонæй кæмæй пайда кодтой, уыцы хæцæнгарз, рæмудзæнтæ, æндæр æрмæг. Уыцы æрхъуыдыдзинады тыххæй сын æмбæлы æхца радтын, æмæ сæ райсдзысты.
Алагиры, Æрыдоны, Дыгуры æмæ Рахизфарсы районты цы бырондæттæ сæвзæрд, уыдон аиуварс кæнын, цæмæй алфамбылай æрдзæн мацы зиан хæссой. Ацы æмæ æндæр хъуыддæгтæ арæзт цæудзысты, 2020-2025 азты алфамбылай æрдз хъахъхъæныны РЦИ-Аланийы паддзахадон программæмæ гæсгæ.
Регионалон программæ «РЦИ-Аланийы фæлхасгæнджыты бартæ æххæст кæнын»-ы бындурыл алывæрсыг æххуыс уыдзæн базарады къабазы райрæзтæн.
Хойраг æмæ æндæр товартæ уæйгæнæн базарты æнæкъуылымпы куыст фадат ратдзæн уæйгæнджытæ æмæ æлхæнджытæн дæр сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн.
Æмбырды архайджытæ сразы сты, ныртæккæ Уæрæсейы æфсады рæнхъыты Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, хайгай æрсидт, кæнæ та контрактмæ гæсгæ, уыдоны паддзахадон исбонадæн арендæйы фиддонтæй суæгъд кæныныл æмæ сын афтæмæй баххуыс кæныныл.
Боны фæткыл дзургæйæ, рæгъмæ рахастой, РЦИ-Аланийы профессионалон службæты ирвæзынгæнджытæн æрвылмæйон фиддонтæ — 14 44 сомы уæлæмхасæн дæттыны фарста.
«2016-2024 азтæм РЦИ-Аланийы граждæнты хæрзвадатæн цæрæнуæттæ радтыны» паддзахадон программæйы бындурыл, ипотекæйæ хæдзар чи исы, уыдонæн сæрмагонд субсиди иу милуан сомы радтыны номхыгъд бацæттæ кодтой. Афæдзы райдайæнæй 40 бинонтæ ахæм паддзахадон æххуыс райстой.
Ныхас ма цыдис ног автотранспортыл, фæндæгтæ фæлладуадзæн бынæттæм аразыныл, æгуыст адæмæн æххуыс кæныныл.
Паддзахадон Эрмитажы цæттæ кæнынц равдысты проект «Аланты паддзахады хæзнатæ». Йæ бацæттæ кæныныл ныхас цыдис.
Дзанайты Барис æмбырды архайджытæн бахæс кодта, æппæт нысантæ æмæ мадзæлттæ афойнадыл кæнын, нысангонд бæрæггæнæнтæ сæххæст кæнын. — Алы фарстамæ дæр, æнæмæнг хъуамæ цæуа иудадзыг цæстдард, — загъта Хицауады Сæрдар.

Гугкаты Жаннæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here