Сæвзæргæ эпидемиологон уавæр, ахуырадон кусæндæтты цалцæг, хæххон хъæуты цæрджыты ифтонгад хостæй…

0
207

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд республикæйы Хицауады уæнгтæ æмæ муниципалитетты разамонджыты æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Фембæлды архайджытæ æркастысты сæвзæргæ эпидемиологон уавæры, ахуырадон кусæндæтты цалцæджы, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн уæлæмхасæн æххуысы, хæххон хъæуты цæрджытæн медицинон лæггæдтæ кæнын æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæм.

«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Тыбылты Алан куыд фехъусын кодта, афтæмæй ивгъуыд къуырийы дæргъы иуцасдæр фæфылдæр фæззыгон-зымæгон рæстæджы хæцгæ низтæй рынчын адæмы нымæц. Управленийы хицауы ныхасмæ гæсгæ, грипп æмæ æндæр ахæм низтæ уæлдай тынгдæр фæзындысты сывæллæттыл. Сæвзæргæ эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ивгъуыд къуырийы кæрон ахуырадон процесс рæстæгмæ урæд æрцыд 1 скъолайы, 22 рæвдауæндоны, 15 хицæн кълас æмæ рæвдауæндæтты 8 къорды (зындгонд куыд у, афтæмæй кусæндон (кæнæ йæ дæлхайад) рæстæгмæ æхгæд æрцæуы, йæ ахуырдзаутæ кæнæ йæ хъомылгæнинæгтæй 20 процентæй фылдæр куы фæрынчын уой, уæд).
Сæвзæргæ эпидемиологон уавæрыл дзургæйæ, республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ куыд бафтыдта, афтæмæй къуырисæры рæстæгмæ ноджыдæр ма сæхгæдтой 1 скъола æмæ 1 рæвдауæндон.
Профилон ведомствæты минæвæртты дзуаппытæм байхъусгæйæ, Сергей Меняйло «Роспотребнадзор» æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнынады разамындæн бахæс кодта, цæмæй сæвзæргæ эпидемиологон уавæрмæ уа уæлдай бæстон цæстдард — куы бахъæуа, уæд иу кæнæ иннæ ахуырадон кæнæ хъомыладон кусæндон æвæстиатæй рæстæгмæ æхгæд æрцæуой, цæмæй низæфтауæг къаддæр апарахат уа.
Зындгонд куыд у, афтæмæй æрæджы республикæйы Сæргълæууæг боны фæткмæ рахаста сывæллæтты рæвдауæндæтты бындурон цалцæджы фарста. Уæд Сергей Меняйло Хицауады уæнгтæн радта бæлвырд амынддзинæдтæ. Æмæ ныр ацы æмбырды архайджытæ уыцы фарстамæ ногæй раздæхтысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй фыццаградон æгъдауæй сцалцæг кæнын хъæуы 30 рæвдауæндоны. Уыцы нысаныл бакусынæн арæзт æрцæудзæн сæрмагонд республикон программæ.
— Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй программæйы уагæвæрдтæ æххæстгонд цæудзысты 2023-2025 азты. Уыимæ, мах æппæт хъарутæй бацархайын хъæудзæн, цæмæй программæмæ æргом здæхт æрцæуа профилон федералон ведомствæты ‘рдыгæй дæр, — фидæны программæйы уагæвæрдтыл дзургæйæ, фæнысан кодта Сергей Меняйло.
Дарддæр æмбырды раныхас кодта республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин. Министрæн йæ раныхас баст уыд скъолаты цалцæджы программæ æххæст кæнынимæ. Моргуайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, 20 декабры онг бындурон цалцæджы фæстæ ногæй байгом уыдзысты Дзæуджыхъæуы 16-æм гимназ æмæ 24-æм скъола, стæй Цыколайы, Советское æмæ Мызуры скъолатæ.

Сергей Меняйло республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбегæн бахæс кодта, цæмæй профилон министрады разамындимæ бабæрæг кæна амынд объекттæ. «Куы бахъæуа, уæд бынæттæм арвитут уæлæмхасæн кусæг тых дæр, цæмæй нысангонд æмгъуыдтæм скъолатæ ногæй байгом уой. Уыимæ, зæрдыл лæууын кæнын, цалцæджы фæстæ алкæцы скъолайы дæр зынгсирвæзтытæй æдасдзинады системæтæ æвæрд кæй хъуамæ æрцæуа, уый», — бафиппайдта республикæйы разамонæг.
Уымæй уæлдай, Сергей Меняйло профилон ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй ацы азы пълантæм хаст ахсджиаг социалон объекттæ цалцæджы фæстæ ацы мæй байгом уой.
Уый фæстæ æмбырды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг службæгæнджыты æмæ чи фæмард, уыцы хъæбатырты бинонтæн уæлæмхасæн социалон æххуысы фарстамæ. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, амынд фарста ахадгæдæр хуызы лыг кæныны нысанимæ амынд къорды алкæцы бинонтæн дæр хъуамæ арæзт æрцæуой социалон паспорттæ.
Фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй фæззæджы мæйты Гæрзифтонг тыхтæм кæмæ æрсидтысты æмæ ныртæккæ сæрмагонд æфсæддон операцийы чи архайы, уыцы ирыстойнæгты бинонтæн ныридæгæн сарæзтой социалон паспорттæ. Министры ныхасмæ гæсгæ, уыцы бинонтæн ныридæгæн социалон æххуысы хуызы байуæрстой фæйнæ 30 мин сомы дæр. Дарддæр Айдарты Алинæ куыд радзырдта, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг уæлæмхасæн социалон æххуыс бакæндзысты 27 бинонтæн. Уыимæ, ведомствæйы минæвæрттæ дарддæр иртасынц амынд къорды бинонты уавæр, бахъуаджы сахат сын уыдзæн хъæугæ æххуыс.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан йæ раныхасы æргом аздæхта дæрддзæф хъæуты цæрджыты хостæй ифтонг кæныны фарстамæ. Министры ныхасмæ гæсгæ, азы кæронмæ ноджыдæр ма цалдæр хæххон хъæуы байгом уыдзысты 9 афтекон пункты. Æмткæй райсгæйæ, 2022 азы дæргъы дæрддзæф хъæуты кусын райдыдтой 40 ахæм пункты. Министр æрлæууыд тагъд медицинон æххуысы службæйы ифтонгады фарстайыл дæр. Афтæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг республикæ ноджыдæр ма райсдзæн тагъд медицинон æххуысы 12 ног хæдтулгæйы. «Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй 2023-2025 азты та æлхæд æрцæудзысты 20 ахæм хæдтулгæйы», — загъта Тебиаты Сослан.Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой æндæр фарстатыл дæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here