Якутийы рамбылдтой дæс хæрзиуæджы

0
2096

Республикæ Саха-Якутийы ивгъуыд къуырийы фæстаг бонты уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты зындгонд якутскаг богал, Уæрæсейы цалдæр хатты чемпион, дунеон чемпионаты 3-аг бынат бацахсæг Петр Юмшановы номыл Æппæтуæрæсеон турниры ерыстæ.

Турниры архайдтой Уæрæсейы 17 регионы богæлттæ. Ирыстойнаг богæлттæ турниры уыдысты дыууадæсæй. Нæ командæйы сæргълæууæг, Уæрæсейы сгуыхт тренер Æрчъегкаты Тотрадз нæ лæппуты архайды тыххæй загъта: «Нæ богæлтты ‘хсæн уыдысты цалдæр фæсивæдон кары лæппуйы æмæ цы 4-5-гай хатты рацыдысты гауызмæ, уым сæхи равдыстой сæрæнæй. Нæ лæппутæ рамбылдтой цыппар сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ цыппар бронзæ майданы. Амæй размæ Петр Юмшановы номыл турнир æртæ хатты цыди Саха-Якутийы сæйраг горæт Якутскы, ныр та арæзт æрцыд йæ райгуырæн хъæу (якутагау улус) Намцыйы. Уым цы уавæртæ уыд, ерысты архайджытæ æмæ æппæт уазджыты дæр куыд суазæг кодтой фысымтæ, уыдонмæ фау æрхæссæн нæй. Кæд уазал дыууиссæдз градусмæ хæццæ кодта, уæддæр фысымты узæлды фæрцы уазджытæ не стыхстысты. Иу ныхасæй, мах тынг разыйæ баззадыстæм нæ якутаг фысымтæй. Ерыстæ дæр рауадысты цымыдисаг. Сæ уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæ майдантæ, грамотæтæ æмæ кубоктæй уæлдай хорзæхджын систы æхцайы премитæй дæр».
Петр Юмшановы номыл турниры ирон богæлттæй 1-аг бынæттæ бацахстой 79 кг онг уæзы — Джиоты Сæлæмæт, 86 кг — Багаты Арслан, 97 кг — Джыккайты Тамик, 125 кг — Бестауты Андрей.
2-аг бынæттæ æмæ æвзист майдантæ рамбылдтой Хъызынты Дзамболат (65 кг) æмæ Сечъынаты Георги (70 кг).
3-аг бынæттæм рацыдысты æмæ бронзæ майдантæй хорзæхджын систы Бæдтиаты Алик (79 кг), Кцойты Алихан (92 кг), Коцойты Тамерлан (97 кг) æмæ Къæбысты Дэвид (125 кг).
Иннæ æхсæз уæзы 1-аг бынæттæ бацахстой: 57 кг Айаал Белолюбский (Саха-Якути), 61 кг — Александр Авелов (Саха-Якути), 65 кг — Булат Баясхалонов (Бурятты Республикæ), 70 кг — Олег Фомин (Саха-Якути), 74 кг — Сайпула Алибалатов (Дагестан), 92 кг — Никита Сафонов (Саха-Якути).

Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here