Арфæтæ — æфсæддон операцийы архайджытæн

0
259

Сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы архайгæйæ, æхсар æмæ лæгдзинад чи равдыста, уыцы службæгæнджытæн Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло сæ фембæлды рæстæг саккаг кодта Уæрæсе æмæ Ирыстоны паддзахадон хæрзиуджытæ.

Зæгъæм, Уæрæсейы Президенты Указæй Хъæбатырдзинады орден лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады кусæг — пъæлицæйы майор Джиоты Левæн.
Фембæлды архайдта нæ республикæйы мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, мидбæстон службæйы булкъон Цыбырты Таймураз.
Иннæ фембæлды архайæг та уыд сæрмагонд æфсæддон къорд «Ныббырст-Ирыстон»-ы командæгæнæг Цгъойты Игор. Ацы къорд дæр архайы Донбассы сæрмагонд æфсæддон операцийы.
Йæ хъæбатыр æмæ хъæппæрисджын архайды тыххæй Цгъойы-фыртæн лæвæрд æрцыд орден «Ирыстоны Намыс».
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here